Ног хабæрттæ
Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны COVID-19-ы тыххæй видеохъусинаг ахæлиу кодта
«Гуырдзыстон, у æппæты хуыздæр бынат, цыран гæнæн ис æмæ уыдаин ацы зын рæстæджы», - загъта Евроцæдисы минæвар, Карл Гарцел видеохъусинаджы. Уый аргъ кæны ковид-19-ы ныхмæ, Гуырдзыстоны эффектон тыхархайдæн æмæ сиды алкæмæ дæр, цæмæй аудой кæрæдзийыл.

Кæс текст:

Дæ бон хорз, еныр æз уемæ хæдзарæй ныхас кæнын. Абон æцæгæйдæр æнæпрецедентон период у, куыд Гуырдзыстонæн, афтæ æппæт дунейæн. Корна вирусæй расайгæ пандеми дунейы йæ сæрыл систа. Ацы расайдыл хуымæтæг дзуапп нæй. Мах, Евроцæдисы бæстæты минæвæрттæ, ай æвæццæгæн иннæтæй хуыздæр зонæм – Италийæ, æмæ Испанийæ райст бæрæггæнæнтæ амæн бæлвырдгæнæнтæ сты.

Ацы контексты мæн фæнды раарфæ кæнон Гуырдзыстоны хицауадæн раст фæндаг кæй сывзæрста, кæцы рагон æмæ активон архайды равдыста. Афтæ-ма, мæ фæнды бузныг зæгъын Гуырдзыстоны цæрджытæн, кæцытæ йæ фарс хæцынц хицауады ахæм уынаффæтæн æмæ бæрндзинадæй кæй æххæст кæны хисæрмагонд хæсты вирусы хæлукæнынады æруромынæн.

Фæнды мæ спайда кæнон ацы гæнæндзинад æмæ мæ зæрдæйы цин равдисон медицинон къабазы кусджыты ‘рдæм, дохтырты, медицинон хоты, барадхъахъхъæнджыты, арæнгæсты æмæ ацы уыцы адæймаджы рдæм, кæцы ацы бонты æнæбафæллайгæйæ фыдæбон кæны æмбæстæгты æдасдзинадæн. Ацы кризис æрмæст адæмæгты æнæниздзинадмæ нæ хауы, фæлæ ма, хауы ноджы экономикæйы кризисы расайдмæ. Мæнæн стыр цыт у, бакусон æндæр æхсæнадæмон партнертимæ иумæ – Гуырдзыстоны хицауады къухдариуæгæй – хъæугæдзинæдты æмæ сомбоны фæндæгтыл рацæуынæн.

Евроцæдис Гуырдзыстоны фарсмæ лæууы. Евроцæдис Гуырдзыстоны æппæтæй егъаудæр донор æмæ æппæтæй фидардæр партнер у æмæ ай фидæны дæр адарддæр уыдзæн. Мах æнхъæлмæ кæсæм специалон мадзæлтты райсынмæ, экономикæйы, бизнесы æмæ æхсæнады æппæты лæмæгъдæр къордæн баххуыс кæнынæн. Ай æнæмæнгæй иттæг дæргъвæтин процесс уыдзæн, фæлæ ацы процессы иумæ уыдзыстæм.

Ай у рæстæг, цæмæй мах кæрæдзийыл хъуамæ аудæм. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Гуырдзыстон у, æппæты хуыздæр бынат, цыран гæнæн ис æмæ уыдаин ацы зын рæстæджы. Уæхи бахъахъхъæнут æмæ адарддæр кæнут иумæйаг тыхархайд. Стыр бузныг.

Print