Ног хабæрттæ
Лигъдон сылгоймаг къулабайы æмбырд æхцайæ цæрæнуаты цæрджытæн продукттæ балхæдта
Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг Кавтариа Дареджан йæхи сæрмагонд къулабайæ райсгæ æхцатæй æндæр æмæ æндæр хуыз продукттæ балхæдта æмæ сæ лигъдон цæрджытæн байуæрста.

«Цафон æхцайыл дзырд у, адæмæн хæринаг куы нæй», - загъта уый продуктты исынмæ бацæуæг æмбæстæгтæн.

Дареджан Цхинвалæй у лигъдон æмæ 2008 азы августы хæсты фæстæ Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты цæры. Уымæн йæ иунæг æфтиаг у сыхы цы чысыл продукты магазин байгом кодта уый.

Цæрæнуаты цæрæг йæ сыхаг, уый дæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы лигъдон, Беруашвили Мариам социалон хызы фыссы:

«2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн лигъдон Кавтариа Дареджан, Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты æмбисонды хъуыддæгтæ аразы. Йæхи сæрмагонд къулабайæ райсгæ æхцайæ æндæр æмæ æндæр продукттæ балхæдта æмæ сæ бынтон æнæхцайæ æмбæстæгтæн байуæрста. Дареджанæн сыхы йæхи сæрмагонд чысыл магазин ис, æндæр æм никуыцæй ницы æфтиаг цæуы, уымæ æнæгæсгæйæ уый зæрдиагæй, зæрдæхæларæй æххуыс кæны æндæр бинонтæн. Ахæм адæймæгтæ куы уой Гуырдзыстоны, уæд нын нæдæр коронавирус æмæ нæдæр хæст исты ракæндзæн», - фыссы социалон хызы Беруашвили Мариам.
Qartli.ge-имæ ныхасгæнгæйæ Кавтариа Дареджан загъта, зæгъгæ, тынг æфсæрмы кæны æмæ ацы фарстæйы фæдыл ныртæккæ ницы зæгъдзæн.

Print