Ног хабæрттæ
«Хæдзары хъуамæ сбадæм» - дидинджытæ уæйгæнæг Гурæй
Шошиашвили Лена 33 азы дидинджыты уæйгæнæгæй кусы. Хæрзцъус цау лæууы йæ зæрдыл, тыхфæлгъуыдæй куы ныууагъта йæ куыст. Фактивонæй, августы хæсты фæстæ, ахæм ситуаци нал уыди.

«Хъуамæ бафæразæм æмæ æнæмæнгæй уæм хæдзары. Мæнæ цытæ цæуы фæсарæнты, адæм мæлынц. Æнæуи дæр цъусæй баззадыстæм, æмæ ма нæ ноджы цæгъдын хъæуы?!», - зæгъы Шошиашвили Лена.

Бæстæйы сæрмагонд уавæр расидтысты. Коронавирусы хæлиукæнынады превенцийы нысанæй Гуырдзыстоны алы базарадон объект æхгæд æрцыд, хæлцадон продуктты магазинтæй дарддæр. Гуры базары уæйгæнджыты тæрхæгтæ ныр афтид сты.

Ацы уавæры 73-аздзыд Шошиашвили Лена дæр бахаудта. Мах уыимæ сæрмагонд уавæры расидтæй фыццаг бон ныхас кодтам. Уый, цы дидинджытæ ма йын баззад æнæуæйæ, уыдонимæ хæдзармæ ацыдис, цыран йæ чызгимæ æмæ дыууæ хъæбулы хъæбулимæ иумæ цæры. Цæрæн фатер ын æххуырсты у ист. Пенси исы, цъус æм æхца дæр ис, фæлæ æххуырсты аргъ йæ бон нæ бауыдзæн бафидын. Комуналон хæрдзтæ бафыста уыцы æхцайæ.

«Коронавирусы тыххæй Гуырдзыстоны сæрмагонд уавæр расидтысты», - Шошиашвили Лена, дидинджытæ уæйгæнæг.

«Æз дæр разы дæн, хъæбул, хъуамæ хæдзары баззайæи, уымæн æмæ, афтæ фыдбылыз у,» кæсыс цы хабæрттæ ис фæсарæнты цас адæм цагъды кæнынц. Æнæуи дæр цъусæй стæм æмæ ма нæ ноджы цæгъдын хъæуы? Иу армыдзаг наци стæм, хъуамæ сбадæм хæдзары æнæмæнгæй. Веноктæ аразын. Цъæх дидинджытæ дæр иу æрбахæссын, куы фæтыхсын уæд. Ацæуын, гориджуайраг дæн, уым райгуырдтæн, ахъуыды ма кæн, ацы кары сылгоймаг æмæ быдырмæ цæуын дидинджытæ хæссынмæ. Сæ уæй кæнын дæр мын зын у, зæронд дæн. Змæстытæ куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ кусын ам. Къуырийы мидæг дыууæ-æртæ боны рацæуын. Кæрдзыны ‘хца уарын. Æххуыс мын уыди, социалонæй æнæхъахъхъæд дæн. Хæдзар мын нæй, исбон мын ницы ис. Нæдæр мын хъæу ис, нæдæр горæт. Ныфс мын æвæрдтой, хæдзар, дам, дын ратдзыстæм, фæлæ мын ницы радтой. Социалон æххуыс дæр мын сæхгæдтой, газ дам бирæ бахардз кодтай. Уазалы сæ куыд ныууадзон? Дыууæ æнахъом сывæллоны нæм ис хæдзары. Æз æмæ мæ чызг стæм, цыппарæй стæм. Æз мæ чызг æмæ сывæллæттæ. Æххуырсты цæрæм, 200 ларийы фидæм, раззаг мæй дæр мын фидинаг у, фатеры хицæуттæ Израилы сты æмæ тынг уæздан адæм сты. Кæд мæ нæ райсдзысты, уæд бæргæ хорз уаид, ацы мæй мын уæддæр куы фæхатыр кæниккой».

Print