Ног хабæрттæ
Уæлбартæ рухс æмæ æрдзон газыл Гуры цæрджытæн
Шида Картлийы фæлхасгæнджытæн электроэнергийы «Энерго-Про Джорджиа» дæтты. Мæйы мидæг 200 кв.т энергийы басудзыны цауы фидинаг уыдзæнис 36,42 лари, кæцыйы паддзахад бафиддзæнис.

Æрдзон газмæ та цы хауы, уымæй, Гуры сæйраг бадæттæг у «Сакорггаз». 200 куб.метр бахардз кæныны цауы, фидинаг уыдзæнис 109,4 лари, кæцыйы паддзахад бафиддзæнис.

Абоненттæн, кæцытæ амындгонд лимитæй фылдæр бахардз кæндзысты ресурсты, уыдонæн нæ уыдзæнис уæлбартæ.

Зæгъдзыстæм уын, æмæ 2020 азы мартъийы мæйæ майы фæудмæ, æмбæстæгтæн бæрæггонд бæрцады коммуналон фидинæгты бафидын нæ хъæудзæнис. Дзырд цæуы, æрдзон газы æмæ электроэнергийы хæрдзтыл.

Хицауады сæргълæууæджы, Гахариа Гиоргийы хъусинагмæ гæсгæ, уæлбар хауы уыцы бинонтæм, кæцы мæйы дæргъы 200 килватæй къаддæр элекроэнергийы æмæ 200 метркубæй къаддæр æрдзон газ бахардз кæндзæнис.
Хицауад ацы уынаффæ уый фæстæ райста, куыддæр бæстæйы æппæтон карантины, коронавирусы превенцийы расидтысты.

Print