Ног хабæрттæ
Чилæхсаты Галина Шаушвебы лигъдæтты цæрæндоны цæрджытæн маскæтæ лæварæн байуæрста
Шаушвебы лигъдæтты цæрæндоны цæрæг педагог Чилæхсаты Галина, цæрæндоны уæвæг хуыйæн æрмадзы маскæтæ бахуыдта æмæ сæ лигъдон цæрджытæн балæвар кодта.

Чилæхсаты Галинæйы ныхасмæ гæсгæ, маскæты сцæттæ кодтой ассоциаци «Танхмоба (разыдзинад)»-йы æмæ Гуры муниципалитеты æххуысæй.

Бæстæйы уæвæг пандемийы æмæ маскæты дефицитмæ гæсгæ, аскъуыддзаг кодтам, Шаушвебы лигъдæтты цæрæндоны уæвæг хуыйæн æрмадзы бирæхаттон пайдагæнæн маскæтæ бахуыйын æмæ сæ цæрджытæн лæварæй байуарын. Стыр бузныг ассоциаци «Танхмоба (разыдзинад)»- йæн, кæй ауды Шаушвебы лигъдæтты цæрæндоны цæрæг цæрджыты æдасдзинадыл æмæ æнæниздзинадыл», - зæгъы Чилæхсаты Галина.

Чилæхсаты Галина райгуырдис Дзауы. 2008 азы хæсты агъоммæ цардис Кемерты хъæуы. Ныртæккæ цæры Гуры муниципалитеты Шаушвебы лигъдæтты цæрæндоны.

Кæс. ацы темæйыл: сылгоймæгты сабырадон организаци гуырдзиæгты æмæ ирæтты ‘хсæн æцæгæлондзинады ныхмæ.

Print