Ног хабæрттæ
Гуры дохтыртæн фæндаггон транспорт снысан кодтой
Гуры дохтыртæн фæндаггон транспорт снысан кодтой. Ай фæдыл Qartli.ge-йæн регионалон администрацийы пресс-куыстуат фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, регионы координацион советы уынаффæйæ, автобустæ æрмæстдæр медицинон кусджытæн балæггад кæндзысты.

Зæгъдзыстæм уын, æмæ 31-æм мартъийæ, Гуырдзыстоны карантин расидтæуыд. 7 горæты та карантинон пункттæ байгом ис.

Гуры горæты бахизæны-рахизæны полицæйы æмæ хихъахъхъæнынады министрады бæрнон кусджытæ æмбæстонты, афтæ-ма уыдонмæ хаугæ автомобилты сгарынц.

Автомобилы, скъæрæгæй дарддæр ма хъуамæ уа дыууæ бæлццонæй фылдæр, уыдон дæр фæстаг бадæныл хъуамæ бадой. Афтæ-ма, гуырысхойаг цауы, æмбæстонтæн сæ тæвд барынц.

Коронавирусы хæлиукæнынады превенцийы нысанæй, Гуырдзыстоны хицауад абаргæ карз мадзæлттæ ауадзын 30-æм мартъийы аскъуыддзаг кодта, уæдæй фæстæмæ, куыддæр инфициргæндты нымæц 100-мæ схызт.
Гуырдзыстоны æппæтон карантин абон райсомæй 8 сахатæй скуыста. Изæры 21 сахатæй та, коменданты сахат архайы.

31-æм мартъийы бæрæггæнæнтæ: 18:00 сахат: коронавирусы сбæлвырдгонд цау – 110.

Уыдон æхсæн сдзæбæх ис – 21: карантины режимы – 4995.

Стационары цæстдарды бын – 278.

Print