Ног хабæрттæ
9 апрелы номарæны цытæн акци гуйраг ахуырдзаутæй
Фотойыл: 1. Бузиашвили Руска; 2. Мачабели Мари; 3. Гагишвили Нини; 4. Сидамонидзе Гиорги; 5. Майсурадзе Мариам; 6. Наочъашвили Мариам; 7. Квиникадзе Нини; 8. Одиашвили Ана; 9. Церадзе Гиорги; 10. Сидамонидзе Натиа; 11. Карумидзе Мариза; 12. Термакозашвили Кети.

Ацы рæзгæ сабитæ сты гуйраг æвзонг фæсивæд, кæцытæ хайад исынц æндæр æмæ æнæдæр проектты мидæг, тренингтыл, вæййынц æнæформалон фембæлдтыл æмæ ахуыр кæнынц æнæформалон ахуырады.
Бæстæйы карантин кæй расидтæуыд, уымæ гæсгæ, Qartli.ge-йы стажер-журналист, Церцвадзе Гиорги аскъуыддзаг кодта, йе ‘мгæрттимæ иумæ, ацы формæйæ равдыстаид бузныгад 9 апрелы фæмардуæвæг гуырдзиæгтæн. Уый фæдзырдта 11 æвзонгмæ æмæ систой фототæ. Спайда кодтой композитор Сепашвили Джемалы æнæмæлгæ зарæг «Балæвар кæнæм кæрæдзийæн тюльпантæ»-йæ иу куплет:

«Алы уарзондзинады уын аргъ кæнын,
Кувын уын æмæ мæ хъуыр сур кæны
Балæвар кæнæм кæрæдзийæн тюльпантæ,
Балæвар кæнæм кæрæдзийæн цæссыг».

«Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн куы тох кодта æгас адæм, тæхуды ахæм иудзинад ныр дæр куы уаид, уæд куыд уыд, уæд фыццаг хатт бинонты ‘хсæн фехъуыстон 9 апрелы тыххæй #Бузныг хæдбардзинадæн», - Наочъашвили Мариам.

«1989 азы 9 апрелы ССРК-йы æфсады æфсæддонтæ, Советон Цæдисæй хæдбардзинады райсыны фæдыл æрæмбырд уæвæг мингай сабырадон акцийы хайадисæг ныппырх кодта, амæттаджы хай æмæ сæ зианы бын фæкодта. 21 адæймаг фæмард ис, сæ фылдæр сылгоймæгтæ æмæ рæзгæ фæсивæд, кæцытæ тох кодтой мах сæрибардзинадæн», - Майсурадзе Мариам.

«1989 азы 9 апрелы, Тбилисы ‘рцыд тугджын цаутæ, кæцы равдысты Советон Армийы ‘рдыгæй анти-советоны, Гуырдзыстоны хæдбардзинады тыххæй арæзт сабырадон демонстрацийы ныппырх кæнын, цæй фæстиуæгæн дæр фæмард 21 адæймаджы, сæдæгай адæймаг та цæфтæ фесты... ацы информаци чысыл ма куы уыдтæн уæд фехъуыстон мæхи бинонты уæнгтæй», - Квиникадзе Нини.

«Зонын, цы ‘рцыд 1989 азы. Советон Арми ныццагъта сæрибардзинады фарсхæцæг цæрджыты, кæцытæ сарæзтой демонстраци, фæмард 21 адæймаг æмæ дзы тынг бирæ фæцæфтæ ис. Ацы темæйы тыххæй æрвыл аз дæр хъусын, æрвыл аз дæр равдисынц документалон фильмтæ ууыл æмæ ма ноджы ауадзынц семинартæ дæр», - Гагишвили Нини.

«Чысыл информаци зыдтон ай фæдыл, цалынмæ мын мæ историйы ахуыргæнæг нæ радзырдта ацы факты тыххæй. 1989 азы 9 апрелы Тбилисы уагъд æрцыд сабырадон акци хæдбардзинады домынадимæ, кæцы пырхгонд æрцыд Советон Цæдисы ‘рдыгæй. Акцийы пырхкæныны рæстæджы хъыгагæн фæхъæстæ мингай адæймаг, фæцæфтæ сæдæгай адæймаг æмæ фæмард ис 21 адæймаг. Раст у уæд æз нырма гуырд дæр нæ уыдтæн, фæлæ абон риссы мæнæй уыцы адæймæгты рыст, кæцытæ мæн æмæ мах сомбоны тыххæй сæ цард рауæлдай кодтой. Сæ разы табу кæнын сæркъулæй», - Одиашвили Ана.

«1989 азы 9 апрелы хуымæтæг æмбæстæгтæ сабырадон акци ауагътой, æнхъæлдæн æмæ дзы 21 адæймаг фæмард ис, бирæтæ дзы фæцæф ис æмæ раст уыдон хъайтардзинады фæрцы 1991 азы Гуырдзыстон хæдбардзинад райста», - Термакозашвили Кети

«9 апрелы Гуырдзыстоны нысаниуæгджын фæзынд у, уый цæдис кæны 1989/1991 азты фæзындтимæ, цыран хæдбардзинады сногкæныны тыххæй Уæрæсейы æфсады ‘рдыгæй Тбилисы 21 адæмаг фæмард ис, кæцы фæстагмæ расайдта Гуырдзыстоны хæдбардзинады сног кæнын», - Мачабели Мари.

«9 апрель нымад цæуы зæрдæрайы боныл, сагъæсдзинады боныл, мæнæн 9 апрель, æмрæстæджы, гуырындзинадимæ дæр ассоцир кæны æмæ мæлæтдзинадимæ дæр. 1989 азы 9 апрель, 21 хæрзæвзонг гуырдзиаг сæ цард рауæлдай кодтой сæрибардзинадыл тох кæнынæн, уыдон сæрибардзинады идейæйы амæттаг баисты, уыцы идейæйы, кæцы 2 азы фæстæ 1991 азы 9 апрелы реалонæй сси æмæ Гуырдзыстон сси хæдбар æмæ сæрибар бæстæ. Ай уыцы ахсджиаг фæзынд у Гуырдзыстоны историйы, кæцыйы хъуамæ зона алчидæр. Сæрыстыр дæн, æмæ 9 апрелы хъæбул кæй дæн, сæрыстыр дæн уымæй, æмæ уæд куыд иугонд уыд Гуырдзыстон, афтæ никæд уыд. Уый тыххæй, алчидæр хъуамæ зона йæхи бæстæйы истори, цæмæй бамбара чи у знаг æмæ чи хæлар æмæ бамбарой уый дæр, цæмæй Уæрæсе знаг у», - Бузиашвили Руска.
Print