Ног хабæрттæ
Дзамайы комы фæндаджы арæзтад 2 къуыримæ ногæй райдайдзæн
Компани "Блек си Групъи" иуыл æввахсдæр 2 къуыримæ, цæугæдон Дзамайы комы йæ куыст сног кæндзæнис. Ай фæдыл Qარტლი-გე-йæн компанийы сæйраг офис фехъусын кодта.

Администрацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, куысты процесс, коронавирусы пандемийы тыххæй, урæд æрцыд 30-æм мартъийæ. Проекты æргъад у 14,5 милуан лари æмæ пъланмæ гæсгæ 2020 азы августы мæйы хъуамæ арæзт фæуа.

Фæлæ, компанийы куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ, куыстытæ æмгъуыдмæ нæ фæуыдзысты, ахиздзæн æвæццæгæн уыцы периодæй, цас рæстæджы дæргъы куыстытæ уыдысты урæд.

"Куыддæриддæр нын заказгæнæг куыстыты адæрддæр кæныны бар ратдзæн, афтæ мах адарддæр кæндзыстæм куысты", - зæгъынц компанийы.

2019 азы уалдзæгæй Карелы муниципалитеты Элбакианткъарийы хъæуæй Тхъемлованайы хъæуы онг фæндаджы реабилитацион куыстытæ байдыдтой.
Проектмæ гæсгæ, дзырд цæуы 15 км-он фадыгыл. Фæндаг асфальтгонд æрцыд Гвердзинеты хъæуы онг, кæцы Элбакианткъарийы хъæуæй 1 км-ы дæрддзæфмæ у.

Реабилитацион куыстытæ та, Гвердзинеты хъæуæй дарддæр кæнынц.

"Ацы фæндагæн стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы Гуырдзыстоны регионалон рæзынады цæстæнгасæй, уымæн æмæ, фидæны перспективæйы уый адарддæр кæнынадæй Карелы районы хæрзцыбыр фæндагæй сиу кæндзæн Борджомы администрацион иуæгмæ хауæг курортон цæрæнуæттимæ (Бакуриан, Митарби æмæ æнд.), уымæ гæсгæ йæ бахъæудзæн нысаниуæгджын ролы сæххæст кæнын бæстæйы социалон æмæ экономикон-культурон рæзты цæстæнгасæй", - нысангонд цæуы автомобилон фæндæгты департаменты проектон хъусинаджы.

Фæндаджы райдайæн фадыг хизы Элбакианты хъæуы цæрæгджын пунктыл, кæцыйы фæстæ ахиздзæн Гвердзинеты хъæуы цæрæнуатмæ æмæ уырдыгæй араст уыдзæн Тхъемлованы хъæуы онг.
Гвердзинеты хъæуæй трассæйы кæронмæ интенсивонæй арæзт ис моладзандоны комплекстæ.

Амæй дарддæр-ма Гвердзинет æмæ Тхъемлованы фадыгыл бынæттон хъæуты онг (Цъилкъаны хъæу, Къодманы хъæу, Куатетрийы хъæу, Батъеты хъæу, Лошкъинеты хъæу æмæ æнд.) бацæуæн фæндæгты баиугæнæнтæ арæзт сты.

Print