Ног хабæрттæ
Япони Гуырдзыстоны медикамент «Авиганæй» сифтонг кæндзæн
Японийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мотеги Тошимицу банысан кодта, цæмæй æввахс фидæны Япони сифтонг кæндзæн Гуырдзыстоны медикамент «Авиганæй». Ай фæдыл информаци Японийы минæварад парахат кæны.
Пресс-кустуаты хъусинагмæ гæсгæ, Япони равдыста цæттæдзинад Гуырдзыстонæн феххуыс кæна ахæм медикон ифтонггæрзтæй, кæцытæ Гуырдзыстоны медицинон-фæдзæхстон системæйы фæхуыздæр кæндзæн.

Куыд зындгонд у, афтæмæй, 2020 азы мартъийы мæйы, Японийы райдыдтой препарат «Авиганийы» клиникон фæлварæн, кæцы-ма, ноджы зындгонд у ахæм нæмттæй: «Фавипиравир» æмæ «Фавилавир». Ацы медикаменты фæлварæн уагъд цыд, куыд æнтыстджын фæрæзы ног типы коронавирусæй расайгæ пневмонийы хос кæнынæн.

Медикамент 6 азы размæ гриппы хоскæнынæн арæзт æрцыд. Цæрæгойтыл бафæлваргæйæ йын фæрссаг фæзындтæ уыдис гуырдзы рæзыны ‘рдыгæй. Фæстиуæгæн, ивд æрцыд сывæрджынтæн ацы медикаментæй пайда кæнын æмæ ахæм медикаментты ранымадмæ бахауд, кæцытæй хос кæнын гæнæн ис хицауады сæрмагонд бацамындæй уыцы цауы, æндæр медикаменттæ куы нæ феххуыс кæнынц уæд. Ацы рæстæджы-ма, китайаг дохтыртæ амæн йæ эфектондзинад равдыстой пневмонийы хос кæнгæйæ, кæцы фæзынгæ у коронавирусон инфекцийæ.

Японийы æмæ Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты телефоны ныхас 21-æм майы, 10:50 сахатмæ ‘ввахс 20 минуты дæргъы Японийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мотеги Тошимицу телефонæй ныхас кодта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Залкъалиан Давитимæ.

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Залкъалиан Давит уымæн стыр бузныг загъта æмæ йæ базонгæ кодта ныртæккæйы уавæримæ бæстæйы æмæ цы мадзæлттæ хъуамæ райса Гуырдзыстоны хицауад уавæры регулироват кæнынæн (уаг дæттынæн). Министртæ банысан кодтой, цæмæй дыууæ бæстæйы архайы арæнæвæрдтæ. Фæрстæ банысан кодтой, цæмæй нысаниуæгджын кæй у, корона вирусы фæдыл информацийы баивын, сæ зонынæдтæ кæрæдзийæн зæгъын. Министртæ бадзырдтой, цæмæй фидæны дæр адарддæр кæной æмгуыстдзинады, æмæ сæрæй аиуварс кæной корона вирусы ахæлиукæнынады.

Амæй дарддæр-ма, Японийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мотеги Тошимицу банысан кодта, цæмæй Япони стыр нысаниуæг кæй дæтты Гуырдзыстонимæ æмахастытæн, кæцыимæ ныхас кæнынц ахæм фундаменталон æргъдзинæдтыл, цахæм у адæймаджы бартæ, демократи æмæ закъоны уæлдæрад. Японийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр-ма ноджы бафтыдта, цæмæй Япони фидæны дæр йæ фарс рахæцдзæн Гуырдзыстоны демократион рæзтæн. Дыууæ фарс дæр баныхас кодтой, цæмæй корона вирусы фæуды фæстæ рæстæгыл оформитгонд æрцæуа дывæрсон инвестицийы бадзырд æмæ сындидза æмахастытæ экономикæйы, бизнесы æмæ æндæр сферæты. Фæрстæ баныхас кодтой, цæмæй æхсæнадæмон аренæйыл дæр, дыууæ бæстæ фидæны дæр кæй адарддæр кæндзæн æнгом æмгуыстады.

Print