Ног хабæрттæ
"Хуссар Ирыстоны территори нæ уæвы" - АИШ-ы минæвар ОБСЕ-йы
Хуссар Ирыстоны территори нæ уæвы, ай у Гуырдзыстоны оккупацигонд хай, - ай фæдыл Европæйы æдасдзинады æмæ æмгуыстады организацийы (ОБСЕ) АИШ-ы минæвар, Джеймс Гилмор организацийы æдзухархайдон советы рабадтыл фехъусын кодта.
ОБСЕ-йы АИШ-ы минæвар Мæскуыйы фæазымджын кодта Гуырдзыстоны территорийы байсыны фæлварæны тыххæй.

"Мах домæм, цæмæй урæд æрцæуой структурæты, гæрæнты, нысæнтты, кæнæ барьерты арæзтад, кæцыты нысан у административон арæны хæххыты "бордеризацийы" тыхджындæр кæнын кæнæ рауæрæхдæр кæнынæн. Ацы архайд æвдыст цæуы Мæскуыйы фæлварæнты, цæмæй йæхи бакæна гуырдзиаг территори", - фехъусын кодта Джеймс Гилмор.

Фембæлдыл америкаг дипломат йæ хъусдард аздæхта Уæрæсейы "рдыгæй Гуырдзыстоны Лугары центры алыварс райдайгæ негативон информацион къампанимæ æмæ Мæскуыйы дезинформацийы парахат кæныны фæазымджын кодта. Джеймс Гилморы хъусинагмæ гæсгæ, Мæскуы Гуырдзыстоны иртасæг институты тыххæй мæнгдзинад парахат кæны.

"Мæскуыйы мæнг даутæ советыл æркæсыны аккаг не сты", - загъта америкаг дипломат

Print