Ног хабæрттæ
Элиаури Гиорги - абитурент Цхинвалы районæй
6-аздзыд уыд Гиорги, Вилдайы хъæу, йæ мад æмæ йе "фсымæримæ иумæ куы ныууагъта. 2008 азы августы хæсты фæстæ, нырма Тбилисы цард, уый фæстæ Гуры районы Скърайы хъæумæ рацыди цæрынмæ.

Зæгъы, цæмæй уый зæрырдæм æнæмæнгæй кæй æрыздæхдзæн йæ хъæумæ: "Æппындæр куынæ байгом уа фæндаг, æз уæддæр æрбаздæхдзынæн мæ хъæумæ, зæгъгæ", - зæгъы Гиорги. Ныртæккæ уым цæрынц йæ нана, йæ дада æмæ йæ (мадыфсымæр, фыдыфсымæр).



Амиран-дада æмæ Изольда-нана цæугæдон Меджудайы комы цæрынц. Уыдон тыххæй сюжет Цхинвалы телеуынынады журналист Мамытаты Генади бацæттæ кодта. Элиаури Гиорги зæгъы, цæмæй уый ныр дыккаг репортаж кæй у, кæцы цхинвайлаг журналист ацы хъæуæй бацæттæ кодта. Сюжеты мидис æмбары, уымæн æмæ ирон æвзаг хорз зоны:

"Иронау мæ сахуыр кодта мæ нана. Æндæр хæстæджытæ дæр мын ис ирæттæ æмæ уыдонæй дæр сахуыр дæн. Вазыгджын æвзаг у, фæлæ мæнæн нæу зын йæ ахуыр кæнын. Цыппар диалектыл дæр æмбарын", - зæгъы Гиорги.
Фотойыл: Элиаури Гиоргийы дада, Элиаури Амиран æмæ йæ бæх "Тамила".



Гиорги ацы азы Скърайы астæуккаг скъолæ каст фæци. Университеты адарддæр кæндзæн йæ ахуыр æмæ йæ фæнды, цæмæй педагог суа:

"Тынг уарзын ацы професси. Педагог мæ фæнды суон. Хъæумæ аздæхын нæ фæнд кæнын нырма. Уырдыгæй дæр уый тыххæй рацыдтæн æмæ дзы скъолæ кæй нæй. Ахуыр кæнын мæ бон не суыдаид. Ам фылдæр перспективæ ис", - дзуры нын Гиорги.
Ацы этапыл нанаимæ æмæ дадимæ фæныхас кæнын телефонæй.



"Фыдæбон кæнынц хъæуы, тыллæг æрзайын кæнынц, фосмæ зилынц. Кæд сæм исты уæййаг вæййы, уæд æй ахæссынц Ахалгоры базармæ кæнæ та Цхинвалы базармæ. Медикаменттæ сæ куы бахъæуы, уæд Громы кæнæ Бихъары амбулаторимæ ацæуынц. Зымæджы цъус зындæр вæййы, уымæн æмæ фæндаг нæ бæззы. Сæйраг проблемæтæй сæ иу уæддæр фæндаг у. Электроэнерги сын 2015 азæй нæ фидын кæнынц", - зæгъы Гиорги.

Print