Ног хабæрттæ
Вакъейы (Фæзы) хъæу – хохæй быдырмæ


Ардыгон цæрджытæ уæлейæ цардысты, Схуилойы мæсыгмæ "ввахс. Уым, цыран Пъантиан фæуд кæны. Нуæзтой суадоны дон, сыфтæрджын хъæдæй сатæг уддзæф дымдта. Быдырæй фысты уасыны зæлд хъæумæ хæццæ кодта. Изæрырдæм æрыскъæргæ фосæн сылгоймæгтæ хъуамæ æрцæттæ кодаиккой æхсыры мигæнæнтæ. Æнтæф сæрды-иу хъуамæ фысты дзуг дард хæхтæм, Дзауы районмæ хъуамæ аскъæрдтаиккой. Афтæ цыдысты азтæ Земо (уæллаг) Вакъейы хъæуы. Коммунистты периоды хицауад уыдонæн сæ социалон уавæры фæхуыздæр кæнын аскъуыддзаг кодта. Фæндæгтæ кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ, бирæ дæсгай бинонтæн быдырмæ цæрынмæ ацæуын бауынаффæ кодтой. Ноджы растдæр уыдзæн, бахæс сын кодтой. Ай уыдис 1960-æм азты.

Квемо (дæллаг) Цъалайы хæдзарады сын бынат дæр уыди цæттæ. Ног цæрæн хæдзæрттæ сын раст ацы хъæугæроны цур арæзт æрцыдысты. Земо (уæллаг) вакъейæгтæ ам æрцæрын кодтой. Хъæуы дæр уыцы номæй схуыдтой – Вакъейы (Фæзы) хъæу. Афтæ фæзынд цæрæнуат, кæцыйы тыххæй репортаж исынмæ ацыдыстæм.



Нæ ныццыды тыххæй хъæуы уайтагъд айхъуысти хабар. Цæрджытæ нæ хъармзæрдæйæ райстой. Тынг æхсызгон сын уыди, куыддæр уый базыдтой æмæ ирон æвзагыл истам репортажтæ, се "хсæн гуырдзиæгтæн дæр, кæцытæ ацы чысыл хъæуы ирæттимæ иумæ, иу стыр бинонтау цæрынц.
Уавæр æмхуызон у, куыддæриддæр вæййы хуымæтæг быдыры хъæуы. Хъæуы централон фæндæгтæ сты асфальтгонд æмæ бетонæй арæзт. Ивылæн къанауты дон нæ зыны. Донхорыггæнæн дон сын кæй нæй, уый тыххæй нын загътой. Хъæуы алыварс ныридæгæн фæбур сты быдыртæ. Мæнæуты æмæ хъæбæрхоры хуымтæ ист сты.

Вакъейы (Фæзы) хъæуы, нæ фысым Бедошвилиты (Бедойты) бинонтæ сты. Хæдзары æфсин – Багаты Жениа, Дзауы районæй, Бæгъиаты хъæуæй рацæугæ у. Йæ мой – Бедошвили (Бедойты) Багратыл раст уым фембæлди фыццаг. "Фысты фермæйы куыста. Иу – авд мин фысы йын уæддæр уыдис. Уым мах хæхтыл уыдис сæ фермæ. Уырдæм-иу цыдис æмæ уым фембæлдыстæм кæрæдзийыл, уым базонгæ стæм. Счындзæхсæв кодтам. Машинæйыл ссыдысты, сбадын мæ кодтой æмæ мæ ракодтой", - мысы Багаты Жениа.

Бедошвили Баграт, Земо Вакъейæ 1963 азы æрлыгъд. Куыд нын дзуры, уымæ гæсгæ, сидзæрæй схъомыл. Йæ фыд æмæ йæ фыдыфсымæр дыккаг дунеон хæсты фæмард сты, æмæ сын сæ цæсгомы хуызтæ дæр нæ хъуыды кæны. "Хæсты азтæ уыд æмæ æххормагæй цыдыстæм, афтæ схъомыл стæм", - зæгъы Баграт.



Хъæуы сæйрагæйдæр фос дырыны æмæ быдыры куыст кæнынц. Тауынц мæнæу æмæ хъæбæрхор. Раджы-иу хуытæ дæр дардтой, традицион хæдзарады ацы фадыг, хъæуы цæрджыты æфтиаджы сæйраг куыст уыди, фæлæ абон ацы фадыг къаддæр у парахатгонд.

Ситуаци 1990-æм азты радикалонæй фæивта. Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, тыхфæлгъуыдæй бирæ цæрджытæ фæивтой сæ цæрæн бынат. Æрыгон фæсивæд Цæгат Ирыстонмæ ацыдысты. Карджын адæм та, хъæуы баззадысты. Абон уыдонæн сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ цæрынц Владикавказы (Дзæуджыхъæуы) æмæ пандеми кæй у ахæлиугонд, уымæ гæсгæ, сæ бон нæу æрцæуын æмæ сæ бабæрæг кæнын. Дзурынц, цæмæй сын ахæм цард кæнын зын кæй у, сæ хъæбултæ сæм æрвылбон дæр телефонæй фæдзурынц, семæ фæныхас кæнынц, фæлæ уый ницы фаг у, сæ уындмæ бæлгæйæ æрвитын сæ бонтæ.

Жениайы ныхасмæ гæсгæ, Вакъейы цæрджыты уыйас ничи бахъыг дардта: "Уыцы рæстæджы постæйы куыстон, иуылдæр къахæй цыдтæн ацы хъæутæм, фæлæ мæнмæ уæлдай ныхас никуы ничи скодта".



Ацы хъæуы цæры бынтон иунæгæй Хубашвили (Хуыбиаты) Медикъо. Уый дæр Земо (уæллаг) Вакъейы райгуырдис. Уымæн дæр йæ бинонты быдырмæ ракодтой, йæ ныййарджытæ ам цардысты. Йæхæдæг та, бирæ азты дæргъы Тбилисы фабирæкæйы фæкуыста. "Бæмбæджы комбинаты куыстон 9 азы, стæй та студенттимæ куыстон 7 азы. Уый фæстæ сызмæст бæстæ дæр, ацы хæдзары ничи царди æмæ ардæм æрцыдтæн, уым нал фæрæзтон".

Вакъейы (Фæзы) хъæу, Къаспы муниципалитеты, Лехурайы комы цæугæдон, денджызы æмвæзæй 960 метрмæ "ввахс у. Ацы чысыл хъæу Квемо (дæллаг) Цъалайы теммæ хауы æмæ йæ фæзынды бонæй ам ирæттæ цæрынц. Цæрынц дзы: Къудухашвилитæ (Къудухтӕ), Хубашвилитæ (Хуыбиатӕ), Меладзетæ (Дриатӕ), Бедошвилитæ (Бедойтӕ), Биганашвилитæ (Биганатӕ). 2014 азы сфыстмæ гæсгæ хъæуы 86 адæмаг цæры. Хъæу дихгæнæг хаххмæ "ввахс у; 2019 азæй йын лæвæрд ис хæххон цæрæнуаты статус.

Хъæумæ бацæуæн фæндаг æнæхъæнæй асфальтгонд у. Хъæуы бынæттон цæрджытæ сæ райгонддзинад æвдисынц æмæ зæгъынц, цæмæй: "Æмбис æнусы дæргъы ам ахæм уавæртæ кæй нæ уыдис", фæлæ сæ тынг кæй тыхсын кæны а.х. арæн, кæцы хъæумæ хæрæввахс у. Хъæуы бынæттон цæрæг сылгоймаг, йæ цæстытæ доны разилгæйæ нын радзырдта йæ зæрдæйы рыстдзинад: "Мæ фæндон æмæ мæ бæллицц, ацы кары у уый, цæмæй та, не "ппæтт дæр фæстæмæ иумæ адджынæй цæрæм. Ацы арæнтæ байгом уæд, цæмæй нын хиуæтты бабæрæг кæнынæн фадат уа…".

Print