Ног хабæрттæ
"Мад ам, фыд – уырдыгæй" - хæстæй дывæргонд
Тедеты Лелайы, йæ чысыл Андриа æмæ Анастасиа Самхарадзетимæ иумæ, Гуры, Къомбинаты сабиты фæзуаты арæх фендзыстут. Йæ хъæбулты хъомыл кæнынæн уымæн йæ мад – Къахниашвили Тамар æххуыс кæны. Лела скъолæ-лицеумы чиныгдоны (библиотекæйы) кусы. Бинонты уавæрты тыххæй, уый Цхинвалы лигъдæтты театры йæ куыст ныууагъта.

Схъомыл ис æмхæццæ бинонты "хсæн. Йæ ныййарджыты традицийы ныр йæхæдæг дарддæр кæны. Ацы хатт, æмхæццæ бинонты "хсæн йæ хъæбултæ хъомыл кæнынц. Лела августы хæсты фæстæ смой кодта; раст уыцы хæсты фæстæ, уый йæ фыдимæ иумæ Дзæуджыхъæуы куы уыдис, æмæ йæ мад та – Гуры.

Интервью дæттыны рæстæджы уый тынг арæх йæ сабибонты æмæ æвзонгдзинады азты кой кæны. Дыууæ периоды дæр Чъехы хъæумæ æмæ Тбилисмæ хауы. Сабибонтæ – Чъехы, студентон рæстæг – Тбилисы, паддзахадон университеты.
"Æрхъæцмæ-иу нал лæууыдтæн, æдзух æнхъæлмæ кастæн, кæд та, мын фæуыдзæн фадат, цæмæй мæ уарзон райгуырæн хъæу Чъехмæ рацыдаин Тбилисæй", - зæгъы Лела. Абон уымæн ацы хъæумæ ацæуыны фадат нал ис. Комкоммæ зæгъгæйæ, ацы хъæу нал уæвы. Августы хæсты фæстæ, стыр Леуахигомы гуырдзиаг хъæуты зæххы æмвæз скодтой.



Фотойыл: Тедеты Лела йе "мкурсонтимæ иумæ Тбилисы паддзахадон университеты кæрты.

"Чи зоны æмæ гæнæн уыд ацы хæст ма æрцыдаид" - зæгъы Лела æмæ Чъехы диссаджы пейзажты кой кодта.

"Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут хъæу, кæцыйæн дыууæ цæугæдон йæ фæрсты уайы; диссаджы уæлдæф, диссаджы адæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, сабибонты азтæ ивгъуыйынц æмæ ма мысинæгтæ зайы, фæлæ ацы бынæтты куыддæр фенай, цыран сабибонты арвыстай, уæд уымæй адджындæр ницы ис. Фæлæ абон та, мын уый амал дæр нæй", - дзуры нын Лела.

Августы хæсты райдыды агъоммæ июлы мæйы, Лела Цхинвалы уыдис. Йæ фыд, кæцы Дзæуджыхъæуы цардис, йæ хъæбулы уынынмæ Цхинвалмæ æрцыдис.

"Июлы мæй уыди. Мæ фыд Дзæуджыхъæуæй æрцыдис Цхинвалмæ æмæ йæ фæндыдис мæн фенын. Ситуаци та æндыгъд уыд, фæлæ-иу куыд æрвылхатт, афтæ йæ ацы хатт дæр рæстæгмæ æнхъæлдтам ацы ситуацийы. Мæ ныфс бахастон æмæ Цхинвалмæ бацыдтæн, федтон мæ фыды, фæлæ уæдмæ ситуаци ноджы æндыгъддæр сси, æмæ мын загътой, Цхинвалæй рацæуын тынг тæссаг у, зæгъгæ. Нал дæр Чъехмæ раздæхыны амал уыди æмæ нал дæр Гурмæ", – мысы Лела.
Августы райдианы тынг æндыгъд уыди ситуаци. Лелайы фыд аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæ хъæбулимæ иумæ Дзæуджыхъæумæ рацыдаиккой.

"Мæ фыд ссардта машинæ æмæ ирæтты иувæрсты цæуæн фæндагæй ацыдыстæм Цхинвалæй. Мæ мад уыцы рæстæджы Гуры уыдис йæ хъуыддæгты фæдыл æмæ нал дæр уый æрбаздæхтис фæстæмæ Чъехмæ. Хæст дæр байдыдта", - зæгъы Лела.
Æмæ ацы рæстæджы Лела банкъардта уый, цы фенкъарынц æмхæццæ бинонты хъæбултæ.

"Тынг тæссаг ситуацийы ныххаудтæн. Мæ фыд тынг мæт кодта Цхинвалы йын цы хæстæджытæ баззад уыдоныл, мæ мад та, стыр Леуахигомы уæвæг гуырдзиаг хæстæджытыл. Æз та – дывæргонд уавæры, мæнæн ацы дыууæ адæмы рыст – уыди мæ рыст. Фæлæ æз уæддæр не "рлæууыдтæн Дзæуджыхъæуы. Мæ фыд дæр аскъуыддзаг кодта, цæмæй æрыздæхтаин мæхи бæстæмæ, мæ мад æмæ ме "фсымæр дæр ацырдыгæй уыдысты", - мысы Лела.
Хæстбавзарæг бæстæмæ æрцæуæг Тедеты Лела бахуадта тынг æвзæр ситуацийы. Фыццаджыдæр уый, æмæ йын райгуырæн хъæумæ æрыздæхыны гæнæндзинад æппындæр нал уыдис.



Фотойыл: Тедеты Лела йе "мбæлттимæ иумæ Чъехы хъæуы.

"Тынг æвзæр уавæры уыдтæн, уый тыххæй æмæ мæ бон нал уыди æрыздæхын мæ хъæумæ, мæ фыдыбæстæмæ, цыран райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн. Алы лигъдонæн дæр йæ цард фæивта. Уый, цыдæриддæр азты дæргъы хъахъхъæдтам, æвæрдтам, рауад афтæ, æмæ æппæтдæр фесæфтам", - ныхас кæны æмæ архайы бамбарын нын кæна адæймаджы уыцы уавæры, кæцы ацы ситуацийы бахаудзæнис.

Лелайы мад, Къахниашвили Тамар зæгъы, цæмæй уыдон лигъдоны фыццаг азты кæй цардысты, Тбилисы, Багебийы иумæйаг цæрæндоны.

"Нырма уæд хæст нæ байдыдта, æз мæ хъуыддæгты фæдыл рацыдтæн Гурмæ Чъехæй. Тынг хорз æй хъуыды кæнын уыцы боны, Чъехы хъæуæй куы рацыдтæн уый. Хæдзары дуар куы рахгæдтон мæ фæстæ, уæд мæ цыдæргъуызон бафæндыди мемæ мæ мады къам рахастаин, фæлæ мæм уый раст нæ фæкасти, зæгъын, цæмæн хъуамæ ахæссон мемæ мæ мады къамы? Кæмдæр æвæццæгæн зæрдæ хатыдта цы хъуамæ æрцыдаид уый... раззаг бонты дæр мæ мады уæлмæрдмæ ссыдтæн. Уæлмæрды ахæм мæрдон сабырдзинад уыд, фæтарстæн ахæм сабырдзинадæй æмæ уайтагъд фæстæмæ ралыгътæн уæлмæрдæй. Уый уыд мæ фæстаг бонтæ Чъехы. Рацыдтæн æмæ уый фæстæ нал æрбаздæхтыстæм", - зæгъы Къахниашвили Тамар.


Фотойыл: Къахниашвили Тамар цхинвайлаг æмбæлттимæ иумæ.

Къахниашвили Тамар 27 азы Чъехы астæуккаг скъолæйы фæкуыста. Уæдмæ та Цхинвалы уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæцис. 90-æм азты конфликты фæстæ, зæгъы, зæгъгæ, ситуаци зæгъæн ис æмæ æрбæстонгонд уыд:

"Мæ хъæбул университеты куы ахуыр кодта, уæд арæх цыдтæн Тбилисмæ. Бирæ хаттыты-иу, изæрæй, 8-9 сахатмæ "ввахс рацыдтæн Цхинвалæй. Уыцы рæстæджы транспрот цыдис Цхинвалæй Тбилисмæ. Бацыдтæн-иу автовагзалмæ. Ирон лæппутæ-иу мын мæ хæссинæгтæ сæвæрынæн баххуыс кодтой. Абон уыцы лæппуты куы фенон, уæд гæнæн ис æмæ сæ тæрсгæ дæр фæкæнон, мацы мын разнаггад кæной, уымæй тæрсгæ. Афтæ кæрæдзийы ныхмæ систы гуырдзиаг æмæ ирон", - зæгъы нын Къахниашвили Тамар.

Социалон хызæджы равæры зæронд къамтæ, кæцыты йæ хъæбул студентон периоды Тбилисмæ рахаста йемæ æмæ афтæмæй аирвæзтысты скуынæгæй:

"Равæрын мæ зæронд къамты, ме "мбæлтты къамты, мысинæгты цикл сарæзтон, чизоны исчи сдзуапп кæнид. Мæнæн уыдис æвæджиау æмбал æмæ æмкусæг – Зæгъойты Розæ. Розæ мæнæн уыдис куыд хойы бынаты. Бирæтимæ Фейсбукы æххуысæй кæрæдзимæ фыссæм – æрымысæм ивгъуыд азты, куы кæуæм, куы та – худæм. Афтæ цæуы нæ цард", - зæгъы Къахниашвили Тамар.

Чъехы ныууадзыны фæстæ-ма уымæн æрмæст йæ хæдзары дæгъæлтæ баззади:

"Ацы дæгъæлтæ дзæвгар рæстæджы дæргъы Тбилисы-ма куы цардыстæм уæд мын уыдысты къулыл ауыгъд. Цыма мын цæмæйдæр мæ хъæуы цухдзинады дзаг кодтой. Иу хатт куы уыд, уæд мæ афтæ тынг смæсты кодта ацы дæгъæлты фенд, æмæ сæ дард нызыввыт кодтон, цæмæй сæ макуыуал федтаин. Æз Чъехæй рахастон уый, кæцы мæ тынг зæрдиагæй хъуыди – Ма мады къам. Æндæр зынаргъ исты, æз уырдыгæй ницы рахастон. Æз уым уыдтæн, ам – цæрын. Æппæтæй тынгдæр мæ зæрдæ риссы ууыл, æмæ мæ мады уæлмæрдмæ куы нæ цæуын. Æвæццæгæн афтæ амæлдзынæн, æмæ йын йæ уæлмæрд нал фендзынæн. Тæхуды куы мæ бауадзиккой, æрмæст ай тыххæй", - зæгъы Къахниашвили Тамар.


Print