Ног хабæрттæ
Америкаг бронетехникæ Гуры – "Аккаг партнер 2020"
Гуры центры, америкаг хæстон бронетехникæ Гуры уынгты маршæй рацыдис.

"Аккаг партнер 2020"-ы хайад райсынæн америкаг æфсæддон техникæ науыл "Oცეან Fრეედომ" Вирджинийы порты Норфолкы терминалæй Румынимæ, Констанцæйы портыл æрбахызт Гуырдзыстонмæ, Поты портмæ æмæ науы равдæлоны фæстæ рæстæгмæ Сенакъы, II фистæг бригадæмæ ахызти.

6-æм сентябры райсомæй та, америкаг хæстон бронетехникæйыл "Страйкер" æмæ "Хамер" лоджистикон фарсхæцæг машинæтæй æмæ артиллерийæ комплектгонд 9 æфсæддон конвой Сенакъæй Скæсæн Гуырдзыстонырдæм, сæрмагондæй Вазианы ахуырты центрмæ, маршæй сахат æмæ æрдæг цæудзысты.

"Аккаг партнер 2020" Вазианы, IV механизацигонд бригадæйы компактон фæзуатыл официалонæй 7-æм сентябры байгом уыдзæнис. Гуырдзыстон "Аккаг партнерæн" ныр фæндзæм хатт фысымиуæг кæны æмæ уым Гуырдзыстоны, АИШ-ы, Иугонд паддзахады, Польшæйы æмæ Францы 2700-йæ фылдæр æфсæддон адæймаг хайад райсдзæнис.

Print