Ног хабæрттæ
Санахъоты Зинæ – Ортубани
Пандемийы тыххæй, Дзæуджыхъæуæй сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ ацы азы не "рцыдысты. Уый тыххæй у, Ортубаны сыхты æмæ кæртыты ахæм сабырдзинад. Чысыл сабитæ нæ хъæлæба кæнынц, нæ хъуысы сæ уынæр. Хъæу, раст, афæдзы ацы рæстæджы-иу раудгас вæййы. Сабиты уынæр, æрыгон фæсивæды хъæлдзæгдзинад-иу афтæ тынг хъуыстис, æмæ Дзамайы былыл сæ хъазт æмæ кафты уынæр "Зазайы мæсыджы" цæрæг моладзанты хъыг дардта. Арæх-иу сын бауайдзæф кодтой, зæгъгæ, дам, нæ уæ уынæр кувыны рæстæджы хъыг дары.

Хъæутæ, кæцытæ Ортубанæй райдайынц (Элбакианткъари, Гвердзинет, Цъиплована, Тхъемлована æмæ а.д.) цæрынц этникон ирæттæ. Ам цæрæг адæм ивгъуыд æнусы 90-æм азты, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, Цæгат Ирыстонмæ фæлыгъдысты.

Мæлæты тасæй бирæ адæймаг фæмарди, куыд психологионæй, афтæ физиконæй. Æмæ уый тыххæй-ма, чидæриддæр ам цæры, уыдон уыцы адæймæгтæ сты, кæцытæ алцæмæндæр бафæрæзтой æмæ баззадысты ам цæргæйæ. Кæнæ та конфликты фæуды фæстæ æрыздæхтысты фæстæмæ. Æрыздæхтысты – æнæгæсгæйæ уыцы æнамонд цауты бавзæрстмæ.

Æрцæугæ хабæртты тыххæй нæ фысым иуыдæр æнæ цæссыгзгъалгæйæ нæ кой кæны. 90-æм азты хæсты темæ æппæтдæр æмбæрзы – æнæдоны, æнæгазы, æгуыстдзинады. Ацы хæст алы адæймаджы дæр баджиздардта. Се хсæн, Санахъоты Зинæйы дæр, кæцыйы бабæрæг кæныны тыххæй нын сæхæдæг ортубайнæгтæ загътой.

- Мидæмæ рахизут! Куыдз уыл нæ фæхæцдзæни, æрмæст уыл бацин кæндзæнис, куыд уазджытыл. Санахъоты Зинæ нын куыддæр кулдуар байгом кодта, афтæ ныл кæрты фембæлд стыр æмæ фæлмæн хъуынджын цуга(куыдз). Ирон æмбисонд афтæ у: "Куыддæр, къæсæрыл æрбахизай, афтæ, дам, фæхатдзынæ фысымы уазæг-уарзондзинады", - мах дæр уайтагъд бамбæрстам, æмæ æцæгæйдæр уазæгуарзаг бинонтæм кæй бахаудыстæм.



Санахъоты Зинæ Гуджареты хъæуæй у. 71 азы размæ, уый ацы хъæуы райгуырдис æмæ хъыгагæн абон ацы хъæу нал уæвы.

"Иуылдæр ирæттæ уыдыстæм. Скъолæмæ куы цыдыстæм, уæд нæ цхинвайлаг ахуыргæнджытæ ахуыр кодтой. Гуырдзигау дзурæг нæм ничи уыдис. Иу медицинон хо нæм æрбарвыстой, гуырдзиаг. Ам смой кодта. Мах иу æм специалонæй бацыдыстæм, тынг цымыдис кодтам гуырдзиаг æвзаг базонынмæ", - зæгъы Санахъоты Зинæ æмæ-ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, гуырдзиаг æвзаг æрмæст уый фæстæ сахуыр кодта, Ортубанмæ куы смой кодта.

Йæ фидæны мойимæ, уый æрдæг æнусы размæ, Гуджареты базонгæ ис. Ортубайнаг Харебаты Анзор Гуджареты хъæуы йæ фыдыхомæ арæх цыдис. Нæ фысым нын куыд загъта, афтæмæй, уыдон цыппар азы уыдысты уарзæттæ, фæлæ йæ фыд ныхмæ уыди уымæй смой кæныны:

"Амæн чи скодтаид чындзæхсæв, мæгуыр æмæ сидзæр лæппу уыди, ничи йын уыдис, чындзæхсæв ын чи скодтаид ахæм. Йæ фыд раджы амарди, йæ мад та дыккагæй смой кодта. Æрбацыди, нысан æрбахаста æмæ мын загъта: "Цасфæнды, дам, бадай, мæнæн, дам, мæ бон чындзæхсæв скæнын нæу, æмæ, дам, иу афæдз ноджы ам баддзынæ?" Цы хъуамæ кодтаин, æз дæр сразы дæн æмæ рацыдтæн йемæ, рахъуызыдтæн. Иу пальто мын уыдис æмæ йæ скодтон мæ уæлæ. Цæмæй мын æвзæр ма рауадаид мæ рацыд, мæ сыхаг чызджы мемæ ракодтон. Гуыффæджын хæдтулгæйыл мæ ракодтой. Хъуыды йæ кæнын, 18-æм январы уыд, ардæм мæ куы æркодтой. Нырма мæ Суканаантубанимæ бакодтой, цыран йæ мад уыди мойгонд. Уым сарæзтой чындзæхсæв. Уый фæстæ ардæм æрбацыдыстæм. Стыр машинæйыл æрбацæйцыдыстæм. Фыццаг хатт уæд федтон хиды. Ахæм кæлæддзаг хид уыди æмæ тынг фæтарстæн, зæгъын, мыййаг уæд-та, ныттыдта. Æрбакодта мæ ардæм, тынг адджынæй цардыстæм, æртæ хъæбулы нын райгуырдис – дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг...", - радзырдта нын Санахъоты Зинæ.



Уæдæй фæстæмæ бирæ азтæ аивгъуыдта. Бинонтæ æнцад æмæ сабырæй царди хъæуы. Уыцы хъæуы, кæцыйы, йе "рцыдæй уайтагъд бауарзта Зинæ – райдзаст бынат, сыгъдæг бæрзонд уæлдæф, хæларзæрдæ адæм, уазæгуарзаг æмæ иузæрдыг, афтæ-ма хъæуы дзуарыбонтæ æмæ уæлдайдæр Зазаобайы бæрæгбон, кæцы Заза Панаскертелы цытæн бындурæвæрд æрцыд 1987 азæй Ортубаны.

"Зазаоба уыд рæсугъд бæрæгбон. Æрбацыдысты-иу алы рæттæй уазджытæ. Зыдтой йæ, Зазаоба кæй уыдис æмæ-иу тынг цин кодтой. Карелы районæй дæр-иу æрбацыдысты. Бретæй дæр, Хашурæй дæр... Сæхицæн-иу арæзтой алыппæтдæр, торнетæ-иу ныппæрстой, дзул фыхтой, хинкъалтæ кодтой. Тынг рæсугъд-иу уыдис, концерттæ дæр-иу ауагътой, зарыдысты-иу, хъæбысæй-иу хæцыдысты... . Хорз-иу фæцæл кодтой хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, иумæ-иу тымбыл кодтой æмæ хорз рæстæг æрвыстой", - радзырдта нын Санахъоты Зинæ.

Отубани Дзамайы комы хицæнхуыз визитон картæ у. Ам ис Ортубаны мæдты моладзандон æмæ Мзоврет. Кæддæр горæт уыдис, Заза Панаскертелы арæзт. Æмæ уый тыххæй, Ортубаны мæсыджы "Зазайы мæсыг" хонынц. Комбæсты стыр Мхердамтаврисы, Панаскертелы номыл "Зазаоба" ам 1991 азмæ хицæнхуыз бæрæгбон уыдис.

Раст Картлийы хъахъхъæныны мисси уыдис комбæстæн æмæ йæ хицауæн Заза Панаскертелæн, кæцы иугонд Гуырдзыстоны ныппырхы фæстæ, Самцхейæ атабегтæй ралыгъдис æмæ Картлийы паддзахы фарс æрлæууыд. Æрмæстдæр Заза Панаскертелы æмæ йе "фсымæры, Цицийы æххуысæй комбæсты 58 мæсыг æмæ аргъуан арæзт æрцыд.

"Зазаоба" фæстаг хатт 1991 азы уагъд æрцыд. Уыцы рæстæджы, нæ респондент куыд зæгъы – Дзамайы комы æппæты фылдæр ирæттæ цардысты.

Адджын цард 1990 азты фескъуыд. Райдыдта "гуырдзиаг-ирон конфликт". Этникон конфликт афтæ скарз ис, æмæ Хуссар Иры раздæры автономон облæсты æдде цæрæг ирæттæн тæссаг сси, тасы бын уыдысты. Дзамайы комы ирæттæ сæ хæдзæртты уадзын райдыдтой.

Санахъоты Зинæ, йе "мкъай æмæ йæ хъæбултимæ иумæ, автобусыл Тбилисмæ ацыдис, уырдыгæй та, Дзæуджыхъæумæ хъуамæ ацыдаид. Гурмæ "ввахс, постыцур автобусы "неформалтæ" æрурæдтой. Федтой, æмæ автобусы ирæттæ уыдис. Зинæйы бинонты уæнгтæй дарддæр ма автобусы уыдис 2 æвзонг лæппу, уыдон дæр ортубайнæгтæ уыдысты. Æрхизын сæ кодтой автобусæй æмæ сæ Гуры штабмæ акодтой.

"Ирæттæ стут æмæ, дам, уæ ам цы хъæуы? – автобусмæ сгæппытæ кодтой, æнæдаст цæсгæмттимæ уыдысты сеппæтдæр. Чидæриддæр ирæттæ уыдыстæм, не "ппæты дæр автобусæй æркалдтой æмæ нæ штабмæ акодтой. Мæ мой сын загъта, "гуырдзиаг хæстæджытæ, дам, мын ис – мæ мадыхойы хъæбултæ скърайæгтæ сты, зæгъгæ". Ацыдысты æмæ Скърайæ æркодтой мæ мойы мадыхойы хъæбулы, цæмæй сбæлвырд кодтаиккой, æцæгæйдæр ын гуырдзиаг хæстæг уыди æви нæ. Мæ мойы мадыхойы хъæбул нæ ракодта уырдыгæй. Махмæ ничи фæцагайдта, фæлæ уыцы дыууæ мæгуыр лæппуйы фырнадæй амардтой", - Зинæйы æмæ йæ мойы сæ гуырдзиаг хæстæджытæ фервæзын кодтой, фæлæ уыцы дыууæ лæппуйы мæрдтæ, Зинæйæн йæхи ныхасмæ гæсгæ, Къуары цæугæдоны ссардтой, Тбилисмæ "ввахс.

Уыцы бонæй фæстæмæ ам баззайыныл хъуыды дæр нал акодтой. Бынтон ног арæзт хæдзар, сæ фос – ныууагътой æмæ сæ хъæбултимæ, Дзæуджыхъæумæ ацыдысты цæрынмæ.

Ног цард сын зындзинæдтæ æрхаста. Æнæхæдзар, æнæдуар, æцæгæлон бæстæмæ ацæугæйæ сæ цард райдыдтой ног сыфæй.

Балæууæндоны ссарынмæ – сæ хæстæджытæм æхсæвит кодтой. Стæй иу заводы райдыдтой кусын æмæ иумæйаг æмдзæрæндоны фатер дæр райстой:
"Сывæллæттæ дæр бахъомыл сты, уыдон дæр райдыдтой кусын, сындæггай та нæ къахыл слæууыдыстæм, цæрын та байдыдтам, фæлæ стæй мæ мой фæзиан æмæ та фæстæмæ æвзæр цард райдыдта мæнæн. Рацыдтæн уырдыгæй æмæ цæрын ам, ныр 12 азы бæрц", - дзуры нын Санахъоты Зинæ.

"Æмæ Гуджаретыл цы æрцыд?" - бафарстам мах, æмæ "Зазайы мæсыгмæ" акастыстæм, кæцы балкъонæй къухы армытæпæнау зынди, цыран къæвдаджын боныхъæдмæ æнæгæсгæйæ-иу, уæддæр визитортæ æрлæууыдысты æмæ нывтæ истой.



"О, уым ме "фсымæры хъæбул, 33-аздзыд чызг фесæфти", - дзуапп нын радта Зинæ.

"Уый та куыд æмæ фесæфти?" - хынцфарст акодтам Зинæйы.

Махæн зындгонд уыди, цæмæй уым цыдæр бæллæх кæй æрцыд, кæцыйы фыццаг равзæрæны гуырдзиаг журналисттæ рагæй агурæм.

"Ахъæрис, хъæумæ, дам, æрбабырстой æмæ адæм æхсæвы хъæдмæ алыгъдысты. Чи кæдæм лыгъдис, нæ зыдтой. Дыккаг бон ацы чызг нал разынд. Бирæ фæцагуырдтой хъæды мидæг ацы чызджы, фæлæ йæ не ссардтой, нæдæр туджы фæд федтой, нæдæр сырды фæд. Сомихыстоны дæр æй агуырдтой, чизоны, дам, уыцырдæм ахызтис, зæгъгæ, фæлæ уыйас азы аивгъуыдта, афтæ æбæрæг сæфт фæкодта æмæ абоны онг ницы зонæм", - радзырдта нын Зинæ ацы цауы тыххæй.

Сæфт чызджы къам Зинæйæн йæхимæ нæ разынд, фæлæ, нын уый бæсты равдыста сæфт чызджы æфсымæры къамы, кæцы аирвæзтис æмæ Дзæуджыхъæуы цардис. Ацы æфсымæр дæр трагиконæй бабын цалдæр азы размæ. Зæй рацыд æмæ зæйы бын фæци.

"Ам хорз у, ам мæ зæрдæмæ цæуы – æрцыдтæн уырдыгæй æмæ ам цæрын – цыран базæронд дæн, цыран райгуырдтæн æмæ цыран мæ царды бонтæ æрвыстон – уыцы бынаты мæ фæнды фæцæрон. Уым бынтондæр мæ зæрдæмæ нæ цыдис, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыдис, мæлæтæй аирвæзыны тыххæй ацыдыстæм, стæй æрыздæхтæн æмæ цæрын ам, æндæрхуызон æй куыд зæгъон нæ зонын, æз уарын ам æмæ цæрдзынæн ам цалынмæ удæгас уыдзынæн, мæ мард мын аласдзысты, кæнæ мæ ам баныгæндзысты. Мæ хицау æмæ ме "фсин ам ныгæд сты", - загъта нын Санахъоты Зинæ.


Print