Ног хабæрттæ
Къудухтæ - 400 м дихгæнæг хæххæй


Иугæндзон цæры иу хæдзар: Къудухты Важа æмæ Заалишвили Мариам. Къудухты хъæуæй 400 м-ы дихгæнæг хæхх у.

Мариам Заалишвили: ,,Æз æмæ Важа стæм, æндæр гæнæн нын кæй нæй, уый тыххæй. Уыдис фæрæз, зæгъæм иуылдæр сыстадысты, кæмæн фæндыдис æмæ ирон æвзаг зыдта – æз гуырдзиаг дæн, фæлæ… сыстадысты æмæ ацыдысты ирæтты фарсмæ, стæй уырдыгæй… хæдæгæй Уæрæсейы сты æмæ нын ис контакттæ, къаддæр-иу æрцæуынц. Мæнæ мах, мæнæн уым цæуыны амал нæ уыдис æмæ баззадтæн ам. Уыдысты адæм, кæцытæ ацыдысты, Тбилисы сты æмæ цын фæнды æрыздахын. Еныр мæнæ ацы сæрды ус æрцыд, иунæг ус æмæ нал… зын у иунæгæй царай, куы æрцæудзынæ мыййаг. Æрцæуынц, сываллæттæ дæр семæ фæкæннынц, фæнды цын сæ фыдыбæстæмæ "мæ артдзæстмæ куы æрыздахой, нæ дæр уæй кæнынц, нæ рауæлдæй кæнынц бынаттæ, фæлæ нæ дæр æй цæрынц, уый тыххæй æмæ алкæмæй нысаниуагджын нæй – дон нæй.''

Важа Къудухты: Алы ран, Гуры районы мæммæ гæсгæ алы архы дæр рацыди дон. Ам дæр Ергнеты баныхастæ куы у, ничи ницы дзуры, æндæра ам дæр куыд нæ рауæддзысты, иуыл хуымæтæгæй æмбæлы загъой æмæ рауадзой дон, нæ донгуырæнæй. Ардыгæй Игоеты онг цыдис ацы дон, мæнæ ацы арх æмæ "нæхъæн адæм ардыгæй донхæрæг кодтой – ацы архæй. Куыд ам бахус ис алыцыдæр – æнæдонæй, афтæ у Дæллагцъалайы дæр. Уæлæ уыцы хъæуæй, Монастер æй хонынц, мæнæ ам æввахс у, арæнгæрон хъæуиæ стæм, алкæмæй æввахс дæр мах стæм. Уым мæммæ гæсгæ уырыссагтæ сæхицæн найæн цад сарызтой æмæ ничи ницы дзуры "мæ… уым афтæ у, уымæн хъæуы рауадзын, нæ архы куы рацæуæ дон

Print