Ног хабæрттæ
«Зинæ ссыди быдырæй» - уазæгуаты Гуджареты коммæ 32 азы фæстæ
Санахъоты Зинæ Гуджареты комы райгуырдис. 18 азы кары Дзамайы комы, Ортубанмæ смой кодта. Гуырдзиаг-ирон конфликты фæстæ, нырма Дзæуджыхъæуы цардис, стæй фæстæмæ Ортубанмæ æрыздæхтис. Райгуырæн хъæуы та никæйуал æрыййæфта, ничиуал дзы цардис.

Фыццаг æм куы æрбацыдыстæм æмæ Ортубаны тыххæй интервью куы истам, уæд интервьюйы рæстæджы æдзухæй Гуджареты кой кодта. Цалдæр боны фæстæ нæ, хæбизджынтæм фæхуыдта, æмæ ирон хæбизджынты кæныны процессы видео дæр систам. Ацы хатт дæр та, бирæ фæныхас кодта Гуджаретыл. Мæ хъæуы ном, дам, хуындис Хвтисмшобели (Мадымайрæм), фæлæ йыл уый фæстæ коммунисттæ æндæр ном сæвæрдтой, Айдаров, зæгъгæ. Ныртæккæ Гъвтисмшоблоба (Мадымайрæмы бон) æрхæццæ кæны æмæ-иу ацы рæстæджы æппæт комбæстæ уырдæм æрымбырд сты.

Раст, нæм уæд фæзындис ацы идейæ, цæмæй ацыдаиккам Хвтисмшобелийы хъæумæ, Гуджареты комы. Санахъоты Зинæйы дæр фæхуыдтам, Иунæг-иу проблемæ уыд уый æмæ хæдзары æнæхицауæй задысты фос æмæ хæдзарон мæргътæ.
Раззаг боны йæм йæ хъæбултæ фæдзырдтой тилифоны, фосы, дам, искæмæн афæдзæхс æмæ, дам, дæхæдæг семæ ацу æнæмæнгæй. «Дзырдтон сын, зæгъын, фос кæмæн хъуамæ ныууадзон, кæрчытæ кæмæн ныууадзон? Никæдæм, дам, алидздзысты фос, фæлæ-ма, дам, Гуджаретмæ кæд ссæудзынæ, кæд-ма, дам, дын уыдзæн ахæм фадат, зæгъгæ? Дæ зæрдæ, дам, барухс кæн. Мæ чызг дæр мæм фæдзырдта, цы, дам, аразыс, нæ, дам, цæуыс?», - дзырдта нын фæндагыл цæугæйæ Зинæ. Райсом 6 сахатыл йæхи сцæттæ кодта цæуынмæ.

Мах дæр араст стæм уыцы фæндагыл, кæцы Гуджареты æмæ Дзамайы комы кæрæдзиимæ иу кæны. Ахызтыстæм: Гвердзинетæй, Тъхъемлованæй æмæ бахæццæ стæм Шуанойы фæндагмæ, цы ранæй фæндаг Гуджареты коммæ цæуы. Схызтыстæм хæрды æмæ бахæццæ стæм тынг рæсугъд бынатмæ, цы ранæй нæ цæсты раз армытъæпæнау разындис Триалеты рагъ, Торы хæхтæ, Дзамайы ком... Фæндаг нæдæр ахæм тæссаг уавæры ис. Фæндагыл цæугæйæ цъусгай-цъусгай йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ мысинæгтæ Зинæйæн, куыд-иу цыдысты йæ моимæ æрвыл аз дæр Ортубанийæ, Шуанойы хохы фæрсты рахизгæйæ – Гуджаретмæ уазæгуаты.

«Куы смой кодтон, уый фæстæ-иу мæ моимæ иумæ куы æрбацыдыстæм ардæм уазæгуаты, уæд-иу комбæстæйы цæрджытæ кæрæдзийæн дзырдтой: Зина, дам, быдырæй ссыди æмæ-иу нæ алчидæр йæхимæ хуыдта, куы-иу мын цыхт лæвар кодтой, куы къуымбилтæ...», - дзуры Санахъоты Зинæ.

Шуанойы хохы æфцæгыл ахизæн фæндаг цæуы æртæрдæм, иу – Митъарбийырдæм (Борджом), дыккаг – Хашуры хъæутырдæм, æртыккаг Дзамайырдæм. Шуанойы хохы цъуппыл амонæн вывескæ Митъарбийырдæм æвæццæгæн цуангæнджытæ сарæзтой. Альпаг зонæйæ фæндаг хъæдмæ хизы æмæ 1 сахатмæ ‘ввахс тархъæды фæцыдыстæм.



«Мах иуылдæр ацы фæндагыл цыдыстæм. Кæм уыдис уæд айхуызæн хъæд. Адæм нал ис æмæ хъæд дæр сырæзтис. Нырма уал Цъинубанимæ ныццæудзыстæм», - зæгъы Зинæ.
Шуанойы хохы цъуппыл æмæ стæй хъæдджын фахсыл сугласæн машинæтæ нæ цæуы, æмæ уый тыххæй æрмæст дæр цалдæр раны уыдис зын ахизæн фадыг. Фæлæ, фæндаг дзæвгар бæрзонд хæрдыл дарддæр кæны. «Фæстæмæ здæхгæйæ ныл æрталынг уыдзæн, æндæра ай ноджы цыбырдæр фæндаг у, Борджоммæ абаргæйæ. Хъæды нын исты куы фехæла, уæд тилифонæй дæр нæ адзурдзыстæм», - зæгъы машинёйы скъæрæг æмæ æцæгæйдæр Цъинубанимæ куы бахæццæ стæм, уæд сахатмæ æркастæн æмæ 2 сахатæй фылдæр бахъуыдыстæм фæндагыл, нæ рацыдæй.

Уалынмæ рахызтыстæм уырдыгæй æмæ фыццаг хъæу дæр æрбазындис. Ацы хъæу уыдис Цъинубани, фараст ирон хъæуæй сæ иу. Куыд зыны афтæмæй, ам ирæтты ацыдæй фæстæмæ дæр, нæ банцад цæрæнбон. Фæндагыл ныл иу карджын адæймаг амбæлд, кæцы æрбацæйскъæрдта хъуччытæ. Уый нын бæлвырдæй загъта, Цъинубанийы кæй стæм.

Цъинубанийæ ахызтыстæм. «Ам кæмдæр хъуамæ суардон уа», тагъд, дам, сæйраг фæндагмæ ахиздзыстæм. А.х. сæйраг фæндаг уымæй ноджы цауддæр разынд, хъæды фæндагмæ абаргæйæ. Зинæ нын радзырдта скъолæйы периоды рæстæджы, нырма 4-къласон, стæй сыхаг хъæуы 8-азон скъолæмæ, уый фæстæ астæуккаг скъолæмæ – «Иуылдæр-иу фистæгæй цыдыстæм, зæгъгæ».

Фæзылдыстæм Гвердиубанийырдæм – ам-иу ногдзауты лагерь уыдис, алы аз дæр-иу Борджомæй сабитæ ссыдысты ардæм, ам улæфыдысты – ныр та ацы бынат иу схъæдджын ком у, кæцыйыл чидæр фæйнæгæй æмбонд скодта. Гвердиубанийы уыдис: скъолæ, дукани, хъæусовет, дзулфыцæн, клуб. Абон та дзы æрмæст дæр ис: кæлæддзæгтæ, кæлæддзæгтæ æмæ ноджыдæр кæлæддзæгтæ. Фæндагыл цæугæйæ ныл æмбæлдис фермæтæ, се ‘хсæн уыдис ног арæзт дæр. Æрмæст, дзы иу дæр нæ хауы бынæттон цæрджытæм. Кæцы хæдзæрттæ ма аирвæзтысты, уым ныр фермертæ цæрынц. Гуджарулайы цæугæдоны ком ныртæккæ фосдарджытæн сæрдыгон сæрвæт у.

Иннæ хъæу нæ хабары историйы сæйраг хъайтар Санахъоты Зинæйы райгуырæн хъæу Гъвтисмшобели у. Ацы хъæуы большевиктæ Айдаров схуыдтой, Цæгат Кавказаг революционеры, Знаур Айдаровы цытæн.
Фæндагыл араст стæм, фæйнæрдыгæй тыгъд быдыр у, хъæу дзы никуыцæй зыны. «Цы фæцис мæ хъæу, дæ хорзæхæй?!» - дисхуызæй сдзырдта Зина æмæ нын ацамыдта иу стыр нæзы бæласмæ, кæцы дардæй зындис: «Ам нæ кувæндон у – Гъвтисмшобели! Йæ хорзæх уæ уæд! Ныр æй бамбæрстон, æмæ мæ хъæуы кæй дæн».

Кувæндоны цур æрурæдтам. Æртæ хæбизджыны æмæ йæм мыдадзын цырæгътæ бахастам. Зинæ уæлмæрдтырдæм йæхи байста. Йæ хиуæтты уæлмæрдтыл æхсынцъыйы талатæ сывзæрдис, дурты фос сæ къæхты бын фæкодтой. Ацы сурæтмæ æнæэмоцийæ нæ уыдис бакæсæн, уæлдайдæр-та Зинæмæ, кæцы судзаг цæссыг калдта йæ фыдæлты ингæнтыл.

Комбæсты 9 ирон хъæу ис. Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, ацы хъæуты фæдавтой. Криминалон къордты уæнгтæ, а.х. «неформалтæ» бынæттон цæрджытæн дзырдтой, цæмæй сын кёй нæ уыдис уыдонæн уым цæрыны бар.
«Борджомæй-иу исчи куы ссыдис, уæд ын аргæвд фыс, сæныкк кæнæ хъыбыл æмæ фæхон хистæрты, уыдон-иу сбадтысты æмæ-иу хорз фæминас кодтой, хорз рæстæг иу æрвыстой; сбадтысты-иу сæхи машинæтыл æмæ-иу ацыдысты. Ахæм рæстæг уыди фæстагмæ Гуджареты, стæй сыл царды карз уавæр æркодта, сæ къахыл куы слæууыдысты æмæ чысыл размæ куы рацыдысты, уæд æрлæууыд ацы фыд рæстæг. Афтæ ныппырхытæ сты, чи æбæрæг сæфт фæкодта, чи мæлгæ акодта, чи-та адæмимæ схæццæ æмæ афтæ...», - дзуры нын Зинæ.

«Гуджаретæй алцыдæр мысын. Мæ къахыл фыццаг цыран слæууыдтæн æмæ цыран разгъор-базгъор кодтон æмæ Цъинубанийы цы суардæттæ цæуы æмæ махмæ цы суадæттæ ис æмæ йæ алыхуызон дæттæ æмæ йæ алыхуызон æрдз, алцыппæты дæр мысын, алцыппæты дæр... уынгæ йæ уæддæр фæкæнон, цалынмæ удæгас дæн... алцыдæр бæллиццаг у. Ныр ыл ахъуыды кодтон – кæм райгуырдтæн, кæм схъомыл дæн æмæ 18 ёмё 20 азмæ цыран разгъор-базгъор кодтон – куыд æй не рымысдзынæ?!», - ацы ныхæстæ нын уæд загъта, фыццаг интервьюйы рæстæджы Ортубаны. Раст, уæд аскъуыддзаг кодтам, цæмæй Зинæйы йæ райгуырæн хъæумæ Гуджарулы комбæстæм акæнын.
«Мæнæ, ацы хæдзар Мамиты хæдзар уыдис. Йæ къултæ ма баззадысты, æвæццæгæн æм йæ хæстæджытæ сæ хъус дардтой», - дзуры нын Зинæ. Хъæууатыл æхсынцъыйы бæлæстæм бацыдис, кæцытæ афтæ зад уыдысты æмæ фыррæгъæдæй сырх æмæ бурæй «æрттывтой».

Æнæссыбырттæй ацыдис уæлмæрдырдæм. Бирæ фæцагуырдта йæ фыды уæлмæрды. Цалдæр ингæныл-ма уыдис æмбонд, иннæтæ æнæмбондæй уыдысты. Марды дуртæн сæ фылдæр хауд уыдысты. Кæуыны уынæрмæ бамбæрстам, йæ фыды уæлмæрд кæй ссардта. Сæрибарæй æрмæст уæд фæкуыдта, аргъуаны кæлæддзæгтыл цырæгътæ судзæн бынаты иунæгæй куы баззадис. Уый фæстæ куы рацыдыстæм, уæд фæндагыл тилифоны йæхиуæттæн загъта, зæгъгæ, дам, иунæгæй куы уыдаин, уæд, дам, ноджы хъæрæйдæр фæкуыдтаин.

«Чи кæдæм фæцыд, чи та – кæдæм, ныппырхытæ сты. Ацыдысты æмæ алчидæр йæхицæн, йæ цард кæны, ныртæккæ сæ алчидæр хорз цæры. Бирæ дзы мæлгæ дæр акодта – уырдыгон уæлдæфы не ‘сфæрæзта, Дзæуджыхъæуы умæлджын у. Æз дæр ацыдтæн æмæ фæстæмæ æрыздæхтæн. Æз ам уарзын æмæ цы кæнон... æрцыдтæн æмæ мæхицæн мæ хæдзары дзæбæх цæрын, хуыцауы фæрцы. Сывæллæттæ дæр-иу æрцæуынц, æрмæст ацы аз нал æрцыдысты ацы вирусы тыххæй. Фæлæ Гуджареты, уæддæр хуыздæр цард уыдис, бирæ фос нын уыдис, адæм хуыздæр цардысты, быдыры сын уæддæр фосы къаддæрдзинад уыд, æнæуи дæр дзы нæй бирæ фосдарыны фадат ам, уым-та хорз сæрвæттæ уыдис, æмæ хуыздæр цардыстæм», - дзуры нын Зинæ.
Комы 9 ирон хъæу сафтид, се ‘хсæн, Гъвтисмшобелийы хъæу дæр, цыран Зинæ æмæ йæ ныййарджытæ цардысты. Змæстытæ куы райдыдта, уæд адæм лидзын райдыдтой. Дзæуджыхъæумæ ацыдысты Зинæйы мад, йе ‘фсымæр, йе ‘рвадæлтæ... нырма кæстæрты арвыстой, уый фæстæ хистæрты.



Ацы хъæуимæ баст у 33-аздзыд Лианайы сæфты истори. Лиана Санахъоты Зинæйы мады хойы хъæбул уыд. Уæд Зинæ Ортубаны цардис, йæ зæронд мад та – Гъвтисмшобелийы.

«Адæм лидзын куы байдыдтой, уæд нырма гыццылты акодтой Дзæуджыхъæумæ. Мæ мады хо дæр ацыдис æмæ ме ‘фсымæры сывæллæтты акодта. Фæстæмæ, дам, куы æрыздæхон, уæд, дам, зæрæдты дæр акæндзыстæм. Хъæуы-ма баззадис цалдæр зæронды, се ‘хсæн мæ мад дæр. Мæ мады тыххæй Лиана баззадис ам. Уыцы æхсæвы хъæу бастыгътой, цыдæриддæр ссардтой ахастой сæ, мæ мадмæ дæр бацыдысты «неформалтæ». Лиана сынтæджы бын бамбæхсти. Хъæуы кæд исты хæссинаг уыд, фæхастой йæ. Мæ мад сын загъта, ам, дам, нæм ницыуал ис, иуылдæр, дам, ацыдысты ардыгæй, ничиуал, дам баззад ам. Дыккаг боны æхсæвы дардæй машинæйы рухс куы федтой, уæд ахъуыды кодтой, æвæццæгæн та, дам, махмæ æрбацæуынц æмæ ацы зæронд адæм хъæдмæ сёхи бамбæхсынмæ алыгъдысты. Лиана дæр алыгъдис хъæдмæ, æрмæст уый ноджы дарддæр алыгъдис. Мæ мадæн йæ бон цæуын нæ уыдис, йæ къæхтæ рыстысты æмæ хæдзары баззадис. Фæстæмæ куы æрбаздæхтысты адæм, уæд Лиана семæ нæ уыдис. Мæ мад сæ бафарста, Лиана, дам, цы фæцис? Уыдон ын загътой, хъæдырдæм, дам, дард алыгъдис. Æртыккаг бон мæ мады хо æрцыдис Дзæуджыхъæуæй æмæ Лианайы хæдзары не ‘рыййæфта. Борджомæй машинæйы скодта, хуыссæнгæрзтæ æмæ дам, æндæр истытæ дæр аласон, фæлæ ацы машинæйы дæр дзæгъæлы баххуырста. Æнæхъæн 3 боны агуырдта хъæды Лианайы – Лиана, Лиана! Хъæр кодта, фæлæ Лиана никуыцæй разынди», - мысы Санахъоты Зинæ.
Лианайы мад Тбилисмæ ныццыди, патриархатмæ бацыдис æмæ дзы йæ хъæбулы бацагурыны тыххæй æххуыс ракуырдта. Ахалкалакы дæр æй агуырдтой хæстæджытæ, чизоны, дам, уыцырдæм ахызтис, зæгъгæ. Бакъурианы дæр æй агуырдтой. Сомихыстонмæ дæр ацыдысты, уым дæр æй агуырдтой, фæлæ йæ не ‘ссардтой, æмæ абоны онг Лиана сæфтыл нымад у.

Фæстагмæ, хъæбулсæфт, Зинёйы мады хо Дзæуджыхъæумæ аздæхтис. Иунæг лæппу ма йын баззад. Уыцы лæппу дæр ын 2002 азы трагикон æгъдауæй фæмард. Хъæрмæдоны горæты раст Гъвтисмшоблобайы размæ боны зæй рацыди, цыран 200-йæ фылдæр адæймаг фæзиан, се ‘хсæн, Лианайы æфсымæр æмæ Зинайы æмхæрæфырт. «Уый фæстæ-ма мæ мады хо дыууæ азы ацардис æмæ йæ стæй Дзæуджыхъæуы баныгæдтой», - зæгъы Зинæ. Гъвтисмшобелийы хъæуы та 90-æм азты фæстæ, зæгъæн ис æмæ никæйуал баныгæдтой.

Санахъоты Зинæ Гуырдзыстонмæ 1993 азы æрыздæхтис. 6-мæйон тохы фæстæ, Ортубаны йæ хæдзар раздæхта. Гуырдзиаг хиуæтты æххуысæй, неформалтæ хæдзары ссæрибар кодтой:
«Куы-иу кæм фынæй кодтон, куы – кæм. Кæй нал батыхсын кодтон, ахæм ничиуал баззад. Иугæр æрыздæхтæн Ортубанмæ, уёд мё фæстæмæ ацæуын нал фæндыдис. Шеварднадзе расидтис, цæмæй алчидæр æрыздæхтаид йæ хæдзармæ. Æз æмæ мæ хæстæг рацыдыстæм. Мæ чындзæн загътон, зæгъын æз Орджоникидземæ æрыздæхæг нал дæн. Куыддæриддæр мын мæ хæдзар ссæрибар кодта уыцы лæг, афтæ æрбацыдтæн афтид хæдзармæ æмæ къултæн байдыдтон пъатæ кæнын, зæгъын уæ никуы уал ныууадздзынæн», - загъта нын Зинæ.



Уыцы 90-æм азты, Дзæуджыхъæуы йæ хъæбул ус æркодта. Йæ чындз дæр Гуырдзыстонæй ацæугæ у.

«Сæ дыууæ дæр ардæм Ортубанмæ æрцыдысты. Иу афæдз ам арвыстой. Уыцы рæстæджы сабыр период уыдис, фæлæ уæддæр тыхст цард уыдис, фæндаг ам нал уыдис, куыст ам нæ уыдис æмæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ аздæхтысты мæ хъæбул æмæ мæ чындз. Ныртæккæ мæ хъæбулы хъæбултæ стыртæ сты. Æрвыл сæрд сæ ардæм фæнды æрцæуын. Зина бабомæ, дам, ацæуæм, Гуырдзыстонмæ, Зина бабомæ, дам, ацæуæм, зæгъгæ. Ацы азы не ‘рцыдысты, коронавирусы тыххæй, хæдзары бадынц. Иннæ азмæ нал æрцæудзысты», - зæгъы нын Санахъоты Зинæ.

Гуджарулайы комæй фæстæмæ здæхгæйæ фæндагыл Зинæмæ Дзæуджыхъæуæй йæ хо фæдзырдта:

- «Ацыдтæ? – хъуысы тилифоны хæтæлæй.
- Уыдыстæм, ныртæккæ уырдыгæй рацæуæм.
- Æмæ куыд уыдис, фæкуыдтай?
- Куыд нæ фæкуыдтаин – уæлмæрдыл уыйас æхсынцъы сзадис, дуртæ фæлдæхт – мæ зæрдæ фæрыст. Нæдæр нæ хæдзар, нæдæр Бахъаты хæдзар – ницыуал баззадис.
- Нæ дæр фæткъуытæ æмæ нæдæр æнгузтæ?
- Цæй фæткъуы æмæ цæй æнгузтæ, хæдзары фундамент дæр нал ис... ».

Print