Ног хабæрттæ
Проблемæтæ дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс æмæ лигъдæтты цæрæнуатты
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрджытæ курынц, цæмæй полицæйы æмкусджытæ мониторинг æрмæст хъæутæм бахизæны, нæ фæлæ, хъæутæй рахизæны дæр ауадзой.

Ай фæдыл дзырд цæуы уыцы иртасæны, кæцы мажоритарон депутаттæм кандидаттæн организаци «Картлос» сарæзта.

Документы æвдыст ис проблемæтæ, кæцыты мажоритар кандидаттæ сæхи æвзарæн программæйы хъуамæ равдисой, æмæ кандидатты ‘рдыгæй лæвæрд ныфсытæ ацы проблемæты æрбæстон кæнынæн хъуамæ дзуапп кæной.

Оккупацийы хаххмæ ‘ввахс хъæуты æмæ лигъдæтты цæрæнуаты æрфарст уагъд æрцыд. Арæзт æрцыд документ. Кæцыйы бындурæн раст æрфарсты фæстиуæгæн райсгæ информаци æвæрд æрцыд.

Проекты хæларады хид «Картлос» æххæст кæны, кæцыйы минæвар Гегешидзе Леуан алæвæрд «Картлийы студийы» иртасæны фæстиуджыты тыххæй лæмбынæгæй радзырдта.

Сæйраг фарстытæ, кæцытæ иртасæны процессы рабæрæг, сæйрагæйдæр 3 æрдæмадмæ хауынц. Адон сты оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæуты уавæр, лигъдæтты цæрæнуаты уæвæг ситуаци æмæ æвзонг фæсивæды хайадист. Гегешидзе Леуан зæгъы, цæмæй алкæцы фарстæйы тыххæй информаци хыгъдлæвæрды деталонæй у фыст.

«Картлосы» минæвар нымайы, цæмæй паддзахад сæрмагонд хъусдард хъуамæ æрдара æдасдзинады проблемæмæ, кæцымæ оккупацион хаххы цур цæрæг адæм сæ хъусдард здахы. Бынæттон цæрджыты зонæнтæм гæсгæ, полицæ сæйрагæйдæр, хъæутæм бахизæнты контроль кæны, реалонæй та, уыдонæн хуыздæр уыдзæнис, барадхъахъхъæнджыты мониторингы ареал рауæрæхдæр кæнын.

Алæвæрды Бербукъы лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг Мариамидзе Диана дæр раныхас кодта. Уымæн алцæмæй стырдæр проблемæ æнæформалон ахуырады æнцонвадатдзинады къаддæрдзинад у. Ноджы иу респондент, кæцыйæн ахсджиаг у æвзонг фæлтæрыл аудын, Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг Къахниашвили Кетеван у. Уый ныхасмæ гæсгæ, цæрæнуаты цæрæг адæймæгтæн проблемæтæ кармæ гæсгæ гæнæн ис дихгонд уой.

Print