Ног хабæрттæ
«Мигътæ бынмæ æрхизут» - хъарапилайаг дада æмæ орчъосайнаг хъæбулы хъæбулты бæллиц
Аланыл цал азы цыд, куы йæ федтам? – Фæрсы 81-аздзыд Тъехашвили Гиорги йе ‘мкъайы.

– Нырма уæд скъолæмæ нæ цыдис, – дзуапп ын ратта йе ‘мкъай, кæцы нæм рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыста интервьюйы рæстæджы, æмæ кæрты йæ архайын нæ уагъта.

Ацы лæг æмæ усæн сæ хъæбул чындзыдзыд у дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийыл, Орчъосаны хъæумæ. Ацы хъæу Хъарапилайæ 1 км-ы дæрддзæгмæ ис, хæдзары балкъонæй армытъæпæнау зыны.

– Цæй скъолæмæ цыдис уæд?! Гио дæр нæ цыдис скъолæмæ. Ныр, æртыккаг къласы ис. Фондз азы...

– Цæй фондз азы?! Аланыл фараст азы цæуы еныр. Уæд ыл цас цыдис, афæдз æви фылдæр, нал æй хъуыды кæнын.

– Ойы, фондз азæй фылдæр рацыдис.

– Нæ зонын, тилифоны-иу мын афтæ фæдзуры: «Нана, кæд, дам, нын бакæндзысты дуар?
»



Нæ сабыр кæны нана, кæцы тырны, йæ зæрдыл æрлæууын кæна, уый, цал азы нæ федта йæ хъæбулы хъæбулты.

Хъарапилайы æмæ Орчъосаны ‘хсæн, ауагъд дихгæнæг æмбондыл дуар ис монтажгонд. Ацы дуары «дæгъæлтæ» та, уырыссаг æфсæддонты къухы сты.

«Мигътæ-иу арвыл куы æрбазынынц, уæд сабитæ мигътæн афтæ балæгъстæ кæнынц: - Мигътæ, бынмæ-ма, дам, æрхизут, æмæ уыл сбадæм æмæ нæ дадайы æмæ нанайы фенæм, зæгъгæ», - ацы ныхæсты фæстæ 81-аздзыд лæг йæхи нал баурæдта æмæ йæ кæуыны уынæр райхъуыст.

81-аздзыд Тъехашвили Гиорги æмæ йе ‘мкъай Хъарапилайы хъæуы цæрынц.

Хъарапилайы хъæу – Къаспы районмæ хауы. Автобусыл цæугæйæ сымахæй алчидæр фендзæнис сосафæндагæй цæгатырдæм, къуыппыл уæвæг хъæуты. Ацы хъæутæй сæ иу у Хъарапилайы хъæу.

Хъарапилайы хъæу æввахс у куыд дихгæнæг хаххмæ, афтæ, автобанмæ дæр. Хъæуы алыварс монтажгонд банертæ æнæхотых цæстæй дæр хорз зынынц. Раздæры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты арæнтæ автобанæй 350 метры дæрддзæгмæ хицæн кодтой.



Фотойыл: раздæры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты «арæн» googlemap-мæ гæсгæ.

Уæд ацы «арæнтæм» йæ хъус ничи дардта. Абон та, иу уыдиснымæ дæр сæ хъус дарынц. Уæрæсейы æфсæддонтæ æмæ дэ-факто республикæйы æдасдзинады æмкусджытæ, 2013 азæй ауæдзты аразын байдыдтой. Æрвыл аз дæр ацы ауæдзтæ сног кæнынц, æниу Орчъосаны бынмæ, цъæх æмбондтæ нырма нæй монтажгонд.

Æнæофициалон информацийæ, дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад нæма аскъуыддзаг кодта, кæцы картæйæ спайда кæндзæнис. Бæрæггонд цæуы, цæмæй орчъосайнæгтæн сæ зæххытæ баззадысты уым, цыран ныр Хъарапилайы территори у. Хъарапилайы нын загътой, цæмæй дихгæнæг хаххæй, орчъосайнæгтæ бирæ фылдæр фæзиан кодтой.

«81-аздзыд дæн. Еныр мыл фыццаг октябры сæххæстис 81 аз. Ницы нын у, сæ хъус нæм дарынц. Хъæуы асфальт фæндаг сарæзтой. Дон нын рауагътой, ничи нæ хъыг дары...», - зæгъы Гиорги æмæ нын æмбарын кæны, зæгъгæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæутæм хорз хъусдард ис, фæлæ... .

«Махæн æппæтæй зындæр у, уый, æмæ ныртæккæ Орчъосанмæ нæ бон нæу цæуын, нæ уадзынц. Уæртæ уыцы фарсæй, «арæн» уым æввахс ис, хъæуы кæронæй у 400 метры, хъæуы онг та – 1 километры бæрц у, мæ чызг уым цæры, фæлæ мын уый гæнæн нæй, æмæ мæ чызджы хъæбулты, мæ хъæбулы хъæбулты - дыууæ чысыл лæппуйы бабæрæг кæнон. Ацæуæм æмæ сæ фенæм. Æз æмæ сæ нана дæр, мæтæй мæлæм сæ уындмæ бæлгæйæ. Уыдон дæр афтæ. Æрмæст тилифонæй семæ цы ныхас кæнæм, уый йеддæмæ нын æндæр ницы бастдзинад ис», - зæгъы Тъехашвили Гиорги.



Фотойыл: Орчъосаны хъæу, Хъарапилайæ уынд.

Дзуры нын, цæмæй нана æмæ дадайы сæ хъæбулы хъæбултимæ афтæ кæрæдзийæ адард кæнын сывæллæттыл тынг кæй æндавы:

«Мигътæ-иу арвыл куы апырх вæййынц, уæд сабитæ мигътæн афтæ фæлæгъстæ кæнынц: - «Мигътæ, бынмæ-ма, æрхизут, цæмæй уыл сбадæм æмæ дам, дадайы æмæ нанайы фенæм»... æмæ нæй уый гæнæн, цæмæй фæнды Монастеры, фæнды Цъинагары, Орчъосаны – иу ран байгом кæной æмæ уырдыгæй хæстæджытæ æмæ хиуæттæ кæрæдзимæ цæуой? Уадзæн пункт дзы уæд, йæ документтæ ныууадзæд уым æмæ фæстæмæ куы раздæха уæд ын сæ радтæд æмæ афтæ цæуой сæ кæрæдзимæ хæстæджытæ? Кæннод афтæ куыд хъуамæ æрцæуа, æмæ баиуой, кæрæдзимæ ныхас куы нæ хæссой, хæстæджытæ куынæ райдайой кæрæдзимæ цæуын?! – зæгъы Тъехашвили Гиорги.

Фыццаг хæсты фæстæ (1990-æм азты) уæгъдибарæй цыдысты – Орчъосанмæ дæр, Цъинагармæ дæр æмæ комы алы хъæумæ дæр.

«Мæнæ, Эргнеты базары дæр куыстон, нæ хъæуккæгтæ дæр дзы куыстой, къахеттæгтæ дæр, Ныгуылæн Гуырдзыстонæй дзы тынг бирæйæ куыстой, алчи дæр куыста; алкæмæн дæр дзы куыст уыди, æхца дæр арæзтой. Уырдыгæй ардæм ластой, уæй кодтой æмæ хъуыддаг размæ цыд æмæ ныр та, æрдæбон дæр æй куы загътон, 81-аздзыд дæн, кæдмæ-ма цæрдзынæн? Мæ хъæбулы хъæбулты уындмæ бæлгæйæ куы амæлон, уæд уый куыд? Кæд ма хъуамæ æрлæууа уыцы рæстæг? Уырдыгæй (мæрдтæй) æрыздæхæг адæймаг æз нырма нæ федтон, дыккагæй ардæм ничиуал æрыздæхдзæн æмæ ай æнцон аразæн хъуыддаг куы у, ныхас райдайой æмæ кæд бафидаудзысты – хорз, кæннод – хæстæджытæ, хиуæттæ... кæрæдзимæ уæддæр цæуой, сæ фылдæр æмхæццæ бинонтæ сты. Уым гуырдзиаг у, ам ирон гуыдзиагæй мойгонд у, гуырдзиаг иронæй мойгонд у – цас бинонтæ ис ахæмтæ æмæ уый зын нæу? Хъуамæ афтæ саразой, цæмæй хæстæджытæ кæрæдзи уыной, кæрæдзимæ цæуын райдайой, хион-хионмæ бацæуа. Афтæ фæмардысты ардыгæй ацæугæтæ æмæ зианы ардыгæй ничи уыдис, кæрæдзимæ нал дæр чындзæхсæвтæм цæуынц, нал дæр хистмæ – ныппырхытæ сты алырдæм æмæ ...», - ахæм у 81-аздзыд лæджы зæрдæрыст.

Хъæуы уазæгуаты уæвыны рæстæджы, бынæттон цæрæг Меладзе Автандилимæ дæр фембæлдыстæм. Уый сæйрагæйдæр Шаушвебы йæ бинонтимæ иумæ цæры, фæлæ фылдæр рæстæг Хъарапилайы вæййы: йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ Хъарапила мæгуыр хъæу у, йæ рæстæджы та бонджын хъæу уыдис.

«Абоны уавæрæй, нуазыны дон сарæзтой, фæлæ нын донхæрæггæнæн дон нæй, æрдзон газ дæр бауагътой хъæумæ, дон дæр нын рауагътой, фæндаг дæр нын сарæзтой, фæлæ сæйраг – донхæрæггæнæн дон нæй, кусæг лæгæн ацы дон куы нæ уа, уæд ницы æрзайын кæндзæн, ницы тыллæг райсдзæн æмæ ницы дæр зайы æнæдонæй, уæхæдæг дæр æй уынут – бæлæстæ куыд бахус сты, хус кæны алцыппæт ...», - зæгъы Меладзе Автандил.

Бынæттон цæрæг Меладзе Автандил нын куыд загъта, уымæ гæсгæ – Хъарапила æмæ Орчъосан, кæцытæ ардыгæй æдæппæт цыдæр иу километры дæрддзæгмæ сты, куыд иу хъæу афтæ уыдысты. Зианы, циндзинады, чындзæхсæвмæ æви хистмæ – хонæг сæ нæ хъуыдис.



Æмбарын нын кæны, цæмæй донхæрæггæнæн доны проблемæйы æрбæстон кæнын кæй ис гæнæн æмæ архайы, цæмæй нын ситуаци бамбарын кæна:

«Еныр куыд у, уый зоныс? Нæ дон цыдис Цхинвалæй, Ирыстонæй хъуамæ рацыдаид, Хурвалетыл хъуамæ рахызтаид æмæ стæй махмæ æрцыдаид. Ныр уым ацы къанау – хæлд у, махуæтты уырдæм нæ уадзынц æмæ нын дон чи рауадздзæн? Кæрæдзиимæ хъуамæ баныхас кæной. Фæззæгæй – уалдзæгмæ Надарбазеуы цадæй дон цъырдтой æмæ дон йæхæдæг цыдис айонг. Ацы быдыртæ – Суенетæй – Игоеты онг, Квемо Чъалайы онг донхæрæг кодтой, фæлæ ныр иу къанау дæр нæ кусы», – зæгъы Меладзе.

– Хъæуы æрыгон фæсивæд нæй? – бафарстам æй мах.

– Хæрз цъус. Скъолæмæ куы цыдтæн æз, уæд ацы хъæуы цыппор хæдзарæй фылдæр цардис, ныр та, 40 хæдзары нæ, 30 адæймаг дæр нал стæм. Æрмæст иу къласмæ цыдыстæм астæй æмæ ныр дæхæдæг ахъуыды кæн, скъолæ ис Къодицъхъаройы æмæ Нигозайы, ам скъола никуы уыдис. ... Бирæ хатт сын фыццаг къласы сывæллон нæ вæййы. Цæрынæн æвзæр бынат нæу, фæлæ æнæдонæй цæрын зын у.

Автандилæн ма Хъарапилайы цæры æрмæст иу æрвад, иннæ хæстæджытæ фæцыдысты, сæ фылдæр Цæгат Ирыстонмæ алыгъд цæрынмæ.

«Нæ бинонтæ уыдыстæм фондзæй, дыууæ хо æмæ дыууæ æфсымæры – Дзæуджыхъæумæ ацыдысты. Ме ‘фсымæр фæзиан, мæ фыд фæзиан. Иу хатт ныццыдыстæм, мæ фыды дыууиссæдзæм боны. Ме ‘фсымæр амардис, нырма йæ афæдзы бон дæр нæ ацыд», – зæгъы Меладзе Автандил.

Хъарпила хауы Къодицъхъаройы теммæ.

«Къодицъхъаро гуырдзиаг хъæу у æмæ нæ хæдзарады хистæртæ иуылдæр гуырдзиæгтæ уыдысты æмæ-иу мородертæ (гуырдзиаг неформалтæ) куы æрбацæйыдысты, уæд-иу сæ æрурæдтой æмæ сын хæдзарадæй куы фос лæвæрдтой, куы æндæр исты, цæмæй сæ хъæумæ ма æрбауагътаиккой. Уыдон нæ тынг бахъахъхъæдтой. Уымæн æмæ, мах иумæ хорз цардыстæм. Уый у сыгъдæг гуырдзиаг хъæу, æрмæст дзы дыууæ ирон хæдзары цæры, дыууæ дæр Уазæгты мыггагæй сты».

Хъæумæ куыддæр бахизат, афтæ фендзыстут Уастырджийы кувӕндон æмæ фæстæмæ чинæуал æрыздæхти уыдоны мемориал, кæцыйы хъæуæн Дзæуджыхъæуы цæрæг фыссæг Тъехты Валикъо балæвар кодта. Уый фыст у æмдзæвгæ «Хъарапила» дæр. Æмдзæвгæ дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты мемориалыл ис фыст. Ам ис Тъехты Валикъойы бюст дæр.

Хъарапилайы нын фыццаг хатт ацы æмдзæвгæйы нæ фысым – Вазагашвили Жужуна фенын кодта, уый у цалдæр азы размæ трагикон уавæры фæмардуæвæг Вазагашвили Юрийы хо.

«Хъарапилайы хъæуы ирæттæ цæры. Ам цæрынц: Тъехтæ, Вазагашвилитæ (Уазæгтæ), Маргъишвилитæ (Мæргъитæ), Дриатæ (Меладзетæ)..., Бестаутæй дæр дзы цардис, Хъоратæй дæр, Гæззатæй дæр, фæлæ дзы абон ничиуал цæры ам, иуылдæр фæлыгъдысты Дзуджыхъæумæ», загъта нын Жужуна.



Print