Ног хабæрттæ
Ахалгойраг хирург коронавирусæй Цхинвал-Тбилисы фæндагыл фæзиан
Цхинвал-Тбилисы фæндагыл, ахалгойраг хирург, 68-аздзыд Гатенашвили Онисе корнавирусæй фæзиан. Ай фæдыл информаци бынæттон æмбæстагон активист, Меарахъишвили Тамар парахат кæны.

Уый, Гатенашвили Онисейы уæззау уавæры фæдыл, дыууæ боны размæ дæр фыста. Меарахъишвили Тамары ныхасмæ гæсгæ, хирургы бинонтæ Тбилисмæ йæ акæнын куырдтой, фæлæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад ацы уынаффæ уæд райста, хирургы уавæр тынг куы скарзис.

«Дохтыр, кæцыйы тыххæй знон фыстон, фæндагыл фæзиан, Цхинвал-Тбилисы фæндагыл. Цы йæ хъуыдис уым? Ахæм тæрхон нын рахастой 14 мæйы размæ – 62 км, 4 хохыл хъуамæ ахизæм, тæссаг фæзилæнтыл, цæмæй ныццæуæм Цхинвалмæ. Уым æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн хъуамæ бауырнын кæнæм, цæмæй кæй не ‘фсон кæнæм, зæгъæм, инсульты тыххæй», - зæгъы Меарахъишвили Тамар.

«Вирусы сбæлвырды фæстæ, уайтагъд скарз йæ уавæр, тыхулæфт кодта. Акодтой йæ Цхинвалмæ æмæ йæ стæй Сырх Дзуары æххуысæй Тбилисырдæм рацæй кодтой æмæ фæндагыл дыууæ хатты æрлæууыд йæ зæрдæйы куыст. Тагъд æххуысы реанимацион мадзæлттæ йын ауагътой, фæлæ йын ницыуал феххуыс сты. Ам, Цъерованы ис зиан, ам æй баныгæндзыстæм. Мæ мад районы ис, фæнды нæ, цæмæй рацæуа, фæлæ куыд йæ бон бауыдзæн рацæуын, уый нæма зонæм. Фæндыдис нæ, цæмæй нæ фыды раздæрдæр ракодтаиккам, фæлæ нын нæ рауадис, цыдæр документты æрбæстон кæнынæн рæстæг хъуыдис. Цалынмæ документты цæттæ кодтой, уæдмæ рæстæг цыдис», - загъта Гатенашвили Онисейы хъæбул, Гатенашвили Макъа радио «Тависуплебайæн (Сæрибарадæн)».

Ахалгоры уæвæг ситуацимæ цы хауы, уымæй та, æмбæстагон активист Меарахъишвили Тамар фыссы уыцы уавæры тыххæй, кæцы «Цънелисы кризисы» фæстæ ис Ахалгоры æмæ куыд уæззау уавæры ныппæрста уым баззайæг адæймæгты. Дэ-факто Хуссар Ирыстоны Республикæйы президент, Бибылты Анатоли 2019 азы сентябры мæйæ, алы уадзæн пункты сæхгæдта æмæ æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны хицауады контролгонд территоримæ ахизыны фадат нал дæтты, уыцы рæстæгмæ, цалынмæ Цънелис-Чорчанайы территорийыл æвæрд полицæйы посты Гуырдзыстоны хицауад нæ сисдзæнис бынтондæр уырдыгæй.

«Иунæг-иу тых мах стæм. Бинонтæ хъуамæ цырддзаст уой æмæ спайда кæной æппæты радикалон мадзæлттæй, цæмæй удæгасæй ахæццæ уа уыцы территоримæ, цыранмæ уыдон фæнды. Хъуамæ цырддзаст уа алчидæр, цалынмæ нæ хæстæджыты æмæ нæ рад æрлæууа уæдмæ. Мах хъуамæ Бибиловæн саразын кæнæм афтæ, цæмæй документты «æрбæстон кæнынæй» адæймаджы цæрæнбон уæлдæр сæвæра», - зæгъы Меарахъишвили Тамар.

Print