Ног хабæрттæ
Нигозайы хъæу
«Æнгузы аппау, дам, хæрзад сыджыт у» - афтæ, сын загъта йæхæдæг Амилахвар Ксаны комы Къуцхоеты хъæуæй æрцæуæг хæдзары бинонтæн, Квемо (дæллаг) цъалайаг æлдар уыдон уырдæм куы æркодта, уæд, кæцы ныртæккæ ис автобаны акомкоммæ. Сыгъзæрин, дам, ын радтой Амилахварæн æмæ дам, афтæ фæзынд Нигозайы хъæу. Ай уыдис 19-æм æнусы азтæуккаг заманты. 

Ныртæккæ Нигозайы хъæуы 50-ы онг хæдзары бинонтæ цæры. Цæрæнуат Къвернакъы (Къвернак) хохы рагъы цæгат фахсыл ис. Сæрвæттæ сын ацы хохы рагъыл ис, фæлæ зæххы фадгуытæ та, дæлейæ Тортлайы цæугæдоны акомкоммæ.

Музашвили Ильяйыл тагъд 60 азы сæххæст уыдзæнис. Ныртæккæ уый, Нигозайы астæуккаг скъолæйы ахуыргæнæгæй кусы æмæ спорты уроктæ уадзы. Æвзонгæй рагбист уыдис, ерысты хайад иста Советон Цæдисы масштабæй Гуырдзыстоны номæй.

1990-æм азты, Советон Цæдисы ныппырхы æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты скарзы фæстæ, спорты ныууагъта. Йе ‘мбæлттæ йæ фæстæмæ рагбийæ хъазынмæ хуыдтой, фæлæ сын Илья «нæ» загъта:



Фотойыл: Нигозайы хъæу, Тортлайы цæугæдоны ‘рдыгæй.


«Тынг бирæ æмгæрттæ мын дзырдтой, цæмæй фæстæмæ спортмæ æрбаздæхтаин, фæлæ æз не сразы дæн. Уæд, ахæм рæстæг уыдис æмæ, мын искуы, искæцы горæты, мæнæн исчи исты куы загътаид, этниконы нысанæй, уæд ын нæ ныббарстаин æмæ мæхи рахибар кодтон. Уыцы рæстæджы бинонты хицау уыдтæн æмæ баззадтæн хъæуы. Æркастæн мæ хæдзармæ, бакуыстон мæ цæхæрадæттæ æмæ афтæ адарддæр кодтон фæллойы куыст кæнын», - зæгъы нын Музашвили Илья.

Æвзонгады æппæты хуыздæр азты мысинæгтæ-ма æрмæстдæр зæрдæйы баззадысты. Къамтæ дæр, нæ хæстæджы хæдзары æнæнхъæлæджы фæзынгæ зынгирвæсты амæттаг фесты. Дзуры, зæгъгæ, йын ам тынг бирæ хæлæрттæ ис, уымæй фылдæр, цас ын дихгæнæг хаххы иннæ фарс ис, фæлæ уымæн уæлдай зындæр уый у, æмæ уыдонæй, иуы дæр куы нæ уал уыны. 30 азы ныр уымæ æнхъæлмæ кæсы, кæд æрбæстон æмæ сног уыдзысты æмахастытæ.

Мах йемæ ныхас кодтам йæ цæхæрадоны, кæцы ис дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс. Ай уыцы бынат у, цыран автобанæй æдыппæт 350 м-мæ ис банер монтажгонд. Ардыгæй райдайы де-факто Хуссар Ирыстон, кæцыйы уырыссаг æфсæддонтæ контроль кæнынц.

«Æппæты тынгдæр мын мæ зæрдæ уый риссын кæны, æмæ кæимæдæриддæр хæлар уыдтæн, хæлардзинад зонут сымах дæр, æмзæрдиуæгдзинад нысан кæны, æмæ ацы дыууæ хæлар адæймаг кæрæдзийы ныхмæ куы фесты æмæ куы сызмæстис ситуаци, алкæмæй тынгдæр мын ай риссын кæны мæ зæрдæ, уый тыххæй, æмæ мын ацырдыгæй хæлæрттæ бирæ фылдæр ис, цас мын уыцырдыгæй ис, стæй дæр дын хæлар фæнды иу уæд, уæддæр æй бахъахъхъæнын хъæуы. Уым дæр мын ис хæлæрттæ, кæцыты цалдæр азы дæргъы нæ федтон», - зæгъы нын Музашвили Илья æмæ уым йæ хъусдард здахы ууыл, цæмæй рæстæг тынг тагъд кæй ивгъуыйы:

«60 азы мыл æххæст кæны ацы экспериментты уагъды. Уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æмæ сом уыдзæнис хорз цард, иннæбон уыдзæнис, уый иннæбон уыдзæнис æмæ æппындæр нырма ницы уынын ахæмæй ацы политикон змæстдзинæдтæй дарддæр. Мæ бон куы уаид дихгæнæг хаххæй ахизын, уæд фыццаджыдæр стыр æхсызгонæй федтаин Габеты Къолайы. Абреуы хъæуæй у. Мæнмæ цы фæстаг информаци ис, уымæ гæсгæ, ардыгæй ацыдис. Ныртæккæ кæм ис, уый дырысæй нæ зонын», - зæгъы Музашвили Илья йæ хæлары тыххæй. Габиты Къола абреуаг у. Абреу та, автобанæй хорз зыны.



Фотойыл: Нигозайы астæуккаг скъолæ, цыранмæ цалдæр хъæуы скъоладзаутæ цæуынц

Музашвили Ильяйы цæхæрадоны фарсмæ Музашвили Чъичъикъойы цæхæрадон ис. Цæхæрадоны хицау зæххы куыста, æмæ уыимæ дæр аныхас кодтам.

Загъта нын, цæмæй хъæуы фылдæр Музашвилитæ кæй цæрынц, стæй Бедошвилитæ, Биганишвилитæ, Къудухашвилитæ, иунæг-иу хæдзары бинонтæ дзы ис гуырдзиаг – Гамхиташвилитæ.

«Раздæр дзы 85 хæдзары цардис, ныр та – 44 хæдзары онг абоны уавæрмæ гæсгæ. Проблемæтæ бирæ уыдис, фæлæ цъусгай-цъусгай аразынц хуыздæрырдæм. Рухс нын нæ уыдис – сарæзтой йæ. Æрдзон газ æрбауагътой, нуазыны дон æрбауагътой, ныр та нын аразынц донхорыгы системæйы – æндæр ма цы хъæуы хъæууон лæджы?! Хатыр, фæлæ дын къæпи дæ къухæй ничи райсдзæни æмæ дæ бæсты ничи бакусдзæни, ничи скъахдзæнис. Адæм хъуамæ зæххы куыст райдайой. Сзивæггæнджытæ стæм, кусын нæ никæйуал фæнды, алкæй дæр хъæздыг цæрын фæнды. Банкыты бабырыдысты æмæ сæ æддæмæ ракæсын нал фæнды. Искæй хардзæй хъуамæ цæрой – афтæ нæ бæззы!», - загъта нын Музашвили Чъичъикъо.

Раст нын уый загъта, цæмæй хъæуы алы мыггагæн дæр йæхи мыггагон кувæндон кæй ис. Мах дæр ацы мыггаджы кувæндæтты уынынмæ ацыдыстæм. Тъирипоны фæзмæ куы рахызтыстæм, уæд æцæгæйдæр æндæр æмæ æндæр хохы фахсыл цалдæр кувæндоны суыдтам, афтæ ма ацы рæстæджы разынд тынг рагон аргъуаны къултæ дæр. Куыд рабæрæг афтæмæй, мыггагон кувæндæттæй дарддæр, хъæуæй 3 км-ы дæрддзæгмæ ис Сыгъдæг Гиоргийы рагон аргъуан.

Аргъуаны бынмæ ныл фыййæуттæ амбæлдысты. Ацы фыййæуты хсæн, иу уыдис ног æрбаздæхгæ хъæумæ æмæ нын йæ историйы хабар дæр радзырдта. Уæдмæ уал, фыййæуттимæ иумæ рагон аргъуаны бабæрæг кодтам. Нигозайæгтæ йæ кæйдæр ныхасæй афтæ зонынц, æмæ дам, Ксаны комæй куы æрцыдысты, уæдмæ дам, аргъуаны алыварс адæм цардис.


Фотойыл: Хачирашвили Заур æмæ Бедошвили Гиорги Сыгъдæг Гиоргийы аргъуаны цур

Бынæттон цæрæг Хачирашвили Заур нын радзырдта, цæмæй алы кувæндоны дæр дзуарбонтæ æндæр æмæ æндæр религион бæрæгбонтимæ иумæ вæййынц, зæгъгæ:

«Ай чысыл кувæндон у, æдæппæт 8 кувæндон ис нæ алфæмбылайы. Алкæцыйæн дæр кад кæнæм. Алкæмæн дæр йæхи бæрæгбон вæййы. Ардыгæй зыны кувæндон, цыранмæ-иу 21-æм сентябры ссæуæм, Хвтисмшоболбайы бæрæгбоны», - загъта нын Хачирашвили Заур. Йе ‘мбал Бедошвили Гиорги нын загъта, цæмæй раст Хацырты мыггагимæ баст кæй у хохæй быдырмæ нигозæгты æрцыды раздзогад.

Бедошвили Гиоргийыл 25 азы цæуы. Уый дыууæ аздзыд уыдис, йæ ныййарджытæ йæ Дзæуджыхъæумæ куы акодтой. 12 азы йыл куы сæххæстис, уæд йæ ныййарджытæ фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æрыздæхтысты. Ай Уæрæсеимæ скарзгонд æмахастыты периодимæ æмдзыд у. Сæ цард адарддæр кодтой Рустауы æмæ скъолæ дæр уым каст фæци. Нигозайы йæ нана æмæ дадамæ сæрды периоды арæх цыдис. Ацы аз та, 2020 азы уалдзæджы, коронавирусы пандемийы райдыдæй, йæ бинонтимæ иумæ, бынтондæр æрбацыд цæрынмæ Нигозамæ:

«Ацы пандемийы рæстæджы, куыстæй рацыдтæн ме ‘ртæ хъæбулы тыххæй, ахæм куыст мын уыдис, æмæ мын къух нæ дæтта, мæ ныфс нæ бахастон дарддæр афтæ кусынмæ. Рацыдтæн хъæумæ, балхæдтон цыппар дыгæрдыг, родтæ, абон ныр дыгæрдгуытæ сты, заинаг сты, тагъд рæстæджы родтæ ныййардзысты, æхсыр кæндзысты æмæ афтæ дарддæр. Хуы балхæдтон, кæрчытæ дæр, рацыдтæн мæ ус æмæ мæ сывæллæттимæ иумæ, ам дæн, сыгъдæг уæлдæфмæ, æнæнизæй, æнæуидæр ацы 8 мæйы дæргъы тынг бауарзтон ам, мæ хъæуы, уарзгæ йæ алыхатт дæр кодтон, фæлæ йæ еныр ноджы тынгдæр бауарзтон æмæ мæм ноджы тынгдæр фæзындис цæрæнбоны цымыдисад æмæ афтæ дарддæр», - загъта нын Бедошвили Гиорги.

Гиоргийы ныфс ис, цæмæй йæ чысыл хæдзарад афтæ кæй рауæрæх уыдзæн, æмæ йæ бинонты алкæй дæр Нигозамæ ракæндзæнис æмæ йæ сывæллæтты дæр хъæуы скъолайы адарддæр кæндзысты сæ ахуыры.


Print