Ног хабæрттæ
Хъæумæ æрыздæхæг – Бедошвили Гиорги Нигозайы хъæуæй
2 азы йыл цыди, йæ ныййарджытæ Дзæуджыхъæумæ куы ацыдысты. Йæ фыд æрмдæсны у, хъæдамайæг. Куыст агурæгæн йе ‘мкъай æмæ йæ хъæбултæ дæр йемæ ацыдысты. 10 азы Цæгат Ирыстоны фæцардысты, стæй Гуырдзыстонмæ æрыздæхтысты æмæ Рустауы адарддæр кодтой сæ цард.

2020 азы уалдзæджы, æппæт дунейы дæр æмæ Гуырдзыстоны дæр коронавирусы пандеми фæзынд. Хæдзары, кæцыйы йæ нана æмæ дада бавæрдтой, ацы хатт бирæ ахсджиагдæр разынд. Ам æрмæст иунæгæй йæ фыдыхо цардис.



«Рацыдтæн хъæумæ, балхæдтон 4 дыгæрдыг. Афтæ зæгъгæйæ, родтæ, абон ныр дыгæрдгуытæ сты. Тагъд базаинаг уыдзысты, стæй æхсыр кæндзысты æмæ афтæ дарддæр. Хуы балхæдтон, кæрчытæ ... . Рацыдтæн, ме ‘мкъай æмæ мæ сывæллæттимæ иумæ, сыгъдæг уæлдæфмæ, æнæниз дæн, сывæллæттæ дæр райгонд сты. Рустауаг дæн, Рустауы цардтæн», - зæгъы нын Бедошвили Гиорги.

Уый, ныртæккæ 25 аздзыд у. Дзуры, цæмæй коронавирусы фæстæ уымæн йæ цард радикалонæй фæивта. Куыд фæстагмæ кæрон æрцыд, иу бакастæй дыууæрдæм рацу-бацуйы æрвыст цардæн.



Фотойыл: Бедошвили Гиорги хистæр фæлтæры йе ‘мхъæуккагимæ иумæ

«Дзæуджыхъæуы 10 азы фæцардыстæм. 4 къласы онг уым сахуыр кодтон. Улæфтыты рæстæджы-иу алыхатт дæр æрцыдыстæм ардæм, Рустаумæ дæр... . Рустауы дæр нын хæдзар уыдис. Ам дæр зæронд дада æмæ нанамæ кæсын хъуыдис. Мæ фыдыхо... . Уырдыгæй дæр хæдзар кæсинаг. Афтæ рауад, æмæ схæццæ-мæццæ ис Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы хсæн æмахастдзинад. Нæ иуæн дæр нæ уыди йæ документтæ æгъдауыл æмæ баззадыстæм ам. Баззадтæн æмæ Рустауы каст фæдæн скъола, уырыссаг скъоламæ бацыдтæн. Мæ фыдыхо куы фæзиан, уæд мæ фыд дæр ацырдæм рацыдис. Æз дæр сындæггай ардæм рацыдтæн цæрынмæ», - дзуры Гиорги.

Тагъд бинонтæ дæр æркодта, ныр ын æртæ хъæбулы ис. Иу дзы ныр скъолæмæ цæуы, иннæ – сабидонмæ. 2020 азы уалдзæджы пандемийы тыххæй, скъолæтæ æмæ сабидæттæ æхгæд æрцыдысты.. Куыстмæ цæуын дæр арæнгонд æрцыд. Йæ бинонтимæ иумæ Нигозамæ æрбаздæхт æмæ бамбæрста, цæмæй уый ардыгæй цæрынмæ кæй никæдæмуал ацæудзæн:



„Ныр æй бамбæрстон, æмæ мæм цæрæнбоны цымыдисдзинад кæй фæзынд. Нырма-уал мæ хъæбултæ уым ахуыр кæнынц, иу дзы скъолæмæ цæуы, иннæ сабидонмæ цæуы, æртыккаг дæр æвæццæгæн сабидонмæ бацæудзæн. Дыгæрдгуытæ мын цыппар ис. Куы схъуччытæ уой, цыхт ахсдзынæн, æхсыр ласдзынæн æмæ мын куы фæзына æрвылбонон æфтиаг, уæд сывæллæтты дæр ардæм ракæндзынæн, скъолæ дæр ис ам, сабидон дæр дзы ис æмæ ам ахуыр кæндзысты», - зæгъы Бедошвили Гиорги.

3 боны быдырмæ фыййауæй ацæуы, чысыл хъæу у æмæ йæм фос хизыны рад тагъд æрхауы. Цыппæрæм бон Тбилисмæ куыстмæ хъуамæ ацæуа æмæ та, фæстæмæ Нигозамæ хъуамæ æрбаздæха. Ныртæккæ, Нигозайы хъæуы æрдзон газ ис, дон дæр сарæзтой. Иннæ азы донхорыг дон дæр уыдзæнис. «Мæ цæхæрадоны астæуты, дам, хъуамæ ахиза стыр къанау», - дзуры нын фысым. «Æцæгæйдæр амæй хуыздæр бынаты-ма кæм хъуамæ фæцæрон».


Print