Ног хабæрттæ
Ренейы гогызты базар
Зæронд бæласы къалиутæй судзгæ арты алыварс сæхи тавтой зæронд дæр, æрыгон дæр æмæ скъолæйы ахуырдзау дæр. Машинæйы æрлæуд та, уый нысангæнæг уыдис, æмæ хæдзармæ здæхгæ бæлццон гогыз æлхæнын кæй аскъуыддзаг кодта. Бирæтæм удæгас маргъы аргъ зынаргъ кæсы, æмæ йæ уый тыххæй фæнды, цæмæй æргæвст, цæттæ маргъы балхæна, ам.

Гур-Тбилисы фæндагыл, Рене-Нигозайы фадыгыл Ногазмæ 3 бынатыл ауæй гогызтæ. Бынæттон цæрджытæ æлхæнджыты къаддæрдзинадæй нæ хъаст кæнынц, фæлæ зæгъынц, цæмæй мæргъты хæринагæн хъæугæ хоры нæмыг фæстаг цалдæр азы мидæг дефицит кæй сси, зæгъгæ.



"Знон специалонæй азылдтæн иннæ хъæуты дæр. Нæдæр Къодицъхъаройы "рдыгæй, нæдæр Земо (Уæллаг) Нигозайы "рдыгæй æмæ нæдæр Шаушвебы "рдыгæй ничи ракодта гогызтæ уæй кæнынмæ. Ацы аз æрмæст Квемо (Дæллаг) æмæ Земо (Уæллаг) Рене ауæй кодта гогызтæ автобаныл. Ацы хъæуты ацы хъуыддаджы куыст традиционæй рагæй кæнынц, мæхи цы хъуыды кæнын уымæй фæстæмæ", - загъта нын Гочъошвили Мамукъа.

Раззаг бонтæм абаргæйæ, 31-æм декабры автобаныл Ренейы цæрджытæ æрмæст удæгас гогызтæ ракодтой уæй кæнынмæ:

"Знон дæр бирæ аргæвстой хъæуы. Чи 50 гогызы, чи 100 гогызы. Машинæ баххуырстой æмæ сæ Тбилисмæ ахастой уæй кæнынмæ. Куы уын зæгъон æмæ нæ уæй кæнынц, фæсайдзынæн уæ, сеппæт дæр ауæй сты, афтæ-ма бирæ ауæй автобаныл дæр. Абоны бон дæр нæу ахæм бон, цæмæй ма ауæй уа. Уæддæр рацыдыстæм", - загътой нын ренейæгтæ.



Квемо (Дæллаг) æмæ Земо (Уæллаг) Ренейы 200-мæ "ввахс хæдзары бинонтæ цæры. Гочъошвили Мамукъайы ныхасмæ гæсгæ, хъæуы цæрджытæ сезонмæ гæсгæ æндæр æмæ æндæр фосмæ зилыны æмæ фæллой кæныны куыст кæнынц:

"Ам алы сезоны рæстæджы дæр исты байтауæм æмæ æрзайын кæнæм. Зæгъæм, уалдзæджы хъæдындз, нуры, уый фæстæ къабускæ, афтæ-ма быдырты байтауæм хъæбæрхор æмæ дзы мæнæу дæр хорз æрзайы. Махæн сæйраг у базары уæйгонд цæуа нæ тыллæг. Æз дырысæй куы зонон æмæ ацы аз мæ хъæдындз ауæй уыдзæн, уæд байтаудзынæн 2 тоннæйы бæрц; куы йæ зонон, цæмæй æлхæнæг уыдзæнис æмæ ахæсдзæнис бирæ, байтаудзынæн бирæ къабуска. Фæлæ, уый мах нæ зонæм, базары цы уавæр ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон у байтауон æмæ æрзайын кæнон тоннæгай хъæдындз æмæ къабускæ, фæлæ куы нæ ауæй уа, уæд мын калинаг фæуыдзысты. Уый тыххæй, махæн æххуысдзинад уый у, цæмæй йæ зонæм, кæм ис ауæйгæнæн базар", - æмбарын кæны Гочъошвили Мамукъа.



Ноджы-ма иу хъæу, кæцы Ногазмæ гогызтæ уæй кæнынæй хицæн кодта, Божамы хъæу уыди. Дихгæнæг хаххмæ "ввахс хъæуы 100 хæдзары онг цæры. Традицийыл нæдæр адон рацыдысты сайдæй æмæ сæдæйæ фылдæр гогыз 30-æм декабры аргæвстой:
"Мах ацы куыст рагæй кæнæм. Мæ бон у æмæ уын зæгъон, цæмæй ныртæккæ ацырдыгæй, уæллаг сыхы, кæмæндæриддæр уыдис гогызтæ, алчидæр сæ ауæй кодта. Аргæвстой сæ æмæ сæ ахастой знон уæй кæнынмæ. Божамы хъæуы удæгас гогызы хæрз стæм хатт гæнæн ис исчи балхæна, сæйрагæйдæр, сæ æргæвстæй ахæссынц уæй кæнынмæ", - загътой нын Божамы.



Хъæуы астæу чысыл фæзуатыл а.х. мæргъты æргæвдæн бынат сарæзтой. Уыцыран уыдис арт, йæ уæлæ аг тæвд æхсидгæ донимæ. Æппæт сыхы цæрджытæ ацы æргæвдæн бынаты аргæвстой сæ гогызтæ. Сцæттæ сæ кодтой æмæ сæ æлхæнæгæн машинæйыл арвыстой.

"Иуæй-иуты фæнды, цæмæй сæ йæхи машинæйыл аласа базармæ æмæ сæ йæхæдæг ауæй кæна; кæнæ та йæ зоны дырысæй кæй хъæуы гогыз æмæ йын комкоммæ бынатмæ баласдзæн. Ис ахæмтæ дæр, кæцытæ ардæм æрцæуынц: ам йæ аргæвдын кæнынц æмæ йæ стæй ахæссынц уæй кæнынмæ. Мах дæр ууыл баст стæм, æлхæнæгæн куыд хуыздæр у. Божамы хъæу та, ахæм бынаты ис территоримæ гæсгæ, æмæ сæ централон магистралмæ нæ ныххæсдзыстæм æмæ уым не "рлæудзыстæм", - загътой нын Божамы.



Божамы хъæу дæр æмæ Ренейы хъæу дæр Къаспы муниципалитетмæ хауынц. Дыууæ хъæу дæр дихгæнæг хаххы цур сты. Ренейы хъæу æмарæн кæны Хъарапилайы хъæуимæ, цыран оккупацион хахх хизы:

"Гогызæн уыйас хæрын хъæуы, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ йæ хъæуы нартхор æмæ хъæбæрхор. Ауадзæм-иу сæ хизынмæ, уæлдайдæр-та уыцы рæстæджы, куыддæр мæнæуы хуымтæ бафснайынц æмæ сын уæд хæринаг уыйас нал фæхъæуы", - зæгъы Гочъошвили Мамукъа.

2021 азы дыууæ хъæуы цæрджытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц. Сæйраг донхорыггæнæн къанауы реабилитацийы куыстытæ фæуд кæнынц, цыран оккупацион территорийæ дон хъуамæ рацæуа. Уымæ гæсгæйæ, цæмæй махырдыгæй койгонд хъæуты этникон ирæттæ цæрынц, гуырдзиаг фарсæн йæ къухы бафтыд баныхас кæнын уый тыххæй, цæмæй Тъирипоны къанау байгом уа. Ацы къанауæй спайда кæндзæнис куыд гуырдзиаг, афтæ, ирон хъæутæ:



"Кæд ацы хъуыддаг рауайа æмæ дон рауадзой, уæд æй сымах нæ зонут, куыд раразмæ уыдзысты ацы хъæутæ. Ам ахæм хъæздыг мæр ис, алцыппæт дæр дзы зайы. Ныр æй уынут, æмæ бынтондæр хус сыджыт у, фæлæ уыдис ахæм рæстæг æмæ дырбæлæстæй йедзаг уыдис. Дидин калдтой дыгъдæттæ. Сæйраг дон у, æмæ уæд куыстмæ ам ничи зивæг кæны", - уырнын нын кæны Гочъошвили Мамукъа.

Журналистты уæвынад æнæ бафиппайгæ нæ баззади хæдзары уæвæг æфсинтæн. Цалдæрæй нæм рацыдысты æмæ нын загътой, цæмæй хъæуы сабитæн интернет кæй нæй, зæгъгæ. Кабелон компани "Триалет", сын ныр 3 мæйы дæргъы ныфс æвæры уыдонæн, цæмæй инфраструктурæйы æрбæстон кæндзæнис, фæлæ бирæ мæйтæ рацыди æмæ сæм нырма ничи ссыди. "Æндæр интернет нæй нæ хъæумæ уагъд, нæдæр нæм бочъкъовани интернет ис æмæ нæдæр æндæр", - загътой нын ахуырдзауты ныййарджытæ. Мах сын ныфс бавæрдтам, цæмæй ацы темæйы тыххæй æнæмæнгæй кæй бацымыдис кæндзыстæм.

Print