Ног хабæрттæ
Традицион лæвар зардианткъариæгтæн Германæй
Германы гуырдзиаг æхсæнады минæвæрттæ Ногазон лæвæрттæ зардианткъариæгтæн рарвыстой. Дихгæнæг хаххмæ "ввахс хъæуы хæрзгæнæг акцийы организаци кæнын журналист Далакишвили Нино йæхимæ райста.

Далакишвили Нинойы ныхасмæ гæсгæ, æнгæс хуыз акци ивгъуыд азы дæр уагъд æрцыд æмæ фактивонæй традицион хуыз райста:

"Мюнхены, Штутгарды цæрæг адæймæгтæ ацы азы дæр, афтæ, куыд фарон, гуманитарон къампани сорганизаци кодтой оккупацион хаххы цур цæрæг адæймæгтæн.

Зардианткъариæгтæ абон тынг райгонд сты. Æрмæст уымæй нæ, æмæ ногазон лæвæрттæ æмæ æндæр лæвæрттæ, кæй райстой, фæлæ-ма уыцы стыр хъусдарды æмæ аудындзинады тыххæй, кæцыйы эмигранттæ æвдисынц уыдоны "рдæм", - хъусын кæны Далакишвили Нино.

Зардианткъари Гуры муниципалитетмæ хауы. 2008 азы августы хæсты фæстæ, оккупацион территорийыл нымад цыд. Хæстæй 5 азы фæстæ, цæрджыты иу хайæн сæ бон сси æрбаздæхын фæстæмæ хъæумæ. Оккупацион хахх Хелцуайы хъæуы цур (Цхинвалы район) уагъд цæуы. Уымæ æнæгæсгæйæ, 10 хæдзары онг а.х. арæнон зонæмæ бахауди.

Print