Ног хабæрттæ
Гуыцмæзты Майæ – фехтованийæхæцæг Дзамайы комæй (фото-хабар)
«Пандеми нæ чысыл фæлæмæгъ кодта, фæлæ йын нæ сæттæм», - зæгъы нын Гуыцмæзты Майæ, Гуырдзыстоны номæй аспарезыл фехтованйæхæцæг. Уый æмбырдоны уæнг цалдæр азы размæ сси. Йæ хиуæттимæ иумæ цæры Дзæуджыхъæуы æмæ уым тренировкæтæ кæны. Гуырдзыстонмæ-иу арæх æрцыди, фæлæ ныр пандемийы тыххæй ацы аз йæ бон нал баци æрцæуын.

Ортубан – йæ фыды хъæу у, йæ мады цæгат – Згъудер. Дыууæ хъæуы дæр Дзамайы комы, Карелы муниципалитетмæ хауынц.

«Куыд бахуадтæн Гуырдзыстоны æмбырдоны скондмæ?

Æз сабибонтæй зыдтон Гуырдзыстоны Фехтованийы Федерацийы президенты, Базадзе Мерабы. Уый хорз зоны мæ фыццаг тренеры Кесаты Иринæйы. Уыдис мын фæсæттæн момент, тренермæ фæдзырдтой, æркастысты алцæмæдæр, æмæ мæнмæ бахатыдысты. Æхсызгон уыдис мæнæн ацы хабар, уый тыххæй æмæ, кæцыфæнды спортсмены бæллиц у ардæм бахауа, бахауынæй дарддæрма - рамбула олимпиаг хъæзтытæ», - зæгъы Майæ.



Уый ныр 18 азы фехтованийæ хæцы. Райгуырдис уыцы рæстæджы, йæ ныййарджытæ Карелы районы куы ныууагътой æмæ Дзæуджыхъæумæ куы ацыдысты цæрынмæ. Майæйы ныййарджытимæ иумæ Цæгат Ирыстонмæ алыгъдысты цæрынмæ йæ нана æмæ йæ дада, йæ хæстæджытæ дæр. Майæ 1991 азы Дзæуджыхъæуы райгуырдис.

«Мæ ахастытæ Гуырдзыстонмæ не сты æрмæст карьерон хуызы. Гуырдзыстон мæ дыккаг фыдыбæстæ у. Мæ бинонтæ Гуырдзыстонæй рацæугæ сты, мæ хæстæджытæ абоны онг дæр цæрынц уым... кæй зæгъын æй хъæуы, уырдæм рацæуыны тыххæй дызæрдыг кодтон, фæлæ мын Гуырдзыстоны уарзондзинад сабибонтæй ис», - загъта нын Гуыцмæзты Майæ

Ортубаны хъæуы йæ нана, йæ фыды мад, цæры.

«Ныртæккæ-ма Гуырдзыстоны æрмæст мæ нана цæры, мæ фыды мад. Уый хъæуы цæры, цыран мæ дада йæхæдæг йæхи къухтæй самадта хæдзар, цыран арвыстон мæ сабибонты хъæлдзæг азтæ æмæ цыранмæ æрвылаз цыдтæн», - зæгъы Гуыцмæзты Майæ йæ сабибонты æмæ йæ дадайы мысгæйæ.



Йæ нана, Санахъоты Зинæ, зæгъæн ис æмæ иу афæдз ныр иунæгæй цæры. Коронавирусы тыххæй, ацы азы йæ хъæбултæй æмæ хъæбулы хъæбултæй ничи æрцыдис йæ бæрæг кæнынмæ.

«Алы сæрд дæр-иу æрцæуынц хъæумæ. Ардæм цæуын тынг бирæ уарзынц. Æз дæр бирæ азты дæргъы цардтæн Дзæуджыхъæуы, фæлæ ме ‘мкъай куы фæзиан, уæд бынтондæр æрыздæхтæн фæстæмæ Ортубаны хъæумæ, ме ‘мкъайы арæзт хæдзармæ. Тынг зын у хъæбултæй æмæ хъæбулы хъæбултæй дæрддзæф уæвын, фæлæ ме ‘мкъайы хæдзары никæмæн радтаин», - загъта нын Санахъоты Зинæ.

Йæ хъæбулы хъæбул куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, 2008 азы августы хæст, фæсæттæн аз уыдис йæ нанайæн:



«2008 азы махæн фæсæттæн аз уыдис, кæцы нын стыр трагиконæй фæцис, махæн – амардис нæ уарзон дада. Нана нæ бафæрæзта ацы стыр мастæн Ирыстоны æмæ фæстæмæ æрыздæхтис йæхи æмæ дадайы арæзт хæдзармæ. Мах кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæнды, цæмæй фæстæмæ æцæуа æмæ махимæ цæра, фæлæ уый фæстæмæ æрыздæхыны фæнд нæ кæны», - зæгъы Гуыцмæзты Майæ.

Майæ зыдта, цæмæй йын йæ авæрд къахдзæфыл Уæрæсейы æмæ Ирыстоны æмхуызонæй кæй нæ фембæлдаиккой, фæлæ уымæ æнæгæсгæйæ, уый 2017 азы Гуырдзыстоны æмбырдонмæ ахизын уæддæр аскъуыддзаг кодта.



«Фехтовани куы нæ уыдаид уæд, æз æвæццæгæн баззадаин национ кафтыты. Кафыдаин ансамблы, кæнæ стыр æхсызгонæй ацыдаин тымбылкъухæй хæцынмæ (бокс). Рæзгæ кары мæм уыдис ахæм хъуыды дæр – цыдаин тымбылкъухæй хæцынмæ, фæлæ уыцы рæстæджы æз иттæг райгонд уыдтæн фехтованийæ æмæ мæ нæ фæндыдис мæ профессийы фæивын», - загъта нын Гуыцмæзты Майæ.

2019 азы, Ташкенты дунеон кубок (сателлит)-ы уæлахиздзау дæр сси.

«Мæ фидæны пълæнттæ, нырма бæрæг не сты, уый тыххæй æмæ, Фехтованийы Федерацийæ дырыс æмæ бæстон дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсын», - загъта нын Гуыцмæзты Майæ.

Гуырдзыстоны æмбырдон Тъокъиойы олимпиадæмæ йæхи цæттæ кæны, кæцы 2020 азы хъуамæ уагъд æрцыдаид, фæлæ йæ пандемийы тыххæй, 2021 азмæ аргъæвтой.



Print