Ног хабæрттæ
Куклæтæ худынц
Иу бакастæй хуымæтæг æмæ æрхæндæг котеджты æмæ горæты фатерты æнахуыр кæндтытæ цæрынц. Эльфытæ, гномтæ, фейæтæ, сæгтæ, мыстытæ æмæ ноджы бирæ алыхуызон алæмæттаг æмæ реалон уæвæг. Цæры дзы чысыл адæймæгтæ дæр, кæцытæ æцæг адæймæгты æнгæстæ сты, ис сын адæймæгты ахаст æмæ уыдонау худгæ дæр кæнынц. Уыдон хъазæн куклæтæ сты, не статийы хъайтартæ сæ аразынц æндæхтæй æмæ хæцъилы гæппæлтæй æмæ сын ныр пандемийы рæстæджы, уыдонæн ног хицæутты ссарын тынг фæзын ис.

Къухмийы дæсны Сакашетæй

Æрыгæттæй рохуаты аззайæг æмæ фæныкхуыз Сакашеты лигъдæтты цæрæнуаты къухмийы дæсны «Джеппетъо» цæры. Куклæтæаразæг, кæцыйы тыххæй уын радзурдзыстæм, «Пъинокийы цауы» персонаж нæу, йæ куклæтæ дæр хъæды бæсты æндæхтæй сты арæзт, фæлæ уыдон дæр удæгас æмæ æцæгты хуызæн сты, куыд ацы сабиты хабары алкæмæн уарзон хъайтартæ.



Йе ‘рмадз 79-æм котедж у, цыран йе ‘мкъаимæ æмæ йе ‘ртæ хъæбулимæ иумæ цæры. Майсурадзе Кетино хъазæн куклæтæ æндæхтæй æмæ æвзагон къæбæлтæй бийы.

«Хъазæн куклæты бийын фарон аскъуыддзаг кодтон. Мысты аз куы хъуамæ ралæууыдаид, интернеты федтон чысыл мыстытæ æмæ тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Бийын дæр интернеты фæрцы сахуыр кодтон. Уæдмæ дæр-иу быдтон, фæлæ хъазæн куклæтæ никуы сбыдтон. Æрмæстдæр жакеттæ, худтæ æмæ æрмкъухтæ быдтон. Хъазæнты аразын уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон, цæмæй мæхицæн чысыл бизнес дæр скодтаин. Уæд мын хорз рауадис, уайтагъд ауæй сты мæ куыстытæ. Ацы аз галы аз у æмæ галтæ бийын. Къухми мæ уарзон куыст у, æхцондзинад мын дæтты. Æмткæй зæгъгæйæ, бийын æмæ хуыйын сабибонтæй фæстæмæ уарзын, мæ зæрдæмæ тынг цæуы ацы куыст», - дзуры нын Кетино.

Хъазæн куклæты аразыны хъуыддаг уырыссаг ютубаг сылгоймаджы æххуысæй сахуыр кодта. Интернеты йæ æнæнхъæлæджы зонгæ райдайын кодта къухмийы куыст кæнын æмæ йæ æнæ аргъбафидгæйæ сахуыр кодта алцыдæр.

«Интернеты уырыссаг каналтæ рафыстон, цыран бийын ахуыр кæнынц. Уырдыгæй мæм иу уырыссаг сылгоймаг ныффыста. Ацæргæ у, фæлæ тынг хорз бийы. Сæрæй ацы сылгоймаджы куыстытæн саргъ кодтон æмæ мын стæй йæхæдæг загъта, цæмæй мæ бацымыдисдзинады цауы кæй сахуыр кæндзæнис æнæаргъæй. Тынг æхсызгон ын уыдис, куы йæ базыдта æмæ гуырдзиаг дæн, уый дæр зоны æмæ лигъдон кæй дæн, фæлæ хæсты тыххæй ницы фæдзурæм. Арæх мæ æрфæрсы, бафæрсы мæ пандемийы тыххæй нæм цы уавæр ис. Рæстæгæй-рæстæгмæ иу мæм фæдзырдта тилифонæй, йæ куыстытæ иу мæм рарвыста æмæ уый фæстæ æз дæр быдтон. Нырма уый сбыдта мыстытæ, уый фæстæ аскъуыддзаг кодтон æз дæр мыстытæ сбыдтаин».



Вирусæй расайгæ зындзинæдтæ нæдæр Кетинойы ныууагътой æнæ проблемæтæй. Туристтæн сбигæ куклæтæ йын баззадысты хæдзары æнæ уæйæ. Æмæ уый зæгъын дæр йæ бон нæ уыд, хæрдзты бафидыны фадатдзинад ын кæд уыдзæнис.

«Сæрæй мæ арæзт куыстытæ Мцхетæмæ ахастон цæмæй сæ туристтæн ауæй кодтаин, фæлæ ацы вирус алцыдæр сыхгæдта æмæ мæ хъуыддаг дæр размæ нал ацыд. Уый фæстæ аскъуыддзаг кодтон хиуæтты æмæ зонгтæты æххуысæй сæ ауæй кæнын, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, туристтæн уæй кæнын бирæ пайдаджындæр уыдис. Гуырдзиаг базарыл нæ уæй кодтой хорз æргътæм. Дзаумæттæ дæр мæ фæнды сбийын, фæлæ тæрсын, куы нæ мын ауæй уой. Ахæм дын куы ничи уа, кæцыйæн ис магазин æмæ сæ радтай уырдæм, цæмæй сæ ауæй кæной, æндæрхуызон нæй кусæн», - тыхсы Кетино.

37 аздзыд куклæтæаразæджы фæнды, цæмæй йæ куыст профессион скæна, фæлæ йын лигъдæтты æрхæндæг цæрæнуат йæ бæллицты сæххæст кæнынæн хæрзцъус дæр ницæмæй æххуыс кæны. Хъуыды кæнын, æмæ ам баззайгæ адæймæгтæн æнæмæнгæй кæй хъæуы раттын куыст, цæмæй Сакашет удæгас æмæ райгæ бынат суа.

«Бийынæй æфтиаджы фæзынд мæм ницы уадиссаг кæсы, фæлæ мын стыр æхцондзинад дæтты ацы куыст кæнын æмæ уый тыххæй бийын. Мæ бон у, мæхи фантазимæ гæсгæ бийын. Мæхæдæг æрымысон, æрхъуыды кæнон æмæ афтæмæй сбийон. Фæндыдис мæ бийæн тæрхæг балхæнын, цæмæй дзаумæттæ сбыдтаин. Фондз азы размæ йæ аргъ 100 доллары уыдис, ныр зынаргъдæр уыдзæнис. Куы йæ балхæнон, ам ницы ауæй кæндзынæн. Чысыл цæрæнуат у, 50 хæдзары бинонтæ дæр дзы нæ цæры. Цæрын зын у Сакашеты. Æрмæст цæхæрæдæттæй дæхи нæ фæдардзынæ. Стæй æдзухæй цæхæрæдæтты куы нæ кусдзынæ. Хъуамæ исты ахæм уа, цæмæй адæм кусой».

«Туристытæ куы цæуиккой, уæд та бафæлварин æмæ цъындатæ дæр сбиин, дзаумæттæ дæр. Уарзынц уыдон къухæй конд цыдæртæ æмæ ахæм куыстæн аргъ дæр зонынц. Зонын æй, уым истытæ ауæй кæныны гæнæндзинад мын уæддæр уыдаид, фæлæ алцыдæр æхгæд у. Æндæхтæ балхæнын дæр тыххæйты мæ къухы фты».

Цхинвалы Ередæй тынгдæр мысы, уый тыххæй æмæ, йæ сабибонты æмæ студенты æппæты хуыздæр азты уым ныууагъта. Цхинвалы цæргæйæ æхстыты æмæ пырхгæнæнты уынæрыл афтæ сахуыр ис, æмæ йæ 2008 азы хæсты уæвынад дæр нæ уырныдта æмæ хъæуы ныууадзыныл дæр æппындæр нæ хъуыды кодта.

Кетинæйæн дæр иннæ лигъдæтты æнгæс истори ис: мигæнæнтæ дæр æмæ мысинæгтæ дæр уым ныууагъта, цыранæй йæ тыхфæлгъуыдæй рарвыстой. Ныр æрмæст уый зоны, æмæ йын йæ хæдзар булдозер зæххæмвæз кæй скодта æмæ сæ хæдзары бынатыл сæрдыгон заманы кæрдæг кæй фæйлауы.

«2000 азы Ередмæ смой кодтон æмæ мын дыууæ лæппуйы уым райгуырдис. Хистæрыл цыппар азы цыд, уырдыгæй куы рацыдыстæм. Нырма нæ Къодайы æрцæрын кодтой, стæй нæ фатертæ баивтам æмæ ацырдæм рацыдыстæм. Хæсты рæстæджы, хъæуæй рацæйцыдтæн æмæ хъуыды кодтон, мах йеддæмæ ардыгæй ничи цæуы, уæддæр фæстæмæ хъуамæ ардæм æрыздæхæм, æмæ зæгъын, цæмæн цæуæм. Уый фæстæ бинонты бардзырдæй Тергвисмæ хæстæджытæм ацыдыстæм. Уым æхсæвы хъæутыл бомбæтæ æркалдтой, фæлæ æз нæ фæтарстæн. Фыццаг хæсты рæстæджы Цхинвалы ахуыр кодтон æмæ ахуыр уыдтæн æхстыты уынæрыл. 6-æм астæуккаг скъолæ дæр уым каст фæдæн. Æртыккаг боны, хъæуы цæрджытыл бомбæтæ згъæлын куы райдыдта, уæд Тбилисмæ рацыдыстæм мæ ходыгъдмæ. Уæдæй фæстæмæ Ереды нал уыдтæн. Хæдзарæй ницы рахастам, æнхъæл уыдыстæм тагъд фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм, зæгъгæ. Цхинвалы тынг мысын. Нæ хъæуы нын бынтондæр ныппырх кодтой, зæххæмвæз æй скодтой. Цæрæнбоны нысан дзы нал ис. Сæрды дзы ахæм кæрдæг сзайы æмæ дзы адæймаг фæдзæгъæл уыдзæни».

Хæстæй ныр 12 азы рацыдис æмæ нын цæрынæн хъæугæ элементарон уавæртæ нырма дæр нæй. Цалдæр азы дæргъы цæрæнуатæн нæдæр нуазынæн бæзгæ дон ис, нæдæр фæндаг, нæдæр магазин æмæ афтек.

«Æрыгæттæй дзы ничи цæры æмæ зæрдæйы уаг дæр мард у. Магазин дзы нæй, исты æлхæнын дæ куы хъæуа, уæд хъуамæ хъæумæ ныццæуай. Ам котеджты хæрз цъус адæм цæры. Никæй фæнды ардæм æрбацæуын æмæ цæрын. Иуæй-иу хатт иу хынджылæгæй фæзæгъæм, адæм зивæг кæнынц ардæм цæуынмæ æмæ нæм корона æрбацæудзæн? Скъолæмæ Сакашеты хъæумæ цæуынц. Микроавтобус сæ акæны æмæ æрбакæны. Ныртæккæ онлайн уроктыл вæййынц. Дон æмæ нын газ ис, фæлæ нæ фæндаг хъæуы. Æмæ мæ ноджы тынг фæнды, цæмæй нын хæлцадон продуктты магазин уа ам. Дыууæ километры дæрддзæгмæ ис магазин æмæ ацæргæ адæмæн тынг зын у уырдæм цæуын».

Куклæтæ, куыд хъæбултæ

36 аздзыд хæдахуыр аивады кусæг Руруа Тикъа хъазæн куклæты æндæр æмæ æндæр æрмæгæй цæттæ кæны, сæйрагæйдæр пайда кæны синтепонæй æмæ хъуымацæй. Йæ арæзт куклæтæ уыйас алæмæттаг сты, æмæ сæ фендæй адæймаг рох кæны йæ кардзинад æмæ йæ сабибонтæм раздæхы, кæддæр митын дадатæй, мифологион гномтæй æмæ фейæтæй цæстытыл ауайгæйæ куыд хъазыдтæ.

Хæдзарон æфсин æмæ дыууæ хъæбулы мад нын дзуры, цæмæй хуыйын йæхæдæг кæй сахуыр кодта. Тырныдта, цæмæй ссардтаид ахæм куыст, кæцыйы хæдзары йæхæдæг сарæзтаид æмæ йын цæмæй æфтиаг дæр æрхастаид.



«Æртæ азы размæ, иу магазины федтон хъазæн куклæтæ æмæ аскъуыддзаг кодтон, цæмæй æз дæр бафæлвæрдтаин сæ аразын. Уый фæстæ хуыйæн машинæ дæр балхæдтон. Нырма уал бинонты уæнгтæн æмæ æввахс хæлæрттæн арæзтон. Стæй иу туристон компани интернеты федта мæ арæзт хъазæнтæ æмæ мæм бахатыдысты, цæмæй хъазæн куклæтæ гуырдзиаг национ дарæсты мидæг бахуыдтаин. Хорз стыр заказ скодтой. Афтæ мын сындæггай фæзындис æфтиаджы равзæрæн хъазæн куклæты хуыйынæй», - дзуры нын Тикъа

Йæ бæллиц сæххæст кодта æмæ йын йæ куыст æфтиаг дæр хæссы. Пандемийы агъоммæ, йæ хъазæн куклæтæм æппæтæй тынгдæр туристытæ цымыдис кодтой.

«Цалынмæ пандеми райдыдтаид уæдмæ, мæ хъазæн куклæтæ хорз уæй кодтой, лæварæн сæ хастой Украинæмæ, Австримæ, Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтмæ. Хорз куыстон. Туристты зæрдæмæ тынг цыдис гуырдзиаг хъазæн куклæтæ æмæ гуырдзиаг кинонывты перзонажтæ. Пупала мын уыдис арæзт æмæ стыр популярондзинадæй пайда кодта фæсарæйнаг улæфджыты ‘хсæн. Сæрæй мын туристон компанитæй сæ иуимæ уыдис бадзырд æмæ бирæ хуыдтон. Алы заказ скондæй-иу 50-60 куклæ хастой. Ацы Ног азты дæр мын бирæ куыст уыдис, бирæ бахуыдтон митын дадатæ æмæ галтæ дæр».

Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ Руруа Тикъайы куыст пандеми фæкъуылымпы кодта, уæддæр уымæн йæ бон сси æмæ йæ куклæты ауæй кодта интернеты æххуысæй.

«Фыццаг хатт мæ куыстыты реализаци æрлæууыд мартъийы мæйы, æхгæд куы æрцыдыстæм, æмæ æддæмæ куы нæ уал цыдыстæм. Ацы рæстæджы тынг фæтыхстæн. Хъуыды кодтон, зæгъын, фæцис мæ куклæты хуыйыны циндзинад, фæлæ ныр онлайн-уæйтыл фæцалх дæн æмæ ацы Ног азтæм дзæвгар ауæй кодтон. Хъуыды кæнын, æмæ куыддæр арæнтæ байгом уыдзысты, афтæ фæсарæнтæм дæр хъуамæ ахæссон мæ куклæтæ официалон бадзырдæй. Фенæм, дарддæр куыд уыдзæнис уавæр».
Зындзинæдтæй нæ тæрсы, алы хатт дæр тырны, цæмæй йæ куыстыты исты ногдзинад бахæсса. Ныр та шаржытæ (адæймæгты æнгæс куклæ) аразын дæр райдыдта.

«Адæймæгты æнгæс куклæтæ хуыйын. Ныв мын æрбарвитынц æмæ сын æз бахуыйын уыцы нывы æнгæс хъазæн куклæйы. Хъæлдзæг у. Архайын, цæмæй æнгæс уа дзаумайæ дæр æмæ уагæй дæр».



Пайда кæнын экологионæй сыгъдæг æрмæджытæ, синтепон æмæ хъуымац. Æппындæр ницы æппарын, алцыдæр æфснайын, уый тыххæй æмæ йæ нæ зонын цы мæ бахъæудзæнис хуыйыны процессы, фæлæ мæ сæйраг æрмæджы æлхæнын уæддæр бахъæуы».

Хъазæнты хъæбултæ хоны æмæ йын сæ уæй кæнын зын вæййы. Дзуры, зæгъгæ куы фæвæййы арæзт йæ хъазæн куклæтæ уæд сыл фæцинтæ кæны æмæ семæ фæныхас кæны.

«Хуыйыны процесс тынг хъæлдзæг вæййы. Ис куклæ, кæцыйы цалдæр сахаты мидæг бахуыйын. Иуæй-иу хатт мæ æртæ - цыппар боны дæр бахъæуы. Уый уымæ гæсгæ вæййы, æмæ цы хуыйын. Мæ куыстытимæ æмахастытæ мын æхсызгон вæййы. Ацы Ног азмæ фæндæгтæ куы сæхгæдтой, уæд нын æрмæджы тыххæй уыдис стыр проблемæ, нæ нын уыди æлхæныны амалдзинад æмæ мæ бахъуыди мæхи сæрмагонд куклæйы ауæй кæнын, уый тыххæй æмæ сывæллонæн хъазæныл нæ зæгъын мæ бон нæ баци».
Æхгæд арæнты æмæ пандемийы тыххæй æрлæугæ цардмæ æнæгæсгæйæ, уæддæр йæ бон баци онлайн-фестивалыл йæ куыстытæ равдисын æмæ йын аккаг аргъгонд дæр æрцыдысты.«Австрийы æхсæнадæмон фестивалыл райстон хайад æмæ иттæг хорз аргъ скодтой мæ куклæтæн. Фæуæлахиз дæн æмæ мын диплом дæр радтой. Бинонты уæнгтæ хорз æмбарынц мæ зæрдæйы тырнындзинады. Иуæй-иу хатт æнæхъæн бон хуыйæн машинæйы цур арвитын æмæ мæ кусынæн нæ хъыг дарынц. Сæхæдæг дæр мын феххуыс кæнынц цыдæртæ аразынæн. Арæх вæййы афтæ, æмæ мæ хъæбулты арвитын æрмæг æлхæнынмæ. Кæнæ куклæты аххæссын куы фæхъæуы, уæд сæ фæхæццæ кæнынц нысангонд бынатмæ».
Print