Ног хабæрттæ
Ритуалон æгъдæуттæ, кæцыты COVID – 19 фæивта
Гугутишвили Гоги 79-аздзыдæй рынчындоны фæзиан. Афтæ йæ баныгæдтой, æмæ йын ритуалы æгъдау дæр не сæххæст кодтой. Йæ фæзианы хабар ын хъæу æрæгмæ фехъуыста. Марды бавæрыны рæстæджы æдæппæт 10-15 адæймаджы уыдис.

"Нæ йыл æмбæлди уый афтæ баныгæдтаиккой" - загътой нын йе "мхъæуккæгтæ, бинонты цæрæнуатæй сæ куы бафарстам.

Ацы хабар 2020 азы декабры мæйы æрцыд, уыцы рæстæджы, раст бæстæйы ковидæй зиæнтты нымæц цæхгæр куы рæзти. "Гормеды" дохтыртæ бинонты уæнгтæн загътой, цæмæй пациентæн коронавирус нæ уыди, фæлæ йæ уæддæр хъуамæ æртæ бонмæ баныгæной.



Бинонты уæнгтæ зын уавæры уыдысты. Хъуамæ бацæттæ кодтаиккой уыцы мадзæлтты ауадзын, кæцы мардæн æнæмæнгхъæугæ уыдис, се "хсæн ритуалон æгъдау дæр.

"Хуыцау æй нæ уырныдта, æмæ уый тыххæй тынг зын уыдис махæн, нæдæр аргъуыд æмæ нæдæр хъæугæ рæстæджы ритуалон æгъдау æххæст не "рцыд", - загъта нын сихс, Гигуашвили Мамукъа, кæцы алцыдæр сарызта уый тыххæй, цæмæй йæ каисæн (усы фыд) цæвитойнаг лæггад бакодтаид.

Мамукъа нын æмбарын кæны, цæмæй ацы зын уавæры æндæр гæнæн кæй нæ уыдис; куы нæ дæр сыхаджы фæхуыдта, куы нæдæр хæстæджыты, æддагуæтты æмæ æввахс хиуæтты дæр куы нæ фæхуыдта уый тыххæй æм фæхъыг сты:

"Тынг бирæ адæймаг нæм фæхъыг ис. Тынг къаннæг зылды йæ баныгæдтам, цалдæр адæймаг дзы уыдис. Бирæ йæ хъусгæ дæр нæ фæкодта йæ фæзианы хабар. Чи йæ фехъуыста, уыдон цыдысты æмæ нын дардæй мæсæллæйтæ кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæмæнгхъæугæ уыди ритуалон æгъдау сæххæст кæнын. Уырнон уыдис æви нæ, мах нæхион хъуамæ бакодтаиккам. Йæ амæлæтæй 9 боны фæстæ, нæ хъæуы сауджын аргъуаны йæ номыл аргъуыд ауагъта. Ай тыххæй, кæй зæгъын æй хъæуы, бузныг стæм", - зæгъы Гигуашвили Мамукъа.

Гигуашвили Мамукъайы бафарстам, зæгъгæ, æндæр динон гоймагмæ цæмæннæ бахатыдыстут:

"Мах нæ сауджынæн уыйас стыр цыт кæнæм, æмæ нæ уый æрсабыр кодта æмæ нын загъта, ма дам, тæрсут, 9 боны фæстæ, дам ын, сæххæст кæндзыстæм ритуалон æгъдау. Куыд хъæугæ уыдис æмæ нын куыд загъта, афтæ ауагъта алцыдæр", - загъта нын Гигуашвили Мамукъа.

"Мыдадзын цырагъ иу куы ссыгътон, уæд иу мын уый дæр нæ уагъта. Ма дам, æй судз! Нæ йæ уырныдта Хуыцау. Арæх иу ын дзырдтон, зæгъын, афтæ гæнæн нæй, зæгъгæ. Æз дæр фæрынчын дæн æмæ уый дæр. Ды, дам, уæддæр куы сдзæбæх уаис, зæрдæтæ мын æвæрдта. Уæддæр мæ нæ уырныдта, æмæ амардаид æмæ афтæ ныгæд æрцыдаид. Нæ йæм æмбæлди ахæм мæлæт", - мастгæнгæйæ зæгъы йе "мкъай, Гугутишвили Марина.

Æгъдæуттæ ковиды агъоммæ æмæ ковиды фæстæ

Гугутишвили Гоги Тъхъвиауы хъæуы цардис.

"Хорз лæг... Æгъдауджын лæг... Куыд тынг хъыг нын уыдис... Нæ йæм æмбæлдис ахæм баныгæд... Цы уæ цымыдис кæны? Цæй тыххæй цæут? Уемæ рацæуон?", - ахæм уыдис æмхъæуккæгты реакци, кæцыты бинонты цæрæнуаты адрисæй бафарстам.

Гугутишвили Гоги профессийæ юрист уыдис. Куыста æндæр æмæ æндæр гæсады бынæттыл, се хсæн, Советон цæдисы рæстæджы, Ленинграды (ныры Петербург). Бирæ азты фæстæ Гуырдзыстонмæ фæстæмæ æрыздæхтис æмæ ам адарддæр кодта йæ куыст. Куыд зæгъынц, афтæмæй раздзæуæг бынат ахста Гуры консервон заводы.

Хъæуы, адæймаг куы амæлы, уæд иу къуырийы дæргъы мæсæллæй ракæнынмæ фæцæуынц адæм. Бинонтæн мæсæллæй ракæнынæн сыхæй-сыхмæ æмхъæуккæгтæ æрымбырд вæййынц æмæ сын иумæйаг мæсæллæй ракæнынц. Уый у ритуал, кæцыйæ æхсæнад ноджы иу хатт тырны нырма фыццаджыдæр, мард адæймагæн балæггад кæнын, стæй бинонты уæнгтæн мæсæллæй ракæнын.

Гуры эпархийы зæгъынц, цæмæй бинонтæ дины кусæгмæ æрæгмæ бахатыдысты. Эпархийы нымæрдары, Мад Тамары (Мсхиладзе) хъусинагæй, фактивонæй, сауджынæн æрмæстдæр 1 сахат уыдис рæстæг уый тыххæй, цæмæй бинонтæм бацыдаид æмæ ритуалон æгъдау сæххæст кодтаид.



"Уыцы лæгмæ ахæм фæндараст кæнын не "мбæлдис, цæвиттойнаг адæймаг уыдис. Уæдæ, ай цард у? Ахæм хорз лæг фæзиан æмæ нæдæр бацыдыстæм мæсæллæй кæнынмæ", - дзырдтой нын йе "мхъæуккæгтæ.

"3 боны æмгъуыд нын радтой. Ныр, куыд у æмæ ацы æртæ боны мидæг сцæттæ кæнай алцыдæр. Йæ ныгæнæн боны хуыцаубоны райсомæй фæдзырдтам сауджынмæ æмæ йын балæгъстæ кодтам, цæмæй ритуалон æгъдау æххæст кæнынмæ æрбацыдаид.

Сауджын нын загъта, цæмæй йын рæстæг кæй нæй, æмæ йын тынг бирæ мæрдтæ кæй уыдис, кæцытæн хъуамæ ритуалон æгъдау сæххæст кодтаид. Ацы рæстæджы-ма, хуыцаубон уыдис æмæ йæ райсомы аргъуыд дæр хъуыди ауадзын. Загъта нын, цæмæй ма тыхстаиккам. Мард бавæрынæй 9 боны фæстæ, йæ номыл аргъуыд кæй ауагътаид æмæ цыдæриддæр хъæугæ уыдаид, уый кæй сарæзтаид. Сауджын нын куыд загъта, афтæ сарызта алцыдæр 9 боны фæстæ, бахастам аргъуанмæ цæхх, зети æмæ а.д. скуывта сауджын æмæ йын йæ уды кой ракодта", - радзырдта нын Гигуашвили Мамукъа.

"Хъæуы сауджын нæу ахæм адæймаг, цæмæй искæцы бинонты кæнæ адæймаг æнæхъусдардæй ныууадза. Мах æрфарстам ацы хабары тыххæй æмæ разынд афтæ, цæмæй саджынæн æрмæст иу сахат уыдис рæстæг уый тыххæй, цæмæй ацы æгъдау сæххæст кодтаид. Æнæмæнгæй бацæудзæнис сауджын бинонтæм æмæ сабаты сæххæст кæндзæн æгъдау", - загъта нын Гуры эпархийы нымæрдар, Мсхиладзе Тамар, марды баныгæдæй йæм æртыккаг бон куы фæдзырдтам, уæд.
Гуырдзыстоны Патриархон официалон фарсыл фыст ис, цæмæй мардæн æгъдау хъуамæ сæххæст кæной йе "вæрæн боны.

"Кæд æмæ йе "вæрæн боны исты аххосагæй нæ уайы уымæн æгъдау сæххæст кæнын, уæд гæнæн ис æххæстгонд æрцæуа раздæр дæр. Афтæ-ма, ацы куывды сæххæст кæнын гæнæн ис зæронд (рагон) мæрдтæн дæр, кæцытæн йæ рæстæджы нæ уыдис æгъдау конд. Æгъдауы æххæст кæны сауджын хæдзары марды цур, кæнæ аргъуаны", - нысангонд цæуы Патриархон веб-фарсыл.

Цы цæуы Гуры сыхаг Руис-Урбнисы эпархийы?
Пандемийы периоды, Карелы муниципалитеты цалдæр адæймаг фæзиан. Цæуы æви нæ æгъдауы æххæст, ай фæдыл Руис-Урбнисы эпархийы пресс-центры, сауджын-моладзан Иеронимеимæ ныхас кодтам.

"Уыйас динон кусджытæ нæм ис æмæ махмæ иунæг-иу мард дæр нæ зайы æгъдауы æнæ сæххæстæй. Фæнды иу бон баззайæд йæ ныгæды бонмæ, нæ динон гоймаг æнæмæнгæй цæуы марды цурмæ æмæ йын æгъдау æххæст кæны", - загъта нын Руис-Урбнисы сауджын-моладзан.



Фотойыл: Сауджын-моладзан Иерониме, Карель, 7-æм январь, 2021 аз

Уый нын ноджы бамбарын кодта уый дæр, цæмæй æгъдау æххæст куы цæуы уыцы марды цур, кæцы ковидæй рынчын уыди, уæд уымæ æмбæлгæ динон гоймаг æрвитынц:

"Махмæ сты ахæм динон гоймæгтæ, кæцытæ сæхæдæг дæр уыдысты ковидæй рынчын æмæ сдзæбæх сты. Æмæ уый тыххæй, ковидæймæрдтæм уыцы сауджын ацæудзæни, кæцы йæхæдæг бавзæрста ковиды. Ахæм ахаст нын ис бакуыстгонд, фæлæ, уын куы зæгъын, мардæн æгъдау сæххæст кæныны тыххæй, махмæ нырма проблемæ нæ уыд никæмæн. Зæгъæм, Дирбы хъæуы амард пациент? Уырдæм бацæудзæнис Дирбы сауджын. Кæд уый не "вдæлдзæнис æмæ уыцы рæстæджы æндæр ран ис, фехъусын кæндзæнис æндæр сауджынæн æмæ уый бацæудзæнис æгъдау æххæст кæнынмæ", - зæгъы сауджын-моладзан Иерониме.

Руис-Урбнисы эпархийы минæвар нын уый дæр загъта, цæмæй уыдон динон гоймæгтæ медицинон уагдæттæм дæр кæй цæуынц:

"Уыдис махмæ ахæм цау, æмæ рынчындоны уæвæг гоймаджы бахъуыдис "зетицхеба" æмæ афтæ дарддæр. Ам дæр ын нæ дзурæм "нæ". Уый тыххæй æмæ зонæм, цæмæй ай пациентæн æмæ иумæйагæйдæр адæймагтæн стыр æнцойад дæтты. Уый тыххæй, специалон формæйы кондæй бацæуы клиникамæ нæ сауджын æмæ фембæлы пациентимæ", - зæгъы сауджын-моладзан.

Уый нын фидарæй дзуры, цæмæй Руис-Урбнисы эпархийы нырма нæ уыди ахæм цау, цæмæй зианы хицау æркура марды æгъдау æххæст кæнын æмæ йын исчи зæгъа "нæ".

Гуры, ноябры æмæ декабры мæйты, коронавирусы периоды, адæймæгты мæлæты факттæ, æндæр азты аналогион периодимæ абаргæйæ, арæх уыд.

Ай фæдыл махимæ ныхасы рæстæджы Гуры уæлмæрдты арæзты хайады къухдариуæгад Тъермакъозашвили Шалва ныхас кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, уæлмæрдты аразыны тыххæй, сакребулойы уынаффæ нæ райста исты ивддзинады тыххæй, фæлæ уымæн йе "мкусджытæ, хицауады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады рекомедацитæм гæсгæйæ, кусынц.



Фотойыл: Гуры уæлмæрд

"Куы æрбацæуы марды хицау æмæ нын куы зæгъы, цæмæй сын 72 сахатæй фылдæр бафæстиаты бар нæй. Уæд, мах æхсæвæй бонæй фæкусæм, цæмæй рæстæгыл уа алцыдæр. Ковидæй-марды цауы, нын ис специалон уынаффæ, кæцыйæ архайæм, цæмæй нæ кусæг-ингæнкъахджытæ уой хъахъхъæдгонд. Уыдон кусынц специалон формæйы кондæй", - зæгъы Тъермакъозашвили Шалва.

Уыдис ахæм цау, марды хицæуттæ æрбацыдысты уæлмæрдты администрацимæ æмæ æркуырдтой уыцы бон баныгæнын:

"Иуæй-иу хатт комкоммæ æрбаласынц рынчындонæй уæлмæрдмæ. Ацы цауы дæр рæстæгыл æрцæттæ кæнæм алцыдæр. Нæхи кусæг-ингæнкъахджытæ кусынц. Иуæй-иу хатт, сæхæдæг марды хицæуттæ дæр æрбацæуынц æмæ зæхх скъахæм. Сæйрагæйдæр, 10-15 адæймаг вæййынц, уыди 2-3 цауы, 50-йы онг марды хицау куы æрбацыдис, фæлæ уый стæм хатт", - зæгъы Тъермакъозашвили Шалва.

Гуры уæлмæрдты аразæны куыстуатмæ, мах уæвыны рæстæджы æрбацыдис цалдæр марды хицау, кæцытæ загътой, цæмæй рынчындоны уыдоны æввахс-хион, ацæргæ сылгоймаг фæзиан æмæ сын 72 сахаты æмгъуыд радтой йæ бавæрынæн.

"Иунæг-иу хъуыдыйаг нын ис уый, цæмæй йæ искæуылты рæстæгыл баныгæнæм. Рынчындоны йæ схуыссын кодтам, фæрынчын ис. Ковид ын нæ уыдис, фæлæ нæм дысон фæдзырдтой, амардис, дам. Клиникайы, дам, ыл бахæцыд ковид", - дзырдтой марды хицæуттæ.

Уæлмæрды арæзты куыстуаты хистæр тилифонæй фехъусын кодта кусæг-ингæнкъахджытæн, цæмæй райсомæй райдыдтаиккой кусын. Мардæн сыджыт дыккаг боны хъуамæ цæттæ уыдаид.

"Ацы цауы махæн нæ хæс цы у? Рæстæгыл балæггад кæнæм марды хицæуттæн. Марды æгъдау сæххæст кæнын мах хæс нæу, фæлæ ацы пандемийы периоды, федтам, цæмæй ингæны цур сæххæст кодтой æгъдау", - зæгъы Гуры уæлмæрдты арæзты куыстуаты хистæр, Тъермакъозашвили Шалва.

Уый информацимæ гæсгæ, 2020 азы ноябры æмæ декабры мæйты, ковидæй-амæлджыты пик уыди, зæгъæм, Гуры горæты уæлмæрдыл ноябры мæйы ныгæд æрцыд 14 адæймаг, фæлæ декабры мæйы та, 18 адæймаг, кæцытæ ног коронавирусæй уыдысты мард.
Print