Ног хабæрттæ
Пандемийы зындзинадимæ тохгæнæг карджын сылгоймæгтæ
Раст уыцы рæстæджы, æппæтæй тынгдæр сæ куы фæхъæуы аудындзинад, уыдонæй иутæ иунæг сты, иутæн сæ бинонтæ дард сты, иуæй-иу та уыцырдыгæй зилы бинонтæм. Уыцы карджын сылгоймæгтæ сты Шида Картлийæ. Кæцытæ пандемийы уавæрты æрвылбон тох кæнынц сæ цæрæнбоны тыххæй æмæ хаттæй-хатт æнæфæрæзæй баззайгæ стыр бинонты иунæг-иу быцæу дæр сæхæдæг сты.



89 аздзыд Цабадзе Нуну Сацхенеты хъæуæй у, зоны арæнæвæрдты тыххæй дæр. Уый Карелы районы иунæгæй цæры. Алы хатт дæр йæ цæст дары ног хабæрттæм. Раст горæттыхсæнон транспорты бынативды тобæмæ гæсгæ, зæгъæн ис æмæ, иу афæдз йæ хъæбулты нæ федта. Дзуапп зоны, фæлæ, чизоны дам мын исты аирвæзтис, æмæ нæ уæддæр фæрсы, - «Мыййаг дам, кæд транспорт байгом æмæ дам, кæд кусы?».

«Иунæгæй цæрын. Дыууæ чызджы мын ис, мойгонд сты. Сæхи бинонтæ сын ис. Кутаисы сты æмæ ныр фæндаг куы нæй, нал æрцыдысты, æвæццæгæн иу аз уыдзæнис ныр. Хос мæ куы фæхъæуы, уæд-иу æндæрæн бахæс кæнын æмæ мын уый æрбахæссы афтекæй. Суг мæхæдæг æлхæнын æмæ мын æй сыхæгтæ ныллыгтæ кæнынц. Мæхицæн дзул фыцын. Нырма мæ бон у мæхимæ кæсын.

Мæ сæр-иу зилы æмæ йæ не ‘мбарын, кæцы хос хъуамæ баназон уый тыххæй. Аппарат мæм бæргæ ис, фæлæ цæстæй хорз нал уынын. Нал фæрсын. Цифрæты кæрæдзийæ нал æвзарын. Махæн магазин нæй. Исты куы хъæуы Хашурмæ цæуæм. Хæринаг Хашурæй хæссæм. Исчи куы ацæуы, уæд ын бахæс кæнын æмæ мын æрбахæссы. Ам уыдис магазин, фæлæ йæ хицау ауæй кодта æмæ кæдæмдæр ацыдис. Мæ бон цæуын нал у. Æууæнкдары гæххæт мын ис арæзт мæ каисы номыл. Уый мын райсы мæ пенси æмæ мын æй æрбахæссы», - дзуры Нуну, æмæ нын кой кæны, цæмæй уый 15 азы рынчын æмкъаймæ кæй зылди.

«Хос æмæ хæринаг æз мæхæдæг хастон, фæлæ мæнæ, ам, трассæ куы ис, сымах кæцæй æрбацыдыстут, уым æз ныр 9 азы, нал ацыдтæн. Ме ‘мкъайы фæзианы фæстæ, мæ бон нал у цæуын, мæ къæхтæ риссынц, мæ уæрджытæ, мæ астæу. Бирæ фыдæбон мын уыдис, тынг бирæ», - зæгъы Цабадзе Нуну.

«Раздæрдæр-иу уыдтæн тыхст. Фæлæ ацы пандеми куы райдыдта, уæд ноджы фыддæр зындзинады дæн», - загъта нын абисаг Лурсманашвили Карожна.

73 аздзыд Лурсманашвили Карожнайы зын царды пандеми ноджы тынгдæр фæфыддæр кодта.



«Мæ бон цæуын нал у. Фæнды мыл, фæхудут. Мæ чызг-иу афтæ фæзæгъы, фæндагыл дам-иу сындæггай ахиз. Ныр хъусæй дæр фæцух дæн, дзæбæх нал хъусын. Тыхсын, фæлæ нæ зонын кæмæ бацæуон? Мæ хъæбул хицæнæй йæ бинонтимæ цæры. 500 лари мын слæууыд суг. Ноджы-ма хъуамæ æрбаласын кæнон суг, æндæра мын не сфаг уыдзæнис. Социалон æххуыс фæстаг хатт æндæраз æркуырдтон æмæ мæ формæ 100 æрдомдтой. Арвыстон мæ гæххæтытæ Тбилисмæ фæлæ ницы дзуапп райстон. 23 азы мыл цыдис мæ мой мæ куы ныууагъта. Стæй ацыдтæн Сураммæ. Сывæллæты мемæ акодтон мæ цæгатмæ. Сывæрджынæй мæ ныууагъта мæ мой. Бинонты змæнтæг ме фсин уыдис, уый аххосæй æрцыд афтæ. Афтæ уыдтæн уым, мæ цæгаты. Уым схъомыл кодтон мæ хъæбулты. 3 азы цыдис чызгыл æмæ 9 мæйы та - лæппуйыл, сæ фыд куы амардис. «Стъеклианщицы» (Авджы завод Сурамы, кæцы 1998 азы æрлæууыд. Редакцийы фиппаинаг) куыстон, вагонтыл æвæрдтон, цæмæй мæ хъæбулты схъомыл кодтаин. 24 азы Сурамы, заводы фæкуыстон. Авджы заводы. Стæй райстон фатер (хæдзар). 1000 сомы радтон. Ацы фатеры аразыныл 6 азы бахъуыдтæн. Стæй уым лæппуйы ныууагътон æмæ мæхæдæг рацыдтæн. Ныртæккæ æз ам цæрын. Уыдон уым ныууагътон. Æз ам дæн фыст. Дзул дæр уæй кодтон, хæбизджын дæр уæй кодтон Хашуры. Сурамæй иу куы цыдтæн уæд-иу сæ Хашурмæ æрхастон фистæгæй».

«Мæнæ мын магазины хæс ис, уæртæ мын уыцы магазины дæр хæс ис. Цы бакæнон, уæдæ? Куы мæ хъæуы уæд? Пандеми куы райдыдта, уæд ноджы фылдæр зындзинады дæн. Раздæр дæр зын цард кодтон. Дзабыртæ цæмæй балхæнон, уый дæр мын нæй. Мæнæ фенут, иуылдæр тыхтытæ дæн фæсмын хъуымацы. Мæ уыргтæ риссынц. Хатыр бакæнут, фæлæ мын хуыссæнгарзы цъæрттæ дæр нæй рæстмæ. Мæ пенси мын нæ фаг кæны», - дзуры нын Карожнæ æмæ нын йæ дзабырты æвдисы.

Хашуры æнæаргъфидгæ хæрæндоны бенефициар у 61 аздзыд Бекъошвили Соня дæр. Уый æрвылбон фистæгæй цæуы хæрæндонмæ æмæ фистæгæй фæстæмæ раздæхы. Йæ хæдзары цурæй хæрæндоны онг 40 минуты цыд у, фæлæ йын тых æмæ энерги хъæбулы хъæбултыл хъуыдыкæнын дæтты. Йæ цæрæн фатер та, æппындæр нæу йæхи фатер. Уый, йæ бинонтимæ иумæ, йæ хæстæгмæ цæры, кæцы иунæгæй цардис.



«Мæ цардцæрæнбонты иуыл фыдæбон кæнын. Зæххы куыст кæнын, къахгæ дæр кæнын. Уынг дæр мæрзын 200 ларийыл. Райсомæй рацæуын, ныммæрзын, æрбаздæхын. Фосхизыны рады дæр иу цыдтæн. Амæй хæссын мæ бинонты. Социалон æххуыс дæр нын ис, фæлæ нын уый куыд сфаг уыдзæн. Ацы тæккæ дæр нын сывæллон рынчын у. Йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ хъуыр риссы, куыддæр суазал вæййы, афтæ йын улæфыны проблемæ вæййы. Цæмæйдæриддæр мæ бон у, алцыппæтдæр сараздзынæн, мæхидæр цух ныууаддзынæн æмæ сывæллæттæн æрбахæсдзынæн. Æфсæйнæгтæ тымбыл кæнынмæ дæр цæуын, Сурамуламæ. Мæ сиахсимæ иумæ-иу ацæуын æмæ куы æрхуы ссарын, куы алюмин. Раттын сæ æмæ уый дæр æхца у. Хæрæндонмæ æрвылбон цæуын фистæгæй æмæ фæстæмæ дæр фистæгæй рацæуын. Ацы рæстæджы, мæм гæнæн ис æмæ уа уыцы 50 тетри мæ дзыппы, фæлæ йæ нæ хардз кæнын, уымæн æмæ дзы сывæллæттæн исты балхæндзынæн. Мæ къух никæмæ бадаргъ кæндзынæн – мæгуыргур. Нæдæр давгæ ракæндзынæн. Нæдæр домгæ æркæндзынæн. Æрбахæсдзысты мын? Райсдзынæн æй. Нæ мын æрбахæсдзысты æмæ нæ уыдзынæн уый», - зæгъы Бекъошвили Соня æмæ йæ ивгъуыд царды кой кæны:

«Ирон бинонтæ мын уыдис. Цардтæн Хашуры. Змæстыты рæстæджы мын басыгътой мæ хæдзары. Æнæформалтæ-иу æрбацыдысты æмæ-иу мын дзырдтой, гуырдзиаг, дам дæ, æмæ дам, ирæттæ цæмæн хъомыл кæныс? Æз-иу сын дзуапп кодтон, зæгъын, адон мæ хъæбултæ сты æмæ сæ куыд хъуамæ аппарон? Схъомыл сæ кодтон æмæ сæ ныр сымахæн куыд хъуамæ амарын кæнон, зæгъын? Тарстыстæм. Мæ моймæ хотыхæй хæцыдысты, ме фсинмæ дæр хæцыдысты, мæ хицауимæ дæр. Æдзухæй хотыхы бын уыдыстæм. Ацыдыстæм уый фæстæ Орджоникидземæ (Дзæуджыхъæу). Мæ хъæбулты тыххæй ацыдтæн æз дæр. Фæлæ мæ мой нæ уыдис ахæм адæймаг, цæмæй мæм уым уæддæр дардтаид хорз ахаст. Уым мæ тынгдæр æфхæрдта æмæ рацыдтæн фæстæмæ уырдыгæй дыууæ сывæллонимæ иумæ. Лæппутæ сæ фыдимæ баззадысты уым. Иу мæм арæх фæдзуры тилифоны. Иннæ фæзиан 2008 азы. Фосæргæвдæг уыдис æмæ йæ гал йæ сыкътæй срæхуыста æмæ дзыхъмард фæци. Мæ бон нæ бацыд ацæуын. Уыцы рæстæджы ам, махмæ уырыссаг æфсад лæууыдис. Мæхи фыдæбонæй æмæ хицауады æххуысæй сарæзтон дыууæ уаты. Тыхст уавæртæм гæсгæйæ йæ банчы нывæрдтон, фæндыд мæ уыцы æхцайæ истытæ уæй кодтаин, фæлæ мын нæ рауадис æмæ хæдзар дæр фесæфтон. Мæ бон нал баци хæс бафидын. Куы кæм уыдтæн æххуырсты, куы кæм. Уый фæстæ мæ хиуæттæй иу йæхимæ бауагъта цæрынмæ. Фæтæригъæд нын кодта. Йæхæдæг дæр иунæгæй цæры æмæ цæрæм афтæ. Ай дæр рынчын адæймаг у. Эпилепси йын ис. Ацы хæдзары дæр уæй кæны», - дзуры нын Соня.

Соняйы фылдæр продуктты фæзынаргъ тыхсын кæны.

«Æргътæ тынг фæфылдæр сты. Сæкæры аргъ фæфылдæр ис. Зетийы аргъ фæфылдæр. Иу сæр къабускайæ иухатт скæндзыстæм борщ æмæ дыккаг боны та ницыуал. «Æхсырыл», зæгъæм 2 ларийы лæвæрдтон, ныр 3 ларийы онг у. Тæрсæм пандемийæ дæр. Куы акæсай, фæйнæрдыгæй мæлынц æвзонг æви зæронд», - зæгъы Бекъошвили Соня.

Qartli.ge бацымыдис кодта, куыд цæуы Шида Картлийы муниципалитетты æнæаргъфидгæ хæрæндæтты финанскæнынад æмæ куысты фæтк пандемийы уавæрты. Разынд афтæ, æмæ Гуры муниципалитеты мэрийы ‘рдыгæй финансгонд æнæаргъфидгæ хæрæндон нæй, фæлæ æндæр муниципалитетты æнæаргъфидгæ хæрæндæтты рекомендацитæм гæсгæйæ кусынц. Уыдон бенефициартæн хæринаг хæдзармæ æрвитынц æмæ сын хæрæндоны бахæрыны бар нал вæййы.

Æнæаргъфидгæ хæрæндæтты бенефициарты нымæц æмæ бюджет афтæ æвдыст цæуы:

Хашуры æнæаргъфидгæ хæрæндоны 185 бенефициары ис, йæ бюджет та – афæдзы мидæг у 114 792.50 лари. Иу бенефициарыл хæрæндон боны мидæг 1.70 тетри хардз кæны.

80 бенефициары ис Къаспы æнæаргъфидгæ хæрæндæны, кæцы финансгонд цæуы афæдзы мидæг 97. 700 ларийы бæрцæй. Иу бенефициарæн балæггад кæнын ам боны мидæг 2.95 тетри у.

Карелы хæрæндонæй, кæцыйы бюджет 68, 788 лари у, 90 адæймаг пайда кæны.

Print