Ног хабæрттæ
Айдарты Знауры мемориалон уæлмæрд Кърисхеуы
Ацы уæлмæрдмæ ахуырдзауты кодтой æмæ уыдон, ард бахæрды фæстæ, пионеры рæнхъытæм истой. Мемориалон дуры цур культурон мадзæлттæ уагъд цыд. Уæлмæрдмæ ‘ввахс Карелы районы скъолæтæй сæ иуы ахуырдзаутæн бюст сæвæрын кодтой. 1990-æм азты Гамсахурди Звиады хицауады фарсхæцджытæ та, бюсты спырх кодтой.

Зынгæ большевикы, Айдарты Знауры мемориалон дурæй ма æрмæст къæрттытæ баззад. 100-аздзыд цым та, кæцыйы бынмæ, Хашуры районы Кърисхеуы хъæуы, ардбахæрæг хæлар Бичъикашвили Абесалом давд марды баныгæдта, фæстæмæ зайы.

Хцисы уæле уæвæг хъæу Кърисхеу Триалеты рæгъты ‘хсæн чысыл, сабыр æмæ рæсугъд хъæу у. Цæрæнуат абон рохуаты ис, фæндаг хæлд у, цæрæн хæдзæртты фылдæр афтид сты. Раздæры библиотекæйы гæс Бичъикашвили Эльзæ кой кæны, цæмæй иу рæстæджы ацы бынат культурон центры æвдыста, ам та бæрæг хайбавæрд уыдис уыцы большевикæн, кæцы ацы хъæуы нæдæр райгуырдис æмæ нæдæр ам схъомылис.

• Чи уыди Айдарты Знаур

Айдарты Знауры тыххæй тынг бирæ æрмæг ис æмбырдгонд Хашуры бæстæзонæн музейы.
Нырма ноджы, 60-æм азты, зонадон кусæг Гоголадзе Георгийы специалон знадон-куыст, 1917-1921 азты Хашуры территорийыл архайæг революцион большевикты царды тыххæй уыди.

Айдарты Знаур Терчы областæй уыди – ныртæккæйы, Цæгат Ирыстон, Уæрæсейы Федераци. Уым фидаргонд уыди УСДКП (Уæрæсейы социал-демократон кусджыты парти)-йы Кавказы бюро æмæ Сырх, 11-æм Арми, кæцыйы къухдариуæггæнджытæй сæ иу уыди Орджоникидзе Серго.



УСДКП-йы уæнгтæ, Гуырдзыстоны, меньшевикон хицауады ныхмæ адæмы мобилизацийы нысанæй, Айдарты Знауры рарвыстой. Уымæн хæслæвæрд уыдис, цæмæй Хашуры æфсæнвæндаджы кусджыты æмæ революционерты фарсхæцынæн сразы кодтаид ирон хъæуты цæрджыты, кæцытæ Хашуры, Карелы æмæ Боржомы территоритыл царди.

Бюст Айдарты Знауры уæлмæрды цур – Кърисхеу, Хашуры район

Айдарты Знаур Хцисы темы (Къуары хуссарварс) æрбынат кодта. Фæлæ йе ‘мтохгæнæг Ломидзе Арсен та – Алийы темы (Къуары цæгатварс) архайдта. Сурамы – революционер Бухрикидзе тымбыл кодта адæмы. Хцисы æмæ Алы дыууæ лидеры Советон хицауад расидтысты. Ай æрцыд 1919 азы 24-25 октябры. Хашуры сисынæн æртæ фарсырдыгæй ныббырстмæ сæхи бацæттæ кодтой.

Хцисы Советон хицауады центры бынат уыди æлдар Цицишвили Томайы афтид галуаны. Коммунистон партийы лидертæй æнхъæлмæ кастысты нысан райстмæ, кæцыйы фæстæ хъуамæ Гомы цур æфсæнвæндаджы рельсытæ скалдтаиккой, фæлæ Сурамы та кусджыты æххуысæй æфсæнвæндаг сæхгæдтаиккой.

1918-1921 азты Гуырдзыстон хæдбар паддзахад уыдис, кæцыйæн социал-демократты уæнгтæ, сæрмагондæй, меньевикон парти къухдариуæг кодта. Абон ацы периоды, Хашуры, бæстæзонæн музейы къухдариуæггæнæг Лацабидзе Тамаз иртасы. Зæгъы, цæмæй меньшевиктæ большевикты, раст, бынæттон цæрджыты æххуысæй ныддæрæн кодтой, уый тыххæй æмæ уыцы адæймæгтæ, кæцытæ Айдарты Знауры фарсмæ лæууыдысты, ныцыхуызон авторитетæй пайда кодтой.

Лацабидзе Тамаз, Хашуры музейон баиугонды разамонæг, кусы Хашуры историйы æрмæджытыл.



Лацабидзе Тамаз: «Раст у, иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр социал-демократты æндæр æмæ æндæр парти тох кодта, фæлæ Хашуры 1919 азы цаутæ сыгъдæг антинационалон рацыд уыди, кæцыйæн цæрджытæ йæ фарс нæ рахæцыд. Айдарты Знауры фарсмæ æнæафторитетон æмæ æнæуаг адæймæгтæ лæууыд. Зæгъæм, Ломидзе Арсен, кæцымæ Алийы хъæу хаудис æмæ дзы уый та, Советон хицауад расидтис. Уый уыдис абырæг», - зæгъы Лацабидзе Тамаз.

Лацабидзе Тамаз зæгъы, цæмæй Гуырдзыстоны демократон хицауады сæргълæуджытæ ацы пълан рагацау базыдтой æмæ большевиктæм, архайды райдыдмæ, ныббырстой.

Уыцы рæстæджы Ноэ Жорданийы хицауады гварди Гуры мазрæйы Меджврисхеуы хъæуы «Советон хицауадимæ» тох кодта. Уый басасты фæстæ, гварди Хцисырдæм араст ис. Артиллери æхсын Къуары цæугæдоны былгæронæй райдыдта.

Бичъикашвили Эльза, раздæры библиотекæйы æмкусæг: «Хцисы æмæ Алы нæ зыдтой, цæмæй УСДКП-йы уæнгтæ растад аргъæвтой. Цицишвили Томайы хæдзары æрфидаргонд большевиктæм ацы хабар барæджы кодта. Хицауад та, рæстæгыл сархайдта æмæ гвардиæгтæ, фактивонæй, алы лидеры дæр æрцахстой. Тæрхондон хъæуы мидæг уагъд æрцыд æмæ растады сæгълæуджыты фехстой», - фыст ис 60-æм азты æрмæджыты, кæцытæ музейы сты æфснайд.

Советон историографийы нысангонд цæуы, цæмæй меньшевикон хицауады уæнгтæ карзæй ныцъист кодтой растады. Фæмардуæвæг большевикты мæрдтæ Хашуры сæйраг фæзуатмæ бахастой æмæ сæ æртæ боны дæргъы уым баурæдтой. Айдарты Знауры мард кърисхеуаг Бичъикашвили Абесалом радавта æмæ йæ сусæгæй баныгæдта йæхи хъæуы.

• Большевикты штаб – Цицишвили Томайы галуан

Хæдзар, цыран большевиктæ уыдысты æрфидаргонд, абон æнæхъæнæй пырхгонд у. Уый, уæлдæр куыд фæнысан кодтам, Цицишвили Томамæ хауы. Фыссæг æмæ филологийы зонадты доктор Мтварелидзе Мурад зæгъы, цæмæй 1918 азы, Цицишвили Тома уыцы рæстæгмæ мард уыди.

«Фактивонæй, ацы галуан афтид уыди. Цицишвили Тома трагиконæй фæмард. Уый уыди адæймаг, кæцы хъæуæн хуыцаубонон скъолæ байгом кодта. Галуан арæзт уыди европæйаг стилыл æмæ культурон артдзæст æвдыста. Раст, ацы галуан сси 1919 азы большевикты плацдарм», - зæгъы Мтварелидзе Мурад.

Цицишвили Томайы трагеди хи трагедийыл баст у. Уый йе мкъайы гадзрахатæй рацыды тыххæй амардта, æмæ йæ усы хо та, Тбилисы, уымæй йæ маст райста. Мтварелидзе Мурад зæгъы, цæмæй Цицишвили Томайы куысты фæдыл, уыцы периоды прессæйы цалдæр стати рапарахат ис.



Мтварелидзе Мурад зæгъы, цæмæй Хцисы хъæуы 1919 азы цауты æрыййафæг уыди йе стыр нана (йæ мады мад).

Куыддæр большевиктæ саст баййæфтой æмæ лидертæн мæлæты тæрхон рахастой, ме стыр нана сын рахаста прастинæтæ мæрдты бамбæрзынæн», - зæгъы Мтварелидзе Мурад.

Советон историографи фыссы, цæмæй лидертæ, уыдон æхсæн, Айдарты Знаур æртæ боны дæргъы ахст уыдис кæйдæр хæдзары. «Меньшевиктæ хъизæмарæй мардтой ахстыты ныййарджыты, цæмæй басастаиккой фыдракæндыл. «Уæлахиз уæд коммунизм!», - дзырдта Айдарты Знаур», - фыст ис Советон историографийы.

Растады хайадисджыты мæрдтæ, кæцыты Хашуры сæйраг фæзуатыл равæрдтой.

• Цауты ног аргълæвæрд

Хашураг зонадон кусджытæ хъуыды кæнынц, цæмæй Хцисы æмæ Алы, 1919 азы рацыд уыди антипаддзахадон растад. Иттæг бирæ документтæ йæ бæлвырд кæны, цæмæй революционертæн фарсхæцынад кæй нæ уыдис цæрджыты ‘хсæн. Ноджы фылдæр, æвдыст цæуы, æмæ гæрзифтонг большевикты стыр хай цæрджыты æххуысæй кæй бафтыд сæ къухы.

Зæгъæм, растады агъоммæ æрцахстой революционер, Тибилашвили В., кæцы гвардийы уæнгтæн нысаниуæгджын информаци фехъусын кодта. Алкæцы лидеры: Айдарты Знаур, Ломидзе Арсен æмæ æндæрты (Бекъошвили æмæ Пилишвили) фехстой.

Дыууæ азы фæстæ, 1921 азы 21 февралы Сырх Арми Тбилисы йæ къухмæ райста. Меньшевикон хицауад ныгуылæн Гуырдзыстонмæ аивта йæ бынат æмæ мартъийы мæйы Батумы портæй Европæмæ эмиграцийы ацыдис. Инæлар Мазниашвилийы сæргълæудæй, Осиауры территорийыл сырхармийæгты ныхмæ гвардиæгтæ тохы бацыдысты. Ныхмæлæуд уыййас тыхджын уыд, æмæ Советон хицауад разы уыдис бадзырдыл. Уыцы периоды æрмæджытимæ нæ Хашуры музей ацы азы 26-æм майы базонгæ кæндзæни. 2018 азы 26-æм майы 100 аз æххæст кæны Гуырдзыстоны хæдбардзинады расидтæй.

Print