Ног хабæрттæ
Гобозтысых –æнæрухс хъæу
Гобозтысыхмæ дыууæ фæндаг цæуы, фæлæ дыууæйæ дæр зындзæуæн у. Иу – Халебийæ, иннæ – Сартхъелайæ.

Мах ацы хъæумæ нæ зонгæ Сартхъелайæ ссыдыстæм. Сартхъела æмæ Гобозтысыхы ком дих кæны. Гъелейы донæй фæндаг фактивонæй налдæр ис. Æрмæст-ма, кæддæр ацæугæ машинæты фæд зыны, кæцыйы астæмæ кæрдæг бамбæрзта.
Тилифон нæ ахсы, нæдæр дзы искуы электроэнергийы цæджындзтæ зыны, кæцытæ нын бирæ хатт баххуыс кодтой хъæуы бацагурынæн.

Фæлæ, фæйнæрдыгæй афтæ æнæсым у, æмæ нæ нæхи къахдзæфты уынæр тæрсын кæны. Иу чысыл алæууыс, уый ныфсæй, кæд искуыцæй адæймаджы хъæлæс фехъусис, зæгъгæ, фæлæ дзæгъæлы. Фæндаг уыййас æдзæрæгонд у, æмæ дын уысмæ фæстæмæ раздæхыны фæнд æвзæрын кæны. Кæд Сартхъелайы федтой арсы, уæд диссаг нæ уыдзæн æмæ уый Гобозтысыхы дæр арæх уазæг ма уа.

Фæлæ фæстæмæ раздæхыны идейайæ уыцы хъуыды хуыздæр уыд, куыд æй хъуамæ ма ссарæм?

- «Дитъо, дзиа» - фæхъæр кодтам.

- «Оу, ам дæн, ацырдæм рацæут».



Хъæлдзæг хъæры уынæр дæр райхъуыст. Бæлæсты æмæ кæрдæджы ныгъуылд хъæдын хæдзæрттæ æваст нæ цæсты размæ разындысты. Цыма нырмæ махæй æмбæхстысты. Фæндаджы галиуфарс æмæ рахизфарс рæсугъд арæзт хæдзæрттæ федтам. Алы хæдзарæн дæр йæхи хосдон æмæ скъæт ис, кæцытæй ныртæккæ уыййас ничиуал пайда кæны, хосдоны йеддæмæ – хосы (хъæмпы) æвæрынæн.

Нæ фысым Гобозашвили (Гобозты) Димитр у. уый ацы хæдзары райгуырдис æмæ схъомыл. Ныртæккæ, йæ бинонтимæ иумæ, цæры Хашуры, фæлæ куыстæй сæрибар рæстæг уый фылдæр Гобозтысыхы æрвиты.

Сатæг боныхъæд уыди, æмæ уый тыххæй пъамидоры садзæнтыл дон кодта æмбисбоны фæстæ. Мæр афтæ тагъд ныхъхъуырдта доны æмæ дзы уæле æртах дæр нæ зади, кæцы сасмджын мæрæн ахастæвдисæг у. Ам та – иннæрдæм у.

«Алы ссыдæн дæ 30 лари уæддæр бахъæудзæни. Ардæм чысыл машинæйыл не ‘ссæудзынæ. Бынæй хъуамæ бауромай машинæ æмæ уырдыгæй фистæгæй ссæуай. Фæлæ дæм алы хатт нæй уыцы 30 лари, цæмæй ардæм ссæуай. Уый тыххæй, сæйрагæйдæр фистæгæй ссæуын», - зæгъы Гобозашвили (Гобозты) Димитр.



Уый Хашурæй Халебийыл рахизы. Горæтæй 3 сахаты бахъæуы, фæлæ ардыгæй – 2 сахаты.

Цæрæн хæдзар дыууæ уæладзыгон у. Кæддæр ам фæрæзджын бинонтæ царди, кæцыйæн йæхи фосуат æмæ хосдон уыдис арæзт. Димитр кой кæны, цæмæй йæ сабибонты рæстæджы алы бинонты хæстæджытæ дæр сæ сабиты улæфтытыл ацы хъæумæ кодтой, зæгъгæ.

«Куы-иу æрбамбырд вæййæм, уæд алчи дæр фæдзуры, цæмæй нæ тынг кæй фæнды хъæумæ фæстæмæ æрбаздæхын, фæлæ æнæ машинæйæ та, ардæм ссæуын никæй фæнды», - хынджылæг кæны нæ фысым. «Ныртæккæ цахæм рæстæг у зоныс? Дуканимæ дæр машинæйыл цæуынц æмæ ардæм фистæгæй чи ссæудзæн?».

Куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй электроэнерги Гобозтысыхы нæй, уый тыххæй, Гобозашвили (Гобозты) Димитр хъæуы максимум 3 боны баззайы:

«Æхсæвы ахæм тынг талынг вæййы æмæ лампæйы рухсмæ цы хъуамæ кæнай? Куыддæр æрталынг вæййы, афтæ хъуамæ бафынæй кæнай æмæ фынæй дæр цас хъуамæ кæнай?», - зæгъы нæ фысым.



Фæстæмæ здæхгæйæ аскъуыддзаг кодта, уый, цæмæй Хашуры онг махимæ иумæ рацыдаид. Махæн нæ машинæ Гъартайы урæд уыдис, цалынмæ Гъартамæ бахæццæ уыдаиккам, уæдмæ уал ахазтыстæм Сатхъелайыл æмæ уый алфæмблайы уæвæг быдыртыл.

«Уæддæр хорз у æмæ, Сартхъелайы кæй ис адæм. Уый мæнæн дæр стыр ныфс у. Ныр мах ацы Сартхъеламæ хауæм. Кæд исты суммæ рахицæнгонд вæййы, уæддæр уый Сартхъелайы хардзгонд цæуы, æмæ реалонæй, Гобозтысых иуварс зайы. Нæдæр фæндаг æмæ нæдæр рухс ис хъæуы», - афтæ ныхасгæнгæйæ цæуæм фæндагыл.

Сартхъелайы нын уыцы электро-цæджындзтæ фенын кодта, кæцытæй уымæн æмбæлгæ хынцæг сæвæрдтой. «Ацы хынцæг куы сæвæрдтой, уæд мын загътой, ардыгæй, дам, дын бауадздзыстæм цæджындзтæ æмæ рухс дæр, фæлæ уæдæй фæстæмæ 5-6 азы рацыдис», - зæгъы Димитр

Æрвылмæй, хынцæг, бахардзгонд электроэнергийы аргъ 4-5 ларийы æвдисы:

«Рухс нæй æмæ нæ зонын, цы хуызæй фыссы ацы суммæйы? – хынджылæг кæнæм фæндагыл цæугæйæ»

«Сымах дæр ма бафидут, цы уын ракæндзысты, алыг æй кæндзысты æви цы, уæддæр уын куы нæ ис рухс», - дарддæр кæнæм нæ ныхас æмæ бахæццæ стæм Сартхъела-Гъартайы фæндагмæ.

Нæ фæстæ зайы 3 хохы ‘хсæн уæвæг, цъæх æрдзы ныгъуылд дыууæ цæрæнуаты – Сартхъела æмæ Гобозтысых. Фыццаг - хохы фахсы иуæрдыгæй ис, иннæ та – йæ акомкоммæ фарсæрдыгæй, уый дæр хохы фахсыл ис.

«Ам зымæджы тынг дымгæтæ зоны. Дымгæ цъилау фæзилы, æмæ хæхтæ дæр ронæнгæсау сты йæ алыварс. Быдыры та, дымгæ куы дымы, уæд Ныгуылæнырдыгæй кæнæ Скæсæнырдыгæй фæдымы. Ам та йæ нæ бамбардзынæ, дымгæ кæцырдыгæй дымы».

Гобозтысых дæр уыдзæнис 2 æнусмæ ‘ввахс, куыд Сартхъела у.

«Нæ фыдæлтæ, Гобозтæ кæцæй рацыдысты уый дырысæй нæ зонын, фæлæ, дам, иу адæймаг ардæм æрцыди æмæ ам æрцардис. Уымæн, дам, уыдис 8 æви 9 усы. Алкæмæй дæр ын уыдис сывæллон æмæ афтæмæй сбирæ стæм ардыгон Гобозашвилитæ (Гобозтæ)», - радзырдта нын нæ фысым.

Хашуры мерийы сæм диссаг фæкаст, æмæ сæ архайдон территорийыл кæй уæвы ахæм хъæу, цыранмæ рухс уагъд нæй.


Print