Ног хабæрттæ
Тъанайы коммæ æрбаздæхын


Махъишвили Нанайы фæндыд, цæмæй-ма Тбилисы фæцардаид ноджы 5 азмæ ‘ввахс æмæ уый фæстæ æрбаздæхтаид хъæумæ, фæлæ, горæты цæрын нал бафæндыд йе мкъай, Махъишвили Робизоны. Ивгъуыд азы, пандемийы периоды, алцыдæр сарæзта уый тыххæй, цæмæй хъæуы хæдзары бацæттæ кодтаид æмæ дзы æрцардаид.

Пандемийы периоды, мæ хъæбулы хъæбултæ дæр ам хъæуы цардысты, ардыгæй онлайн уроктыл хайад истой. Æмткæй бинонтæ стыр ресурс бахардз кодтой уый фæдыл, цæмæй хъæуы хæдзары цардуагон уавæртæ бæстонгонд æрцыдаиккой: рухс, дон, газыпец, тæнгъæд газ æмæ а.д.

Уый тыххæй, афæдзæй фылдæр у, Робизон æмæ Нана Тъанайы комы, Квемо (Дæллаг) Ормоцийы хъæуы æдзухæй цæрынц. Нæ фарстæйæн нын, хъуыды кодта æви нæ ууыл, цæмæй искуы Робизон æрбаздæхтаид хъæумæ?- хæдзары æфсин дзуапп радта:

«Нæ уыдтæн æнхъæл, цæмæй афтæ тагъд æрбаздæхтаиккам хъæумæ. Хъуыды кодтон, цæмæй ацы момент кæй æрлæууыдаид кæмдæр иу фондз азы фæстæ. Ардæм кæй æрбаздæхтаиккам, уый кæй зæгъын æй хъæуы, алыхатт дæр зыдтон æмæ йыл хъуыды дæр кодтон, уымæн æмæ, Робизон ахæм адæймаг у, æмæ йæ райгуырæн хъæуы æдде нæ бафæрæзтаид цæрын æмæ йæ царды фæстаг азтæ дæр ам кæй арвыстаид», - зæгъы Махъишвили Нана.

Хæдзары æфсин горæты ныууадзгæ хъæбултыл хъуыды кæны, кæцытæ ныридæгæн сæ бинонтимæ ныййарджытæй хæдбарæй (хицæнæй) цæрынц:

«Æз сын ардыгæй ницæмæй æххуыс кæнын. Уым куы уыдтæн, уæд цыдæртæ архайдтон, куыстон æмæ сын æххуыс кодтон мæ хъæбултæн. Ныртæккæ дæр мæ куы акæной Тбилисмæ, уæд та, бакусин, фæлæ нæ уайы. Робизоны ам фæнды цæрын», - дзуры Нана.

Ацы ныхасмæ йæхæдæг Робизон дæр хъуыста æмæ бæрæгæй зынд йæ ныхасыл уыцы æхсызгон æнкъарæндзинад, цæмæй бынтондæр кæй æрыздæхти йæ райгуырæн хъæумæ, кæцыйы 16 аздзыдæй ныууагъта.



«Фæстаг хатт ма, мæ мад цардис ам. Уый тыххæй ма-иу цыдтæн ардæм æмæ куыд мæ бон цыд афтæ йын æххуыс кодтон, мæ хъус æм дардтон. Стæй куы фæзиан, уæд уыййас хъусдард нал цыд ардæм. Хæдзар дæр скæлæддзаг. Мæнæ йæ ныр уæхи цæстæй уынут, куыд архайын хæдзары къулты бафидар кæныныл, кæрты дæр бафснайдтам, цæхæрадоны дæр бакуыстам. Бынтон нæузæхх уыди. Фос дæр хъуамæ скæнон. Хъæуы фос куы нæ дарай, уæд дзы ницы рауайдзæн», - зæгъы нын Робизон.

Робизон ныл хъæуы кувæндоны цур фембæлд. Иу уынгæг фæндагыл, кæцы цыдис дыууæ æмбонды ‘хсæнты, архайдтам ахизыныл, бетон-фæндаг уыдис æмæ ахъуыды кодтам, раст уыцы сыхы кæй хъуамæ уыдаид цæрджытæ.

Фæндагыл цæугæйæ цалдæр афтид хæдзары фæрсты ахызтыстæм, федтам ноджы дзæбæхарæзт нидæнуатон хæдзар (дачæ), кæцыйæн уыдис йæ алфæмблай егъау æмбонд арæзт.

«Æдзухæй дзы кæд иу цыппар бинонтæ цæра, иннæтæ нидæнуæттæ (дачæтæ) сты, уыдонæй иутæн ног хицæуттæ ис. Амонд нæ ис, æмæ тынг хорз адæм райдыдта цæрын ам, æниу уыдон æрмæст сезонгай вæййынц ам», - дзуры нын фæндагыл цæугæйæ не ‘мбæлццон.

Хæрдыл куы схызтыстæм, уæд нын Робизон дзуры, цæмæй уымæн йæ сабибонты хъæд афтæ æввахс нæ уыдис:



«Ныр, ардыгæй куы акæсат, уæд быдыртæ бынтон афтид сты. Уæд, афтæ кæм уыди? Куыст цыдысты зæххытæ, тыллæг кодтой. Ныр, адæм нал ис æмæ сæ нал дæр куыстгонд цæуынц», - зæгъы Махъишвили Робизон.

Хæдзæрттæй сæ иу нæ хъусдард аздæхта йæхимæ, кæцы нæ уыдис рагон арæзт, æниу-ма дзы æрмæст констркуцитæ уыдис рагон арæзтæй:

«Ацы хæдзар ног арæзт уыд, фæлæ хæдзары хицæуттæ куы ацыдысты, уæд æй фæдавтой, цыдысты йæм æмæ арæзтадон æрмæг фæхастой. Бирæтæ ацыдысты ардыгæй».

«- Кæдæм?»

Ацы фарстæйыл, куыд æндæр æнгæс хъæуты, ам дæр чысыл паузæ уыди:

«Æз, зæгъæм, Тбилисмæ... иннæтæ чи кæдæм, чи та, кæдæм».

«- Дзæуджыхъæумæ?»

«О, фæлæ-иу æрцæуынц, бæрæгбонты рæстæджы, бирæ дзы абон дæр удæгас у, бирæ дзы мæлгæ дæр акодта. Нæ бафæрæзтой уыцы уымæл уæлдæфы. Æз, зæгъæм, Тбилис куы нæ уыдаид, уæд æвæццæгæн, æз дæр уырдæм ацыдаин».

«Тбилис уæ куыд фервæзын кодта?»



«16 аздзыдæй кусын байдыдтон, куы Гуры, стæй – Тбилисы. Бинонтæ куы ‘ркодтон, уæд агуырийы заводы куыстон. Змæстытæ куы райдыдтой, уæд мын нырма фатер нæ уыдис, уыцы рæстæджы лæвæрдтой фатертæ, фæлæ мæнæн нæ радтой. Баззадтæн Авчъалайы, æмдзæрæндоны цæргæйæ. Уым схъомыл кодтон мæ хъæбулты».

Æппæтæй тынгдæр, цыдæриддæр абон хъæумæ æрыздæхæг лæгæн æнæмæнг хъæугæ у, уый хæдзарадон техникæ у, кæцы Квемо Ормоцийы къаддæр ис. Робизон хъуыды кæны, æмæ кæд ацы хъуыддагæй ифтонггонд уыдзæн хъæу, уæд ын фылдæр кæй бантысдзæн саразын.

Ацы хъæуæй у ноджы иу адæймаг, Махъишвили Тамаз, кæцы йæ фыды хæдзары сцалцæг кодта æмæ дзы хæдзарон уазæгдзæрæн сарæзта. Ацы идейæ уымæ ивгъуыд азы фæзынд æмæ паддзахадон программæйы фæлгæтты райдыдта уазæгдон аразын.

Тамазы хæдзар Робизоны параллелон уынгыл ис. Хъæуы мах уæвыны рæстæджы, кæрты гуйраг æхсæнадон архайæг, Гочашвили Автойы юбилейон изæр уагъд цыд.

Махъишвили Тамаз йæ бинонтимæ иумæ Гуры цæры, фæлæ зæгъы, цæмæй хъæумæ куыддæр ныццæуы, афтæ йæ удæнцойæн кæй улæфы:



«Афтæ уыди, йæ рæстæджы, мæ фыд дæр. Æдзух æй ам уæвын фæндыди. Мæ дада та Балуаны хъæуы цардис. Тынг дард у, ацы хæхты фæстæ. Ныртæккæ ма уым æрмæст уæлмæрд баззадис. Æз дæр уыййас тынг уарзын уыцыран, æмæ цъус рæстæджы размæ, Балуаны хъæумæ мæ хъæбулты дæр акодтон», - дзуры Тамаз.

Тамаз æвзонгæй фæстæмæ активон цард кæны, Гуры университеты ансамблы уæнг уыди, афтæ-ма зары нæлгоймæгты къорды – «Гур». 90-æм азты уыди НДП (Национ демократон парти)-йы уæнг, абон ын арæзт ис Гуры зал, цыран æвзарынц горæты актуалон фарстытæ. Йæ бинойнаг, Бжалава Ия, кусы педагогæй, Гуры скъолæтæй сæ иуы. Ахæм уæлуаргъджын куысты графикмæ æнæгæсгæйæ, уыдон архайынц æмæ сын æнтысгæ дæр кæны Квемо (Дæллаг) Ормоцийы ног хъуыддаг райдайын:

«Федтаиккат æй, æмæ фæндаг арæзт цæуы. Ныфс мæ ис, цæмæй тагъд фæуыдзæн æмæ уый стыр æххуыс уыдзæн амы цæрджытæн. Мæ нысан у уый, цæмæй тынг бирæ адæймагæн уа амалдзинад ардæм ссæуынæн. Нæ уарзын тъизын, фæлæ фылдæр хъусдард хъуамæ цæуа хæххон хъæутæм. Фылдæр гæнæндзинад сын уа финанс кæнынæн. Абон нæ къорды уæнджы юбилей у, æмæ æз, зæгъæм, рухсгæнæнтæ æндæрæй райстон арендæйы», - зæгъы Махъишвили Тамаз.

Æцæгæйдæр, ацы ком алы сæрды дæр бирæ адæймæгтæн улæфæн бынат у. Баххуырсынц хæдзæрттæ бинонтимæ иумæ, сабат-хуыцаубоны та, пикниктæ аразынц. Тъанайы цæугæдоны акомкоммæ тынг бирæ хæдзаргæндтæ (халагъудтæ) ис арæзт. Тамазийы бæллицц у, цæмæй йæ дадайы хъæу дæр ахæм æнцонвадатджын уа адæймæгтæн, куыд Квемо Ормоци. Уый нын ныфс бавæрдта, цæмæй нын Балуаны хъæуы дæр кæй бафысымиуæг кæндзæнис.

Print