Ног хабæрттæ
Тъусребы хъæу – адæммæ æнхъæлмæкасты


Гурæй Тъусребы хъæуы онг дæрддзæг 30 км-æй фылдæр у, фæлæ рог автомобилыл цæугæйæ 3 сахатмæ ‘ввахс бахъæуы. Уый тыххæй æмæ, фæндаг тынг хæлд у, нырма Атъены онг, стæй та – Квемо Бошурæй Тъусребы онг
.


Машинæ æрмæст, Бобнеуы æмæ Квемо Бошуры ‘сæнты уæвæг фадыгыл змæлы æнæкъуылымпыйæ. Сæйраг цауы нæ, хæлд æмæ, стæй рыгджын фæндагыл бахъуыдис ацæуын.

Хидистауы, Атъены, Бобнеуы, Бийсы, Квемо Ормоци, Квемо æмæ Земо Бошуры – æрвыл бон ам цæуын тынг фæллайæн у. Донхорыг доны трубæтæн скъахт зæхх æмæ стæй дзыхъхъытæ-къуыппытæй баззайгæ фæндаг автобусы скъæрæгæн сафы алывæрсыгæй йæ зæрдæйы уаг, уæлдайдæр та, йын бæлццæттæ куы нæ вæййы, уæд нал сæххæст кæны йæ рейсы дæр.



Æгас Гуырдзыстон ацы комы – Атъены комы номæй зоны, æниу, Атъены уæле уæвæг хъæуты цæрджытæн ай æнæрайсгæ у. Уыдонмæ гæсгæ, хуыздæр у схонæм æй «Тъанайы ком».

Нæ радон визит Тъусребы хъæумæ пълангонд æрцыд. Ам Надибаидзетæ, Павлиашвилитæ, Кавтарадзетæ цардысты. 1990-æм азты онг дзы ирæттæ дæр цардысты. Кокашвилиты мыггагæй хъæуы ничиуал баззадис.

Бошуры фæстæ ахизæн хид ис, кæцымæ ‘ввахс фæндаг рахизырдæм фæзилы. Æндæр цауы фæндаг фæрæдидзынæ æмæ Хъвелантыубанимæ бахаудзынæ. Тъусребы хъæу та, иу рæсугъд бынаты, хохы фæхсты ‘хсæны уæвæг территорийыл у арæзт. 10-ы онг хæдзар дзы ис, уыдон сæйрагæйдæр сты хъæдæй арæзт, хъæды æмбæхст у.

73 аздзыд Надибаидзе Александр йæ цæхæрадоны донхорыг кодта. Æмбонды сæрты нæм радзырдта: рахизут мидæмæ, зæгъгæ. Куыддæр æй базыдта æмæ журналисттæ стæм, афтæ нæ ракуырдта, телекомпани фыццаджы журналисты Григолиа Ингайы тилифоны номыр.

«Уæддæр тилифон нæ ахсы æмæ йæм нæ адзурдзыстут. Махæн радзурут уæ зæгъинаг æмæ йæ Инга дæр фендзæнис», - дзуапп радтам нæ фысымæн æмæ чысыл рæсугъд хæдзары хæрзæфснайд кæртмæ бахызтыстæм.

«Мæ хъæбулы хъæбултæ Польшæйы сты кусынмæ, нæдæр æй зонын, дырысæй цыран сты. Æз ам иунæгæй цæрын, зымæгæй - сæрдæй. Зымæг дзы ахæм зоны æмæ 7 мæйы уазал вæййы. Цæй æмæ йын бафæраз», - зæгъы Александр.



Уый мæт кæны, зæгъгæ, бонтæ афтæ цæуы æмæ адæмы нæ уыны. Автобус дæр стæм хатт цæуы. Дард фæндагыл цæуын йæ бон нал у. Æртыккаг бон у ныр, кæрдзын дæр ын нал ис æмæ æмбæлон сихор дæр нал бакодта. Спълан кæны Гурмæ ацæуын, фæлæ гæнæн ис æмæ уыцы бон автобус ма уа. Уый уыцы цауы вæййы, бæлццæттæ куы нæ цæуынц.

«Знон хъæуы ныхæстæ кодтам, ам-ма чи баззадис уыдон, зæгъын, чизоны тилифоны адзурæм Ингамæ æмæ йын зæгъæм нæ зæгъинаг. Цъус нæм сæ хъус æрдарой. Адæмы уындмæ бæллæм, автобусмæ бæллæм, дзулмæ бæллæм, магазинмæ бæллæм», - зæгъы Надибаидзе Александр.



Хъæуы, куыд уын загътон, афтæ 10-ы онг хæдзар цæры. Адонæй 2 хæдзары бинонтæ æрмæст сæрды заманы æрбацæуынц.

«Æрбацæуынц нидæнуатмæ (дачæ) адæм, ома улæфынмæ, фæлæ дзы нæ бафæразынц æмæ тагъд фæстæмæ афардæг вæййынц. Ницы уавæртæ дзы ис. Махæн та ацæуæн нæй. Æниу кæдæм хъуамæ ацæуæм, кæнæ цæмæн хъуамæ ацæуæм», - дзуры нын фысым.

Надибаидзе Александры хæдзар Хъвелантыубанийы фæндаджы был ис. Хъæуы иннæ бинонтæ та æндæрырдыгæй цæрынц. Уырдыгæй рацæугæйæ, ныр та иннæ хæдзæрттырдæм азылдыстæм.

Надибаидзе Робизон дæр йæ тыхстцардæй хъаст кæны. Уымæн дæр йæ цæхæрадон æфтæ хæрззылд у æмæ дзы алцыдæр тынг хорз зайы. Нæ уазæгуаты уæвыны рæстæджы, уый йæ цæхæрадон донхорыг кодта. Суадоны донæй. Зæгъы, цæмæй хæдзары æфсинты æдде уымæн ацы чысыл хæдзарады бакусын дæр зын у:

Мæ мад дæр рынчын у æмæ ме ‘мкъай дæр. Гурмæ сæ акодтон, Гареджуары цæрынц. Уым æввахсдæр сты дохтыртæм æмæ сæ исты æххуыс куы бахъæуа, уæд сын цæмæй рæстæгыл баххуыс кæной», - зæгъы нын Робизон. Æппæтæй тынгдæр ууыл тыхсы æмæ дзы коммуникаци зын у, æрмæст æддагон æдæмимæ нæ фæлæ хиуæттимæ, бинонты уæнгтимæ дæр.


Print