- Мамао (сауджын)!
- О...
- Раскъæрдтай, фосы?
- Раскъæрдтон, раскъæрдтон.
- Фæндагмæ сæ рахизын кæн æмæ сæхæдæг
ссæудзысты.
Хъæуы хуссар фарсæрдыгæй, цыран Гетсаманы сылгоймæгты моладзандон
ис, уым æввахс, 100-200 метрмæ моладзан цæры. Уый вагоны типы чысыл
будкæйы цæры. Фосы та, кæцыты моладзан быдырæй раскъæрдта,
моладзандоны цæрджыты сты. Сылгоймæгты моладзандоны кæрты цалдæр
сылгоймаг куыста.
Араст стæм быдыры къахвæндагыл, чысыл хæрдыл схызтызтæм æмæ
уырдыгæй ракастыстæм Гвердзинæтмæ, ноджы растдæр зæгъгæйæ, хъæуы
уыцы фарсырдæм, цыран сауджынтæ цæрынц.
Сылгоймæгты моладзандоны æмæ моладзаны котеджы ‘хсæн, цалдæр
зæронд, хъæдын хæдзары лæууы. Алы хæдзары дæр дзы цæры ачъарайаг
эмигранттæ. Уыдон 20 азы размæ ам æрцардысты, уымæн æмæ Хулойы
районы, æрдзытых уыдонæн сæ хъæуы æмæ хæдзæртты ныппырх кодта.
Æрмæст дыууæ æви æртæ хæдзары бинонтæ баззадысты ам, кæцытæ цæрынц
сæ фыдæлты хæдзæртты. Адон ирæттæ сты.
Фотойыл: Сылгоймæгты
моладзандон
Кæрæдзиимæ æмхуызон цард кæнынц сауджынтæ æмæ уым цæрæг иннæ
цæрджытæ; ачъарайæгтæ æмæ ирæтты цард; ам уыдон кæрæдзийы
фæрсæй-фæрстæм фæллой кæнынц æмæ цæрынц.
Æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ уыдон хицæн кæны æндæр æмæ æндæр дин.
Ачъарайæгтæ пысылмæттæ сты. Ирæттæ – чырыстæттæ. Йæ алфæмблайы,
хæхтыл алы фарсæрдыгæй дзуæрттæ ис арæзт. Цалдæр хæдзары дзæ афтид
у. Уыдон уыцы ирæтты хæдзæрттæ сты, кæцытæ 1991 азы гуырдзиаг-ирон
конфликты рæстæджы, ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ.
Моладзан 35 аздзыдмæ ввахс у. Котеджы раз ын ис фæйнæджытæй æмбонд
арæзт æмæ дзы сæйрагæйдæр нартхор æмæ хъæдур байтауы. Суг дæр ын
цæттæ ис. Йæ куыдз та нæм дзагъырдзæстæй кастис æмæ нæ уæгъд нæ
уагъта.
Фотойыл: Моладзан æмæ йæ
цæрæнуат
Чысыл дæрддзæфдæр, сылгоймæгты моладзандонæн ноджы дæргъвæтин уæрæх
территори ахст ис. Къелитæ визуалонæй хицæн кæнынц уыцы зæронд
хъæдын хæдзæрттæй, кæцы абон дæр тынг фидауын кæны цæх, хъæды
æмбæрзæны ныгъуылд хъæуы.
«Моладзанæн йæхи хæдзары дон нæ цæуы æмæ махæй фæхæссы. Тынг хорз
æмахастытæ нын ис», - загъта нын бынæттон цæрæг Антадзе Гурам. Уый
йæ хæдзары размæ хосы цъынайы иу хай райхæлдта æмæ йæ хурмæ сур
кодта, кæцы дысоны къæвдайæ схуылыдз.
«Ныр мæнæ, цы дзы схуылыдз уый басур кæндзынæн. Стæй трактор хъуамæ
æрбацæуа æмæ сæ тъуктæй бабæтдзæн, уый фæстæ сæ ауæй кæндзыстæм», -
загъта нын Гурам.
Моладзан йæ къелийырдæм (котеджырдæм) атындзыдта. Уымæн йæ зæронд,
хуызивд сау къаба (анафора), уый нысан кодта, цæмæй уымæн йæ сæйраг
нысан хицæнæй цæрын уыдис.
Фотойыл: Ачъарайаг
бинонтæ
Ачъарайæгтæм цы хауы, уымæй, уыдон Гвердзинатмæ 1999 азæй
æрцыдысты. Уæдмæ уыдон Самцхе-Джауахеты, Ахалкалакы цардысты, фæлæ
сын уым царды уавæртæ зынвадат уыди.
1999 азы эко-мигранттæ этникон ирæттæй хæдзæрттæ æлхæнын байдыдтой
æмæ Гвердзинеты æрцардысты. Ирæттæ 1991 азы хъæу ныууагътой,
гуырдзиаг-ирон конфликт йæ тæккæ карзы куы уыдис уæд.
Сафтидгонд Гвердзинеты та æрдзтыхы (стихийы) фæстиуæгæн
зианбаййафæг цæрджытæ æрцардис. Ныртæккæ ам 30-ы онг бинонтæ цæры.
Æрмæст дыууæ æви æртæ хæдзары бинонтæ баззадысты ам, кæцытæ цæрынц
æмæ хъахъхъæнынц сæ фыдæлты хæдзæртты.
Дзамайы комы ай фæстаг хъæу у, цыран адæм цæрынц. Гвердзинеты
уæллаг хъæутæн сæ фылдæры сауджынтæ æрцахстой. Ахæм хъысмæты хай
баци Цъиплованы хъæу дæр, цыран æрмæст сауджынтæ цæры. Тъемлованы
дæр æрмæст æртæ хæдзары бинонтæ цæры.
Гвердзинеты та цард дарддæр кæны.
Фотойыл: Антадзе Гурам йæ
цæхæрадоны
«Куы æрцыдыстæм уæд ам бирæ адæм дæр нæ уыди, ирæттæ уыдысты, уыдон
дæр ацæргæ (карджын) адæм. Балхæдтам хæдзæрттæ алчидæр æмæ
кæрæдзийæн æххуыс кодтам. Уæд ахæм рæстæг уыд, тынг тыхст уавæрты
уыдыстæм æмæ кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ нæхи рахастам абоны онг. Ныр
ам алцы дæр рараст, хорз фæндаг сарæзта ацы хицауад.
Ацæуын-æрбацæуын нын саслам ис. Раздæр кæд хъуыдис 3 сахаты Карелмæ
ныццæуынæн, уæд ныр та, хъæуы 10 минуты», - зæгъы Антадзе
Гурам.
Уый хæдзары ныртæккæ сабиты хъæлдзæг уынæр хъуысы. Ис ын хъæбултæ
æмæ хъæбулы хъæбултæ. Мæт кæны, ууыл, цæмæй хъæуы хæрзцъус сабитæ
кæй ис, бирæ æрыгæттæ усгур æмæ мойгæнинаг кæй ис. Ныфс æй ис,
цæмæй цалдæр азы фæстæ, хъæу ноджы кæй фæфылдæр уыдзæн:
«Цалынмæ ацы корона нæ фæзындис, уæдмæ-иу Туркмæ цыдтæн, уырдыгæй
дæр хорз æфтиаг истам. Ныр, коронайы рæстæджы, ацæуын æмæ æрбацæуын
фæзын ис. Æмæ стæй уым дæр раздæрау нал у, тынг саслам се хца.
Уыййас амдæр райсдзынæ, хорз куы бафыдæбон кæнай уæд. Æндæр хъæуты
гæнæн ис æмæ куыст нæй, фæлæ ам уæддæр цыдæр бакусдзынæ», - зæгъы
нын Антадзе Гурам.
Кокойты-Циклаури Манана уыцы адæймæгты хсæн у иуæй-иу, кæцы
Гвердзинеты йæ фыдæлты хæдзары бахъахъхъæдта. Уый уæд мойгонд уыдис
Циклауриты мыггагмæ æмæ конфликты рæстæджы ам баззадис. Йæ
ныййарджытæ æмæ йе ‘фсымæр 1991 азы Гуырдзыстон ныууагътой.
Фотойыл: Кокойты-Циклаури
Манана
«Ай у мæ дадайы хæдзар. Дадайы фыды арæзт у. Мæхиуæттæ цардысты
Гуры, 90-æм азты, цалынмæ сызмæстаид ситуаци, уæдмæ ацыдысты
ардыгæй. Æз уæд мойгонд уыдтæн, бинонтæ мын уыдис. Ницы зындзинад
мын уыдис, цæмæй ардыгæй ацыдаин, мæ бинонтимæ цæргæйæ баззадтæн»,
- кой кæны Кокойты-Циклаури Манана.
90-æм азты конфликты кой ракæнгæйæ нын уый сæрыстырæй загъта,
зæгъгæ, дæн ирон, кæцы цæры гуырдзиаг-ирон бинонты ‘хсæн æмæ
схъомыл кодта гуырдзиаг хъæбултæ:
«Цы у, уый зонут? Æз сæрыстыр дæн ирон кæй дæн уымæй æмæ мын
гуырдзиаг бинонтæ кæй ис æмæ гуырдзиаг хъæбултæ кæй схъомыл кодтон.
Сæрыстыр дæн уымæй. Æз æппындæр ницæмæй æфсæрмы кæнын ирон кæй дæн.
Ацы хæдзар та, куыд Гуырдзыстоны гуырдзиаг традицитæм гæсгæ
райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, алыхаттдæр лæппумæ фæхауы фыдæлты
бынат. Фæлæ ме фсымæр Владикавказы (раздæры Дзæуджыхъæуы) фæзиан,
38 аздзыдæй. Цæмæндæр мæ фæндыдис хæдзарæн йæ рагон хуыз
бахъахъхъæдтаин, цæмæй уыдаид раздæр куыд уыдис ахæм. Азтæ мыл куы
рацыди, уæд цæрынмæ рацыдтæн ардæм. Мæ чызгон мыггаг у Кокойтæй», -
зæгъы Манана.
Кокойты-Циклаури Манана Гурæй Гвердзинетмæ цæрынмæ йæ хъæбулы
хъæбулы ракодта, кæцы Гвердзинеты скъолæйы ахуыр кæны, цыран 9-10
ахуырдзау ис.
Уый мæт кæны, цæмæй хъæуы цæрджытæн районы центры онг бацæуынæн
транспорт кæй нæй:
«Транспорт нæй, райсом æрбацæуы микроавтобус 8 сахатыл æмæ сихорыл
раздæхы 3 сахатыл. Хорз бæргæ уаид æмæ ацы пролемæ куы æрбæстон
кæниккой», - загъта нын Кокойты-Циклаури Манана.
Цалынмæ хъæуы ныууагътаиккам, уæдмæ зæронд уæлмæрдырдæм
баздæхтыстæм, цыран тынг хорзæй æвдыст сты Гвердзинеты æрцæугæ
хæрзæрæджы хабæрттæ; ам фендзыстут 1900-æм азты амæлгæ адæймæгты
бюстты сæ уæлæ фыстытимæ. Уæлмæрды дуртæй сæ иуыл педагогы амæлæты
тыххæй (70-æм азты) чысыл фыст ис дурыл: «Фæзин фыдми аразгæйæ».
Фæлæ, цы уыдис ацы фыдмидзинад, ницы фыст дзы ис.