Ног хабæрттæ
Иунæгæй хохы – Ковиды æмæ мæгуырдзинады ныхæй-ныхмæ


Карелæй æдæппæт цыдæр 10 км дæрддзæгыл ис Земо (Уæллаг) Лететы хъæу. Ам абон 4 цæрæг хæдзар ис, адонæй æдзух цæрæг у - 2.

Хъæуы 1991 азы онг 30-40 цæрæг хæдзары уыдис. Фæлæ гуырдзиаг-ирон конфликты фæстæ, хъæу сафтид. Этникон ирон цæрджытæ Цæгат Ирмæ ацыдысты цæрынмæ.

Хъæуы цæргæйæ баззад Къозанашвили Нина æмæ йæ дыууæ хъæбулы. Куыд бафæрæзтой уыдон ам уæвын æмæ цæмæн аскъуыддзаг кодтой ма ныууагътаиккой Лететы?

70 аздзыд сылгоймаг 30 азы размæйы хабæртты æнæцæссыгæй йæ бон нæу мысын, уымæн æмæ уыцы период уымæн йæ цард радикалонæй фæивта. Йæ абоны уавæры фылдæр хай дæр уыцы периоды фæзындтимæ у баст.

1991 азы уый ралыгъди йæ бинонты конфликтæй, кæцыйæн бæрæг хайæ, этникон æрæмныхдзинад дæр къух сарæзта. Нина мысы, цæмæй уый уыди амæттаг æрмæст куыд сылгоймаг нæ, фæлæ-ма куыд этникон нысанæй æфхæрд ахаст æвзæрста йæ мойы ‘рдыгæй.

«Иу хатт мæ автобусæй æрæппæрстой, æрыппарут æй, ирон, дам у, ирон... Мцхетæйы куыстон, хуыйæн æрмадзы. Тынг хорз æмкусджытæ мын уыди. Алчидæр мын лæггад кодта. Уыдоны ‘рдыгæй ницы æвзæр банкъардтон. Иу изæр Мцхетæйæ рацыдтæн автобусмæ. Нырма мæ автобусмæ схизын нæ уагътой, дуар мын нæ кодтой. Уыцы рæстæджы ахæм хабæрттæ дзырдтой радиойы æмæ сын æз зонгæ дæр ницы кодтон. Ныр дæр æй нæ зонын цы дзырдтой радиойæ. Ацы рæстæджы мын автобусы дуар нæ гом кодтой. Фæстагмæ уæддæр схызтæн автобусмæ хъæргæнгæйæ: суадзут мæ зæгъын... Куыддæр Мцхетайæ рахызтыстæм, афтæ уым цæугæдоны былгæрон у. Адæм хъæр кодтой, æрыппарут, дам æй, æрыппарут. Æрыппæрстой мæ автобусæй... Автобусы дуар куы байгом, уæд мæ сæрыл сæмбæлди, чидæр мæ йæ къухæй расхуыста. Уыцы бынаты цурты ныр цалдæр хатты ацæуын, абон дæр мæ зæрдæ тынг фæриссы. Лæууыдтæн фæндагыл æмæ куыдтон... Иу хуыцауы конд адæймаг рацæйцыд машинæйыл æмæ мын баурæдта. Уый мæ бакодта хъæумæ, бацыдтæн хæдзармæ æмæ мæ кæуын нæ урæдтон. Мæ мой æрбацыди хæдзармæ æмæ сывæллæтты фæрсы, цæуыл, дам, кæуы... сывæллæттæ йын загътой, автобусæй, дам æй, æрыппæрстой, зæгъгæ. Уый мæ æлгъитын байдыдта, ирон у æмæ дам, ын афтæ хъæуы, æвæццæгæн, дам, исты загъта. Бавдæлд æмæ мæ ахъаззаг фæнадта. Уый фæстæ рацыдтæн уырдыгæй мæхи хъæумæ», - радзырдта нын Нина.

1991 азы уый Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ, дыууæ æнахъом хъæбулимæ иумæ æрбаздæхтис æмæ уым цæрын райдыдта. Амæ ноджы бафтыд бæстæйы экономикон фыдуавæр. Карелы æмæ Гуры хъæуты æлхæдта дыргъ асыккгай æмæ сæ поездыл ласта Тбилисмæ æмæ уыцы æфтиагæй хъомыл кодта йæ хъæбулты. Йæ фырт, куыд кой кæны, уымæ гæсгæ, раст, йемæ иумæ куысты æмæ фыдæбоны мидæг схъомыл.
Дæргъвæтин æнæрулæфгæ куыст æмæ фыдæбон мад æмæ хъæбулы æнæниздзинадыл тынг фæзынд. Нинайæн кусын йæ бон нал у, æнæниздзинады проблемæтæ йын фæзынд. Йæ фыртæн та, йын зæрдæйы операци скодтой æмæ уæззау куыст кæнын йæ бон нал у.

«Афтæ цыдыстæм куы Гурмæ, куы Тбилисмæ, цардыстæм æдзух æххуырсты, æдзух кæйдæр хæдзары. Фæстагмæ, куынæуал дæр мæ бон кусын уыди æмæ куы ницыуал дæр арæзтон, уæд фæстæмæ хъæумæ æрбаздæхтæн. Мæ ныййарджытæ дæр амардысты. Уыййас æхца нын никуы æрымбырд ис, цæмæй хæдзары бацалцæг кодтаиккам. Мæ лæппу йæ бинонтимæ Карелы æххуырст фатеры цæры. Чысыл тæрхæг ын уыди æмæ йын уый дæр ныппырх кодтой, уыцы бынаты, дам хъуамæ базарадон центр арæзт æрцæуа. Уæддæр фыдæбон кæны, æмæ кусы, афтæ рынчынæй. Иуыл кæугæйæ цæуы... Махмæ кæса, æви йæ бинонтæм?!», – дзуры нын Нина.

2020 азы сентябры Къозанашвили Нинайæн коронавирус сбæлвырд ис, йæхæдæг куыд хъуыды кæны, уымæ гæсгæ, йыл вирус йæ хъæбулæй бахæцыд, уымæн æмæ йæ хъæбул дæр коронавирусæй уыди инфициргонд.

Фильмы фендзыстут Нинайы абоны уавæры тыххæй Земо (Уæллаг) Лететы хъæуы. Ацы хъæу Саркийы Сыгъдæг Гиоргийы аргъуаны фæндагыл ис, цыран дзæвгар адæймаг цæуы ууылты.


Print