Ног хабæрттæ
Лететаг хотæ – Венера æмæ Сирана Гаглошвилитæ (Гаглойты)
«Маскæ дыл цæмæн ис, махмæ корона куы нæ ис?!», - загъта нын Гаглошвили (Гаглойты) Сирана, куыддæр нæ йæ чысыл хæдзары рæзты ахизгæ федта. Уæдмæ та уал нæ размæ куыдз рæйгæ рауадис. Раст ацы куыдзы рæйдæй бамбæрстой уыдон, цæмæй хъæумæ уазджытæ фæзынд.

Сиранайы фæстæ, кæртæй йæ кæстæр хо, Гаглошвили (Гаглойты) Венера дæр рахызти. «Журналисттæ сты», - загъта йын иронау æмæ цалынмæ мах уымæн нæхи бацамыдтаиккам, уæдмæ хистæр хо кæстæр хойæн мах базонгæ кодта.

«Нал æмæ нал фæци ацы корона, ай циу? Кæдмæ хъуамæ дарддæр кæна? Карелы-ма ноджы ивар кæнынц, чидæриддæр æнæ медицинон маскæйæ цæуы уыдон?», - афарста Венера. Æрымысыд уыцы боны, пенсийы исынмæ Карелмæ куы ныццыд æмæ уынджы цæуæг адæммæ куы сидтысты полицæйæгтæ медицинон маскæйы скæныны фæдыл.

«Ацыдтæн стæй Зинамæ (афтекмæ) æмæ уым балхæдтон медицинон маскæтæ. Ныртæккæ дæр мын хызыны æвæрд сты. Нæ зонын, кæд та ацæудзынæн Карелмæ, уадз æмæ уой!», - загъта нын Венера, кæцы ныридæгæн 80 аздзыд у.

Венера кæстæр хо у. Уый 1941 азы райгуырдис. Ай уыцы рæстæг уыд, æмæ йын йæ фыды дыккаг дунеон хæстмæ куы акодтой æмæ цалдæр мæйы фæстæ Венера дæр куы райгуырдис.

«Æдæппæт æхсæз хойы уыдыстæм. Мæ фыд хæстмæ куы ацыдис, æз уæд райгуырдтæн. Тынг тыхст уавæрты нæ схъомыл кодта нæ мад», - мысы Гаглошвили (Гаглойты) Венера.

Нæ ныхас хотимæ уымæй райдыдта, æмæ кæмдæр 70-æм азты, хæсты сæ сæфт фыды, Гаглойты Арчилы мард Украинæйæ хъæумæ куы æрластой. Хоты царды мидæг ацы хабар иуæй-иу нысаниуæгджын цау у.

Æнæнхъæлæджы Украинæйы горæт Харьковæй райстой фыстæг, цыран фыст уыдис, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Гаглойты Арчилæн кæд мыййаг исчи баззадис, уæд ын цæмæй йæ мард аласой, зæгъгæ. Нæ хъæуы коллективон хæдзарады сæрдар нын уæд стыр æххуыс бакодта ацы хъуыддаджы. Украинæйæ æрластой мæ фыды, дыууæ хъæуы (уæллаг æмæ дæллаг Летет) зианы фынгæн галтæ аргæвстой æмæ стыр фынг æрывæрдтой. Уæдæй фæстæмæ мæ фыд ам нæхимæ ныгæд у», - зæгъы Гаглошвили (Гаглойты) Сирана.

Хæдзары мæ мад æхсæз хойы хъомыл кодта. Адонæй ныртæккæ удæгас дыууæ хо у:

«Мæ фыды æфсадмæ куы кодтой, уæд Гуры æртæ бон урæд уыдысты. Мæ мад æрвылбон ардыгæй Гурмæ фистæгæй цыдис йæ уынынмæ. Бабæрæг-иу æй æмæ-иу фæстæмæ раздæхтис. Ацыдис мæ фыд хæстмæ æмæ уым фесæфт. Иуыл æм æнхъæлмæ касти нæ мад, æрыздæхдзæнис, зæгъгæ, фæлæ нæ разынд. Йæ цæрæнбонтæ фыдæбонгæйгæ арвыста нæ мад», - мысы Гаглошвили (Гаглойты) Сирана.

Цалынмæ чысылтæ уыдыстæм, уæдмæ æппæт фыдæбон нæ мады бæрзæйыл уыд. 4 къласы фæстæ, ахуыркæнынмæ, сыхаг хъæумæ дæллаг Лететмæ цыдыстæм, уырдыгæй фæстæмæдæр фистæгæй здæхтыстæм:

«Куы-иу æрбацыдтæн скъолæйæ, уæд иу мæ уæрджытæ æмæ мæ къæхтæ бынтон салд уыдысты, нал иу сæ æмбæрстон. Сбадын иу мæ кодта мæ мад æмæ-иу мын сæ йæ хъарм къухтæй хорз сæууæрста æмæ иу мæ схъарм кодта. Кæрдзын иу куы скодта, уæд иу æй æхсæз дихы акодта махæн, æмæ иу нын афтæ загъта, нырма уал, дам, сымах бахæрут», - зæгъы Гаглошвили (Гаглойты) Венера.

Цыдысты азтæ æмæ бинонтæ, æнæ нæлгоймагæй цæрын фæцайдагъ ис. Сывæллæттæ дæр рахъомыл сты æмæ сæ мадæн æххуысхъом фесты. Скъолæйы фæуды фæстæ уæлдæр ахуырдоны сæ ахуыр адарддæр кæныны фарста æрлæууыд:

«Иуылдæр фæндзтыл ахуыр кодтон. Не скъолæйы директор уыдис Валишвили. Уый мын загъта, дæ ахуыр адарддæр кæнынæн, дам, дын баххуыс кæндзыстæм. Æнæмæнгæй, дам, бацу уæлдæр ахуырдонмæ. Фæлæ куыд хъуамæ ацыдаин горæтмæ? Цæмæй хъуамæ цардаин горæты ахæм тыхст уавæрты. Райдыдтон кусын хуыйæгæй Карелы, индустрион заводы. Ай Карелы бæцæуæны уыдис. Уым зæгъæн ис æмæ 25 азы онг фæкуыстон. Хъæуæй цыдтæн фистæгæй. Ахæм номдзыд уыдтæн æмæ мæ газетты дæр уагътой. Мæ фарсмæ чи бадти, уый дæр æмæ æз дæр иуыл газетты уыдыстæм», - мысы Гаглошвили (Гаглойты) Венера.

Йе ‘взонг азты сæрыстырæй мысы Гаглошвили (Гаглойты) Сирана дæр. Уый абоны онг мæт кæны, цæмæй фæсарæйнаг æвзаджы специалист, немыцаг æвзаджы, кæй не сси.

«Тынг хорз зыдтон немыцаг æвзаг. Бынтон æнæрæдыдæй дзырдтон немыцагау. Еныр дæр фæсмон кæнын, кæй нæ адарддæр кодтон мæ ахуыр. Кæм фесæфти мæ фондз, кæцы мын Метревели Зина ныффыста? Цасдæриддæр æз фæкуыдтон, уыйас æхсызгондзинад сымах уæд. Скъолæйы фæуды фæстæ райдыдтон кусын дыргъцæттæгæнæн, консервон заводы, цыдтæн-иу фæткъуы тонынмæ. Цы мæ акодта уыцы уазалы фæткъуы тонынмæ? Цхинвалмæ-иу нæ кодтой æмæ мæ уым уазал бацыд. Афтæ æвзæр уыдтæн æмæ æнхъæл нал уыдысты, фервæзтаин», - зæгъы Гаглошвили (Гаглойты) Сирана.

1990 азы онг уыдонæн сæ цард иу бакастæй амондджынæй даргъ кодта. Уыдис сын куыст æмæ сæхицæн æнцад цардысты. Фæлæ Советон Цæдисы ныппырхы æмæ хæдбардзинады расидты фæстæ, сæ цард фæстæмæ сзынвадат ис. Йе ‘мхъæуккæгтæ Цæгат Ирмæ фæлыгъдысты.

«Ахæм æвзæр рæстæг æрлæууыди, афтæ дзырдтой, сабитыл дæр, дам, нæ ауæрдынц, марынц, дам сæ. Мæ хойы хъæбул хъомыл кодта махмæ. Загътой нын, цæмæй мах дæр ацыдаиккам Цæгат Ирмæ. Фæлæ мах нæ ныууагътам нæ мад æмæ нæ фыды хæдзар. Сывæллоны нæ хæстæгимæ арвыстам, Сомхеты фæндагыл. Нæ хæстæджытæ сеппæт дæр ацыдысты, мах ма баззадыстæм ацы хъæуы», - зæгъы Венера.

1990-æм азты хотыл уæд 50 азæй фылдæр цыд. Завод дæр ныппырх. Куыст нал уыди. Хъæуы сæхицæн сæхи фаг тыллæг истой. Ныртæккæ сыл 80 азы онг цæуы æмæ нын куыд загътой, уымæ гæсгæ, сын сæ хойы хъæбултæ æххуыс кæнынц, фæлæ хъæуы ныууадзын уæддæр нæ фæнд кæнынц.

«Мæ фыд ам ныгæд ис, мæ мад дæр ам ныгæд ис, кæдæм хъуамæ ацæуæм?», - риторикон хуызæй нæ бафарстой.

Хотæ зæгъæн ис æмæ 30 азæй фылдæр фос дæр нал дарынц: «90-æм азты куы цыдысты хæдзæрттæм æмæ куы давтой фос, уæдæй фæстæмæ фос нал дарæм. Уæле цы хъæу ис, уый Кълдуйы хъæу у æмæ уырдыгæй куы аскъæрдтой фосы, уæд сæ богъ-богъ ардæм хъуыстис, уымæй фæстæмæ нын фос нал уыди», - зæгъы нæ фысым.

Ныртæккæ уыдонæн сæ сæйраг мæт у, Карелмæ ныццæуын æмæ пенси райсын цæмæй сæ бон уа. Æнæниздзинады ‘рдыгæй, уыдон дохтырты хъусдард хъæуы. Медикаменттæ сæ фæхъæуы, Венерайæн йæ иу цæстыл операци скæнын хъæуы. Хотæ дзурынц, цæмæй пандемийы уавæрты, уыдон хъахъхъæд цæуынц, уымæн æмæ коронавирус уыдон хъæумæ нæма бахæццæ. Вакцинацийы тыххæй та, хъæуы ацы 4 цæрæг хæдзары нырма ничи æрфарста.

Æппæтæй стырдæр ныфс та уыцы ногцæрæг у, кæцы хоты хæдзары фарсмæ ног хæдзар амайы.

«Хæдзар чи аразы, уый Италийы цæры. Йæ мад ардыгон уыдис. Ацы аз хъуамæ æрцыдаид Италийæ, фæлæ йын нæ бантыст. Æрвиты æхца кусджытæн æмæ йын амайынц рæсугъд хæдзар. Тæхуды тагъд куы æрцæуид æмæ ам куы райдаид цæрын».

Цъицъикъашвили Саба, Элиаури Гиорги.

Print