Ног хабæрттæ
Къудатъхъе æмæ Гæбæраты Гиви
Габарашвили (Гæбæраты) Гиви Къудатъхъейы хъæуы иунæгæй цæры. Мæт кæны ууыл, æмæ йын нуазыны доны трубæ мериа ацы азы æвзæрстыты агъоммæ нæ балхæдта, уымæн æмæ йæ ныфс уыди, цæмæй йын æвзæрстыты размæ нуазыны доны системæйы уæддæр сарызтаиккой.

Æниу, куыд Карелы районы Ахалсопелийы хъæуы бæрнон кусæг фехъусын кодта, ацы азы йæ уый ныфс ма хъуамæ уа:

«Хистæрæн загътон дæ доны хабары тыххæй, фæлæ мын афтæ загъта – ацы аз, дам, не ‘рцæудзæн арæзт. Цы йын зонын, кæцы хистæрæн загъта – гамгебелийæн (хъæуы хистæр) æви æндæр искæмæн, нæ зонын», - зæгъы Габарашвили (Гæбæраты) Гиви.

Карелы мериа иу бакастæй куыстытæ райдыдта. Суадоны алыварс скъахта, зæронд трубæйы систой, фæлæ куыстытæ кæронмæ нæ ахæццæ кодта. Ныр, суадоны дон гомæй цæуы, цыранмæ къæвдайы дон лæдæрсы, æмæ йæм фæззыгон хурбонты та сыфтæртæ згъæлынц:

«Иудадзыг суадоны цур куы нæ баддзынæн, цæмæй йæ сыфтæртæй сыгъдæг кæнон. Ссæуын уæд, цъус куы расыгъдæг вæййы дон æмæ дзы уæд ахæссын хæдзармæ. Æндæр рæстæджы, кæд Карелмæ ацæуын, уæд уырдыгæй рахæссын дон. Фистæгæй ацæуын æмæ æрбацæуын – уæдæ, цæуыл цæуон?», - зæгъы Габарашвили (Гæбæраты) Гиви.



Нуазыны доны проблемæ уæддæр куыддæртæй бæстон кæны, фистæгæй Карелмæ кæнæ æввахсдæр хъæумæ ацæуы, фæлæ æппæты тынгдæр тæригъæд кæны фосæн, уымæн æмæ сын суадоны дон нæ фаг кæны:

«Скъахтой афтæ, цæмæй доны цадмæ дон нæ лæдæрсы. Фосы та дон хъæуы. Рацæуынц суадоны ‘рдæм, баназынц цы дон дзы вæййы уый, фæлæ сын нæ фаг кæны. Стæй суадоны дон дæр сызмæнтынц æмæ афтæ. Дыккаг суадон дæр ис, фæлæ уый æппындæр нæ нуазынц. Цъымарадзаст у дыккаг суадон», - зæгъы Габарашвили (Гæбæраты) Гиви.

Ахæм уавæр баййæфтам хъæуы. Гиви зымæгмæ йæхи цæттæ кæны. Суг æрцæттæ кодта. Стыр митæй нал тæрсы, уымæн æмæ цалдæр азы дæргъы ацырдыгæй стыр мит нал уыдис.

«Мæ сабибонты рæстæджы-иу, ам ахæм стыр мит æруарыдис, æмæ-иу фæндаг афæд кæнынæн цасдæр рæстæг бахъуыдысты. Суадонмæ нæ ныццыдаис, ахæм стыр мит-иу æруарыдис. Ныртæккæ-ма, кæм ис мит?».

Нæ фысым хъæуы зæронд скъолæйы бæстыхайы цæры. Уымæн йæ хæдзар бынтон кæлæддзаг у æмæ цæрынæн нал бæззы. Цалдæр хæдзары ма баззад хъæуы, кæцытæн сæ хицæуттæ, чи Гуырдзыстоны ис, чи та, Гуырдзыстоны арæнты æдде – Цæгат Ирыстоны.

Хъæуы сæйрагæйдæр цардысты: Габарашвилитæ (Гæбæратæ), Тулошвилитæ (Тулойтæ), Джучошвилитæ (Дзуццойтæ), Джагъишвилитæ (Дзæгъиатæ). Æдæппæт ам 25 цæрæг хæдзармæ ‘ввахс уыд.



«Адæм цъусгай-цъусгай райдыдтой цæуын хъæуæй, нырма ноджы коммунистты рæстæджы. Чи Къехиджуаримæ ацыди, чи – Гурмæ, чи – Карелмæ. Ацы змæстытæ куы байдыдта, уæд-ма чи баззади, уыдон та Дзæуджыхъæумæ фæлыгъдысты. Гъеныр-ма ардæм чи хъуамæ æрыздæха? Чи ма баззади Гуырдзыстоны, уыдон ма-иу æрбацæуынц сæрды рæстæджы. Фæлæ, уый вæййы афæдз иу хатт. Иннæ бонты иуылдæр иунæгæй вæййын», - зæгъы Гиви.

Уый ракой кодта, цæмæй уымæн йæ ныййарджытæ 1990-æм азты конфликты рæстæджы хъæу нæ ныууагътой:

«Мæн æфсадмæ куы акодтой, уæд Кутаисы баззадтæн æмæ уым бинонтæ æркодтон. Цъус рæстæджы æз дæр цыд уыдтæн, фæлæ мæ ныййарджыты тыххæй æрыздæхтæн. Ныр мын дыууæ дæр удæгас нал сты. Уыдон нæ ныууагътой сæ къуым, ничердæм ацыдысты æмæ æз дæр æрцыдтæн ардæм. Дарын цъус фос æмæ уыдонмæ зилын. Æз ам куы нæ уаин, уæд дыууæ-æртæ бонмæ ам ницыуал фендзыстут», - зæгъы нын фысым.

Аныхæстæ кæныны тыххæй иу зæронд бæласы бын æрбадтыстæм. Раст у, хæдзар тынг зæронд у, фæлæ йæ аивдзинад нæ фæивта:



«Уæртæ, уыцы хæдзар коллективон хæдзарады сæрдары уыди. Цалдæр хатты йын арвыстон йæ хъæбултæм, цæмæй æрбацæуой æмæ йæм æркæсой, фæлæ нæ цæуынц, нæ йæм дарынц сæ хъус».

Къудатъхъейы хъæу Дзамайы комы ис, растдæр зæгъгæйæ, цæугæдон Дзамайы галиуварс былгæрон рагъыл хæццæ хъæды акомкоммæ. Ацы хъæуы фæстæ райдайы – Джагаранткъари, цыран иунæг бынæттон цæрæг дæр нал цæры. Уым Гвелесианты бинонтæн фермæ ис арæзт. Джагаранткъарийы фæстæ Сухиты хъæу ис. Ацы хъæуты ‘хсæн иугæнæг фæндаг хъæды кæронмæ хизы. Къæвдайы æмæ миты рæстæджы, уым нæ ахиздзынæ:

«Мæнæ ацы фæндагыл-иу цыдтæн скъолæмæ. 4 къласы ам уыд, стæй-иу цыдыстæм Окросепелмæ. Хъуамæ ахызтаис Джагаранткъари, стæй Сухиты æмæ уый фæстæ Окросопели. Бынтон хуылыдзæй куы бацæуай, миты æмæ къæвдайы, уæд-ма цы хъуамæ сахуыр кæнай?», - кой кæны Гиви.

Куыд дæм кæсы Къудатъхъейы фидæн? Гиви нын зæгъы, цæмæй ацы бынæтты æрмæст исчи кæд спайда кæндзæн фосы сæрвæтæн:

«Кæд исчи æрбацæудзæн, фос хъуамæ скæна, фыстæ дара, æндæр цы хъуамæ сараза ам. Чидæриддæр ардыгæй ацыдис, уыдонæн сæ бон нал у фæстæмæ æрбаздæхын æмæ уæд æндæр æрбацæудзæн. Æндæр æрбынат кæндзæн ам кæнæ зæххыты æххуырсты райсдзæн».

Нæ фысым ракой кодта, цалдæр азы размæ сауджыны визиты тыххæй, кæцы Къудатъхъе æмæ æввахс хъæуты бабæрæг кодта:

«Сауджынтæ уыдысты ам. Аргъуаны самайын, дам, нæ фæнды ам. Дон рауадзын, дам, кæд нæ бон суыдзæн уæд, зæгъгæ. Нæ зонын, цы бакæндзысты. Имереттæгтæ уыдысты, зындис сыл», - зæгъы Гиви.


Print