Ног хабæрттæ
Мæхъхъæлы Цæгат Ирыстоны цæрæг Гаглойты Риммæ фесæфтис. Йæ æфсымæры лæппу Кадыровмæ Инстаграмæй сиды.
Ирон хæцæг Гаглойты Георгий видео-сидæн хæлиу кæны, кæцыйæ уый Цæцæны Республикæйы сæрдар, Рамзан Кадыровæн йæ фыдыхойы, Гаглойты Риммæйы агурынты æххуыс кæнын куры.

Ай тыххæй информаци Цæгат Кавказы 3 республикæйы – Цæгат Иры, Мæхъхъæлы æмæ Цæцæны меди хæлиу кæны.

Уæрæсейы Мидхъуыддæгты Министрад, Цæгат Ирыстоны æмбæстаджы, Гаглойты Риммæйы агуры, кæцы Грозныййæ Беслæнмæ фæндагыл фесæфт.

Гаглойты Риммæйы сæфты хабар Цæгат Иры, Мæхъхъæлы æмæ Цæцæны лидерты, Сергей Меняйло, Махмуд-Али Калиматовы æмæ Рамзан Кадыровы æхсæн ныхасы темæ сси.

"Æз ныридæгæн дзырдтон телефонæй сыхаг республикæты сæрдæртимæ. Фæдагурынтæ сæрмагонд контролы сты – мæнæй æмæ мæхи коллегæтæй Цæцæны æмæ Мæхъхъæлы республикæтæй. Ссис æнгом ахастад æртæ дæр регионы барадхъахъхъæнджыты æхсæн – алы тых дæр лæууы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны агурынты." - фехъусын кодта Меняйло.



Мæхъхъæлы Фæдагурыны Комитеты Департамент дыууæ, кæнæ фылдæр гоймаджы æскъæфыны фæдыл агурынтæ райдыдта.

Официалон зонæнтæм гæсгæ, Гаглойты Риммæ 6-æм Æртхъирæны мæйы 23:30 сахатыл Дубаййæ Грозныййы аеропортмæ æртæхт, кæцыйæ йæ æфсымæры лæппумæ фæдзырдта, зæгъгæ, тагъд рæстæджы хæдзары уыдзæнис. Ай уыд фæстаг хъусæн бинонтæм. Уый мæхъхъæлон таксист, Адам Арсановимæ ныууагъта аерпорт æмæ Беслæнмæ араст. 7-æм Æртхъирæны мæйы та Мæхъхъæлы сахар Сунжæмæ æввахс ссардтой хæдтулгæ, кæцыйæ дæр уыдон цыдысты.

Барадхъахъхъæнæг органтæ сбæлвырд кæнынц, зæгъгæ салоны хылы фæд нæ æссардтой. Сæфтыты сæрмагонд дзаумæттæ æмæ æхца æнæкъухæвнæлд æсты. Куыд газетт "Ингушетия" фыссы – адон æсты документтæ, цыппар мобилон телефон, æртæ мин америкайаг доллар æмæ сылгоймаджы рифтаг.

Гаглойты Георгий раззаг бон фехъусын кодта, зæгъгæ – гæнæн ис йæ фыдыхо Цæцæны иуæй-иу полицийы хайады уайд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы информаци йын Мæхъхъæлы Фæдагурыны Комитет радта, фæлæ Комитеты ацы ныхæстæ æппæрццæг кæнынц.

Гаглойты Риммæ Хашуры районы Гъартæйы хъæуæй у. Уый алы сæрд дæр хъæумæ цæуый æмæ йæ фыдæлты хæдзармæ зилы. Йæ финанстæй цалцæг æрцыд Гъартæйы историон аргъуан.



Print