Ног хабæрттæ
Сæрибары хрусталы цæст – Тамаз Къудухашвили


Шида Картлийы территорийыл, автобаныл цæугæйæ, куыддæр магистралы дыууæ дæр фарсыл æвæрд рæсугъд хъæутыл азилдзыстут, æвæццæгæн фæхъуыды кодтайккат, куыд цымыдисджын æмæ химæлвасæг æсты алкæцыдæр уыдонæй. Æгæрæстæмæй куыд зæрдийагæй кæнынц зæххы фадгуыты æмæ дыргъдæтты адæм.

Историйы нæ хъайтарыл, кæцыйы дæр еныр уæм радзурдзыстæм, ацы хъæутæй сæ иуы нæ уазæгуаты рæстæджы фембæлдыстæм. Ацы хъæуы Сæрибар хуыйны, æмæ æвæрд у Къаспы муниципалитеты, дихгæнæг хаххы цур, автобанæй 5 километры дæрддзæджы.

Нæ историйы сæйраг хъайтар, хъæумæ бацæуæны, фыццаг хæдзары цæры. Йæ ном Тамаз Къудухашвили хуыйны. Фыццагæй Тамазы фыд, 84 аздзыд, Автандил Къудухашвилиимæ фæныхæстæ кодтам, чи дзы хъæуы æппæты хистæр цæрæг у:



«Хæдзары бирæ уыдыстæм, уыдис мын дада, нана; 1960-æм азы æфсадмæ ацыддæн, Германийы уыддæн. 3 аз æмæ 3 мæй фæдæн. Ам хæдзарад куы сарæзт ис, уæд райгас æсты адæм; мызд истой, куыстой æмæ адæмыл фæзындис циндзинад. Еныр цы, ницы! Хæдзарады куыстам алчидæр, усæй-лæгæй. 100 сомы арæзтам. Æз иу фермæты куыстон… куыстæй нæ тарстдæн, цы фæнды уыдаид, нæ æвзæрстон, æрмæст æхца рацыдаид, уымæн æмæ цыппар хъæбул мын уыдис, бинонтæ, мæхæдæг; дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызг, иу чызг мын фæхъуыдис, ныр æртæйæ æсты. Фыдæбон кæнын, мæстæй рæдувын… цалдæр азы капеччы дæр нæ федтон. Ацы хæдзар сарæзтон йеуæд æмæ фехæлдтой, дæ хæдзар дæр афтæ баззад æмæ æз дæр, - æнæбары, фыдæбонæй. Еныр мæ бон кусын нæу, æндæра мæ бон куы уаид ацы азты нæ куыстаин?! – загъта нын уæздан Автандил.

Автандилы иу хъæбул, Тамаз Къудухашвили ныр йемæ цæры. Ахуыр кодта Тбилисы куырмты æскъола-интернаты.

«Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы бындурæвæрд æмæ мыл хъæуы цард æссис. Хъæумæ æрцæуыны рæстæджы къухæвнæлдæй дæр нæ зыдтон цы уыдис фыййаг æмæ цы къæпи, цæй мидæг уыд хъæуы цард… æмткæй куыд уыд гæнæн куырмæн хъæуы цæрын? Фæлæ абон мæхи куырмæй нæ нымайын, ай зæгъын дæр мæ бон нæу. Дæн хуымæтæг хæцæг уды хицау, куыд хъуамæ уа æнæниз адæймаг. Æмткæй дæр дзы нæ æнкъарын, зæгъгæ, æз цæстырухс цух лæг дæн» - дзуры нæм Тамаз.

Немæ ныхæстæ кæны æмæ дыргътæ æмбырд кæны, кæцытæ йæ дыргъдоны æрзадысты:



«Миндалбæласы йеддæмæ цы, æввахсæй-æввахсмæ цæуыл дæр мæ бон æсуыдзæн, каралекæй райдайгæ хурмæмæ, алыцыдæры фæйнæ бындзæртæй уæддæр-иу бафтауын, экономикæмæ гæсгæ, фактивæй миндалдон у» - дзуры Тамаз.

Тамазæн йæ галиу цæсты хрусталы авг ис. Дыргъдоны кæнын 4 азы размæ райдыдта:

«Ацы дыргъдоныл цыппар аз цæуы æмæ фæндзæм азæй дыргъмæ æнхъæлмæ кæсын. Мæнæн дæр феххуыс кæндзæн æмæ мæ алыварс сыхæгтæн дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алкæмæндæр иу къæбæрæй куы феххуыс кæнон, уый дæр æнтыст у. Паддзахадæй, иуыл фыццагæй, кæд фадат уыдзæн, цъайбырæу аразын домын, фæнды 70%-он финанс кæнынæй» - дзуры Тамаз.

Тамаз хæдзары, æмкъай æмæ фыдимæ иумæ цæры. Лела райгуырдæй Гурийæ у. 6 азы размæ йын мыдзбыр æсбæлвырд кодтой рæуджыты, фæлæ аккаг æмæ тагъд дзæбæх кæныны фæстæ, мыдзбырыл фæуæлахиз:

«Гурийæ дæн мæ райгуырдæй, Озургетæй. Мæ сæрыхицауимæ базонгæ дæн Тбилисы. Уым царддæн дзæвгар рæстæг мæхæдæг, уым базонгæ дæн æмæ рацыддæн ардæм. 6 азы мæхи дзæбæх кæнын. Уойы, еныр нын паддзахад финанс кæны, фæлæ фылдæр мæ лæг фыста уыйас æхцайы. Кусынæй, фыдæбонæй-иу бафтыдта, цæмæй æз ацы æхсæз азы мæхи дзæбæх кодтаин. Иу ампулæй 11 000 лари кодта. Рæуджыты мын уыдис мыдзбыр. Нырма хоскæнын, фæстиуæг дæр мын хорз ис æмæ цæй, Хуыцау мæ фервæзын кодта бирæ хатт» - дзуры Лела.

Комунистты рæстæджы аммæ æввахс хъæуы сæрты уыдис цад. Комкоммæ Цхинвалæй цыдис Леуахи æмæ Леуахæй дзаг кодтой ацы резервуары зымæджы периоды. Стæй ацы цадæй пайда кодтам мах. Кæд паддзахад нæм къух ацарæзта æмæ куыддæриддæр сæ бон æссис Цхинвалимæ æхсæн æвзаг æссарыны, æмæ ноджы Леуахийæ нын радтой дон, хъæу дæр йæ къахыл æслæууыдзæн, æмæ алцæмæндæр йæхи бынат уыдзæн.

Æрмæгыл куыстой:

Гиоргий Элиаури, Ана Бакрадзе, Саба Цъицъикъашвили


Print