Ног хабæрттæ
Æнæгæнæнджын гоймæгтæ – æхсæнадон куыстыты
2022 азы хурхæтæнæй Гуырдзыстоны архайын райдыдта программæ, кæцымæ гæсгæ социалонæй æнæхызт адæмæн æхсæнадон куыстыты кусын райдайыны бар радтой. Ацы программæмæ гæсгæ, 300 ларийы бæрц æхцайы æфтиагæй нæ банымайдзысты.

Куыд бамбарстам, ацы программæйы Цъерованы цæрæг Ия Кокашвилийы(Кокайты) бафтыдтой, кæцы æнæгæнæнджын гоймаг æмæ социалонæй æнæхызт у. Ацы регионы ноджы цалдæр адæймаг райдыдта кусын æхсæнадон куыстыты.

Ай фæдыл æхсæнад «Биликъи» (къахвæндаг) нын фехъусын кодта. «Биликъи»-йы координатор Тамар Маисурадзейы хъусинагмæ гæсгæ, Цхетæ-Мтианеты регион фыццаг у Гуырдзыстоны, кæцы ацы программæйы конкретиконæй æнæгæнæнджын гоймæгты ангом кодта.

Ия Кокашвили Ахалгурæй у лигъдон



«Мæнæн алцæмæй зынаргъдæр цы у, уымæ нал цæуын æмæ кæддæриддæр мæ зæрдæ риссы – мæ фыды ингæн у. Мæ бон нæу бацæуын нæ дæр куадзæны. Документ мын нæй, мæ бон нæу йæ саразын.»

«22 азы размæ аварийы бахауддæн. Ног чындз уыддæн. Мæ æмкъай бадтис здахæныл. Мæ æфсин бынатыл фæзиан. Æз рагъыстæджы уæззаудæр травмæ райстон. Уый фæстæ 2 азы æнæзмæлгæйæ хуыссыддæн. Уæхсктухæнтæй мæ зылдтой ныййарджытæ.

Мæ фыд мæ-иу куыд зылдта уæхсктухæнæй. Уый фæстæ 2 аз куы ацыд, ныййардтон лæппуйы, кесаритæй. Ноджы дыууæ хъæбул мын райгуырд чызг æмæ лæппу.

Æрбахизын-иу куысты фæстæ, хæринаг аразын, сывæллæттæм кæсын, æхсинæгты айтауын. Æхсинæгтæ, æхсинæгтæ, иуыл æхсинæгтæ…

Чызгæн ис Дауны синдром. Рынчындоны дæр мын дзырдтой – чызджы, дам, ныууадз рынчындоны. Уæззау стресс бавзæрстон ай мын рынчындоны дохтыр куы загъта. Фæлæ æз ын загътон – нæ! Ницы у, иу къух æмæ йын иу къах куы нæ уа, æз, зæгъын, уæддæр хъуамæ акæнон чызджы мæ хæдзармæ!

Хицауад мын культурон мадзæлтты æххуысгæнæджы куыст радта. Хæдзарæй рахизын æмæ архайын цæмæй фылдæр саразон мæ сывæллæтты тыххæй.»

Гиа Габриелашвили кæртгæс



Дусетмæ æввахс ис Радиойы Цæрæнуаты хъæу. Ацы хъæуы цæры Гиа Габриелашвили. Уый кæртгæсæй кусы. Уымæн коммуникацийы йæ хæрæфырт æххуыс кæны:

«æввахсæй дыууæ аздзыд уыдаид, рæуджыты низ ын куы сбæлвырд кодтой. Судзинтæ йын арæзтой æмæ фыр препарæттæй йæ хъусыны хъæппæрис басыгъдтой. Хъусын йæ бон куы нæу, дзурын дæр нал арæхсы» - дзуры Гиайы хæрæфырт.

Гиа Габриелашвили жестты æвзаг дæр зоны. Зоны кæсын-фыссын гуырдзыйагау, уырыссагау æмæ англисагау дæр.

«Специалон ахуырад ын ис. Хъæуы цардмæ æнæкæсгæйæ, мæ нана æмæ дада фæцархайдтой, уыдон куы нал уыдайккой адаптаци йæ бон æнцонæй куы уыдаид, уымæн æмæ куыд зонут æнæгæнæнджын гоймаг у. Радтой ын ахуыр, цæмæй ын цард æмæ æндæр адæймæгтимæ коммуникацм зын нæ уыдаид.» - дзуры йæ хæрæфырт.

Цхетæйы муниципалитеты Цихедидийы хъæуы, хъæдмæ бацæуыны хъæдгæсæй кусы Спартак Галустъашвили. Уый бирæ азты дæргъы никæм куыста. Æрмæст хæдзарады æххуыс кодта йæ бинонтæн æмæ цæрджытæн дæр.

Спартак Галустъашвили: хъæдгæс дæн. Уæззауы сисын нæ фæтчы, цæстыты рысты тыххæй. Цалдæр ваканси уыдис æмæ ай равзарстон, уымæн æмæ хъæды хорз зонын æмæ мæ зæрдæмæ цыдис ацы куыст, хъæдыл зилын. Цыддæн-иу ацы хъæдмæ куы цымы тонынмæ, куы дидинджыты, куы æнгузы æмæ дзыхæй зонын алы къуым дæр.»



Дзегуийы хъæуы спортуаты хъахъхъæнæгæй райдыдта кусын Олег Иремашвили. Уый æртæ азы размæ уæззау базнаггад райста:

«Ныр кусын стортуаты хъахъхъæнæгæй. Æз райстон травмæ. Ныххауддæн, мæ къах абырыд. Стæй сарæзтон тынг зын оппераци, уыддæн комайы, фæлæ Хуыцауы фæрцы ныр дзæбæх дæр нæ, фæлæ нормалонæй дæн. Алцыппæты дæр нын хицауад нæ феххуыс кæндзæн, цъус мах дæр хъуамæ архайæм, мах дæр хъуамæ бакæнæм нæ цæстытæ. Æнæмæнгхъæугæ нæу адæймаг æхсæнадон куыстуаты куы куса. Ис бирæ æндæрхуызон куыстытæ, кæцыты дæ сæрмæ кæд æсхæссдзынæ, уæд кусдзынæ.»



Куыд бынæттон æнæхицауадон организацийы минæвæрттæ дзурынц, ÆГ гоймæгты абар кæныны идей социалон программæйы у губернаторы хæдивæг Гоча Кавтарадзейы.

Гоча Кавтарадзе дзуры, зæгъгæ, адæм разыуæвджытæ сты аккаг уæвæрты сын кæй дæттынц, уый тыххæй:

«Цæугæ азы зæрдæвæрæны мæйы æхсæнад «Биликъи» æмæ словакийаг организаци «Тененет»-ы æмкуыстæй сарæзт ис фембæлд, кæм сæйраг акценттæ арæзт æрцыдысты ÆГ гоймæгты бафтауын æмæ куыст дæттыны фæдыл. Словакийаг организаци æмæ сæ минæвæрттæ нын фенын кодтой уыцы фæндæгтæ, цы фадæттæй æмæ методтæй фæтчы ÆГ гоймæгты бафтауын æндæр æмæ æндæр æхсæнадон куыстыты.» - дзуры Гоча Кавтарадзе.

Йæ информацимæ гæсгæ, Цхетæйы муниципалитеты 40-мæ æввахс ÆГ гоймагæн радтой куыст.

Дусеты тыххæй та, ам 3 адæймагæн радтой куыст. Дусеты мерийы социалон куыстуаты хистæр Тамила Надирашвилийы информацимæ гæсгæ, ацы æрдæмадæй кусын ноджы дарддæр кæны.

«Словакийы организаци Словакийы ÆГ гоймæгтæн куыстдæттыны фæлтæрддзинад балæвардта æмæ хъуыды кæнын, уыдонæй бирæ цыдæры райсын фæтчы æмæ гæнæн ис нæ царды дæр саразæм.» - дзуры Тамила Надирашвили.

Фæстиуæгæй разыуæвæг у Гуырдзыстоны куыстдæттыны агентад дæр. Йæ директор Нино Велтаури банысан кодта, загъгæ, Цхетæ-Мтианеты цæвиттон æппæт Гуырдзыстоныл апарахат уыдзæн:

«Бынæттон хæдхицауиуæгтæн сæ бон æсси рацæгуырдтайккой æнæгæнæнджын гоймæгтæн аккаг æхсæнадон куыстытæ, бахатыдтайккой сын æмæ абон ацы адæймæгтæ архайынц æмæ аразынц æхсæнадæн пайдайаг куыст.» - дзуры Нино Велтаури.

Print