Ног хабæрттæ
Чызджытæ бацыдысты Гудзареты коммæ


«Изо, кæсыс æм кæй ас у?»

«Ойы, уыцы лæг?»

«Уымæн йæ мад у Дзæгъиатæй»

«Дзæгъиаты хуызæн у, уæдæ кæй хуызæн. Уый тыххæй у уый ас.»

Зинæ ай уымæн загъта йæ мадыхойы чызгæн æмæ Изо мыггагæй Дзæгъиатæй у.

Хъазæн диалогтæй йедзаг уыд нæ балц Дзамагомæй – Гудзаргоммæ.

Земфирæ, Зинæ æмæ Изо фыдæлты уæлмæрдыл æссыдысты. Земфирæ æмæ Зинæ хотæ сты, Изо та – сæ мадыхойы чызг.

Алыцыдæр дыууæ азы размæ райдыдта, Санахъоты Зинæ нын куы загъта хъастгæнгæ, йæ райгуырæн хъæуы 30 азæй фылдæр кæй нæ уыдис. Йæ цæгатмæ акæнын ын мах бахъарстам, фæлæ хæдзарон фæллой æмæ мæргъты мæт ын уæддæр уыдис.

Зинæ Дзамагомы, Ортубаны хъæуы цæры. Йæ хъæбултæ æмæ хъæбулты хъæбултæ та – Дзæуджыхъæуы.

«Дæ фæллой никæдæм алидздзысты, уырдæм та чизоны ноджы кæд ацæудзынæ, æмæ, дам, ацу уацхæссджытимæ.» - ныхас æм рарвыстой хъæбултæ Дзæуджыхъæуæй.

Уый фæстæ Зинæ алы азы дæр æссауы Гъвтисмшобелийы хъæуы(раздæры Айдарово), Мады Майрæмы бæрæгбоныл.

Пандемийы тыххæй Зинæмæ йæ хъæбултæн дыууæ азæй фылдæр нæ уыд бон куы æрцыдайккой. Пандемийы фæстæ уазджытæ ацы аз æм æрцыдысты, сæ æхсæн йæ хо æмæ мадыхойы чызг.

Хæдтулгæ та Ортубаны æссардтой.

Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ уæрдон æмæ бæхтæй цыдысты.

«Мах сывæллæттæ куы уыдыстæм, нæ фыд-иу быдырмæ куы ацыди, Бордзоммæ, уæд уырдыгæй хъуамæ æсластаид æппæт афæдзы фаг фæстауæрц, цыдæртæ-иу ауæй кодта æмæ стæй Бордзомы-иу балхæдта.

Афтæ хъомыл кодтам æмæ ирон адæймаджы йеддæмæ æндæр никæй федтам. Нæ æскъоламæ рарвыстой гуырдзыйаг ахуыргæнæг æмæ-иу специалонæй æм цыдыстæм, цæмæй федтайккам ц’ахæм уыд гуырдзыйаг адæймаг, куыд æмæ цы æвзагыл дзырдта, тынг нæм цымыдис кастис» - æрымысынц хотæ.



Стæй, хæдтулгон фæндæгты æсраст кæнын байдыдтой. Гудзар æмæ Дзамайы кæмтты цæрджытæн кæрæдзимæ рацу-бацу кæныны фадат фæхуыздæр. Ацы дыууæ комы адæмæн æсхицон кæныны дзæвгар традици уыд.

Афтæ рацыдысты чызджытæ чындзы Гудзаргомæй Карелы районмæ. Стæй та Дзæуджыхъæумæ алыгъдысты, гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы.

Земфирæ æмæ Зинæйы фыды ном уыд Садул. Уый йæ чызджыты тынг бирæ уарзта. Уымæн йæ хъæбултæн нысаниуæнджын у фыды ингæныл æссауын.

Абон уæлмæрд зæрæстон у, æвæццæгæн ыл хъомтæ кæй хизынц, уый тыххæй, фæлæ сæ уæддæр æссардтой.

Иу хъæуы федтой иу ус, чи 30 азы ацы хъæуы цæры: «Мах Мохисы хъæуæй æссыдыстæм ам, 1995-æм азы, 30 аз ам цæрæм, сæрдæй-зымæгæй» - загъта фысым Земфирæйæн.

90-æм азты трагикон историты тыххæй нæм Изо бирæ радзырдта. Уæлдайдæр, 9 хъæуы цæрджытæ лидзын æмæ æмбахсын куы райдыдтой. Чи нæ æрæййафта ацæуын, уыдон хъæдмæ алыгъдысты. Æртæ бон æмæ æртæ æхсæв хъæды фесты – зæрдæвæрæны мæйы.

«Дзæбæх цард ныл куы æрлæууыд, куы æсифтонг æстæм. Доны дæр хъæуы адæм иу суадонæй нал хастой. Хæтæлтæ дзы ныппæрстой æмæ афтæ уыдыстæм нырид, найæнуат дæр, дам, саразæм, фæлæ 1992-93-æм азты райдыдта цыдæр хæццæ рæстæг, адæм дæр дзурын байдыдтой – ирæтты, дам, сурынц, гуырдзы сæзмæстысты, «уазæгуаты, дам, уыдыстут æмæ еныр цæугæ кæнут!» æмæ адæм дæр тыхстысты. Уæдæ сæ фыдæбæттæ, дзæвгар рæстæг ам цардысты. – Еныр, дам, куыд уыдзыстæм, кæдæм, дам, ацæуæм? Дзæуджыхъæумæ бирæтæ фæндаг дæр нæ зыдтой, ам райгуырдыстæм, нæ райгуырæн бæстæ ам уыди æмæ ам цардыстæм. Омæ, фæсивæд сæ бинонты акодтой æмæ баззадысты æрмæст карджын адæм.» - дзуры Дзæгъиаты Изо.



Иу изæры та хъæутыл паникæ æсхæцыд. Æнæформæлты æрбабырсын æмæ адæмыл тых бахæссыны тыххæй тагъд айхъуыстис хъæутыл æмæ цæрджытæ хæхтæм æмæ æфцæгтæм алыгъдысты.

«Зæрдæвæрæны мæй уыд æмæ уæд ам мит вæййы. Хъæды баззадысты æртæ бон æмæ æртæ æхсæвы. Стæй чидæр разындис фæдисхъæргæнæг. Цъалкъамæ фехъусын кодтой – афтæ, дам, ирæттæ хъæды баззадысты æмæ сын феххуыс кæнут. Æмæ Цъалкъайæгтæ(сомихæгтæ) рацыдысты, акодтой сæ, рынчындæттæм сæ бакодтой, бирæтæ дæр фæмардысты, бирæтæн дæр феххуыс кодтой. Дзæуджыхъæумæ фæдзырдтой æмæ верттæхæгæй акодтой адæмы. Ноджы лæмбынæгæй нæ дзурын, æз дæр мойгонд уыддæн, ам нал царддæн, фæлæ афтæ уыдис раст.» - дзуры Изо.

Хъæутæ дзæвгар дæрддзæгыл æсты тыгъд. Боныгъæд æдзухæй ивы. Гудзареты йонг ноджы 2-3 км уыд, фæлæ комы сæйраг кувæндоны, Мады Майрæмы аргъуаны бын æрлæууыдыстæм фæстагмæ:

«Уæртæ, Гудзарет кæй хонынц, æстыр хъæу у, нæ хицон чызг уыд чындзыдзыд, Къатъо. Бацыдысты сæм уыцы фыдгæнджытæ(æнæформæлтæ) æмæ чидæр фехъуыста – гуырдзыйаг устытæ, дам, бæзтыл фæхыл æсты: «нæйы, уыцы æстыр баз, дам, мæн у, уый, дам, æз ныннысан кодтон» - хуыссæныл. Уым мæ фыдыхойæн чындздзон чызг уыди æмæ сæ хæдзар йедзаг уыд чындздзон дзаумæттæй. Æмæ сæ ластой. Ахастой боцкъа дзаг цыхтæй, царвæй æмæ афтæ дзырдтой – «о, нæ, дам, æй зыдтам ам ирæттæ афтæ бонджынæй куы цардысты» - афтæ сын ахастой сæ мулк.»

Изо Гуырдзыстоны историйы йæ тæккæ трагикондæр периоды судæгас кодта. Архайдта, цæмæй 90-æм азты хæсты епизодты æмæ арвмæ ист хæхтæм æмбæхст адæмы, хуыздæрæй æрымысыдаид. Адоны фæстæ уыд уый, æмæ адæм, сæ æхсæн зæрæдтæ дæр, ног цард райдыдтой.

«Зын у дыггаг цард аразын, мыййаг, æмбарыс. Тынг зын у. Æмæ ацы уæлдафыл чи сахуыр æсты, уыдон дæр мысынц. Енырдæр мæ мадыхойы чызг, Земфирæ, бирæ азты рынчындзинады ис, йæ хъæбул ын амардтой, фæлæ йæ хъæбулы мардыл афтæ додой нæ кæны æвæццæгæн, куыд ацы бынат ныууадзын йæ зæрдæйæн æстыр рыст æрхаста, ахæм цыдæр æз нæ зонын. Омæ, ам чидæртæ æссыдысты, къамтæ систой æмæ йæм куы арвыстон, уæд афтæ: - «ой, ма, дам, мæм æрвит, мæ зæрдæ бахъарм ис» омæ еныр рацыдыстæм уымæн æмæ ацы чызг фена… мæнмæ дæр куыд нæ цымыдис кастис, мæ хæдзар фенон, æссаудзыстæм æмæ йæ фендзыстæм, фæлæ амæ тынгдæр цымыдис каст æмæ йæ фæндыд ардæм рацæуын.»

Боны кæрон Мады Майрæмы аргъуаны бын фынг æрæвæрдтой.

Азтæ цæуынц… ардыгон ирæтты хъынцъым нæ лæууы. Хъуыды кæнынц, зæгъгæ, ацы цаутæн аккаг аргъ нæ радтой. Бæрæбонты-иу сæ райгуырæн хъæуты Дзæуджыхæуæй æрцæугæ бирæ адæймаг фены.

Гудзаргом сындæггай-сындæггай уæддæр ивы йæ хуыз. Хохы фæхстыл нырид арæх фендзыстут æстурты; ног æмæ ног агъуыстыты – фермæты; Фыййауттæ сты куыд бынæттон(Бордзомы муниципалитетæй), афтæ етникон азербайдзанæттæ дæр.

Коммæ бацæуæн фæндаг та тынг хæлд у. Къæвдабонты æнæбацæуæн дæр дзы вæййы.


Print