Ног хабæрттæ
Мери – Суканаантубаны хъæу /Видео/
Дзамайы цæугæдоны къуындæг хидыл сабыргай ахызтыстæм хæдтулгæйæ æмæ хъæуы сæйраг фæндагыл араст æстæм. Ахæм сæйраг фæндаг, йæ уæвармæ гæсгæ, гæнæн ис нæ дæр банымайат фæндагæй æндæр хъæуы. Нæ алыфарс адæймаджы хуызæй никуы ницы зындис…

Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон у æмæ чи уазæг. Дзамайы ком ацы бонты дзаг вæййы æскъоладзауттæй, студенттæй, балццæттæй, Батъеты цадмæ цæуæг адæймæгтæй; æмæ ай тыххæй Суканатубанмæ балцæн ахæм рæстæг равзарстам, кæд хъæуы æрмæст уыдон æсты, чи дзы зымæгмæ сæхи цæттæ кæнынц.

Иу зæронд, æрдæгæй хæлд хæдзары фæстейæ, ноджы иу зæронд хæдзары кæрты сылгоймаджы ауыдтам, йæхицæн суг куы æмбырд кодта. Фæззæджы астæуы бæлæстæй сыфтæртæ куы згъæлынц, кæрты кусæг сылгоймаджы æнцонæй ауыдтам.

«Æрбахизут ма»

«Зымæджы ам хъуамæ баззайат, куыд æмбарæм, афтæмæй нæ? – зæгъгæ, загътам мах

«Ой, мæ кæрт хæццæ куы у… куы йæ зыдтаин кæд цыдыстут, уæд…»

Нæ фысым Турманты Мери(Заирæ) у. уый хъæумæ афæдзы размæ æрæздæхтис. 10 азы еммиграцийы уыд. Куы æрæздæхт йæ хæдзар ыл афтидæй сæмбæлдис, адавтой алыцыдæр:

«Нæ йæ базыдтон чи фынæй кодта ацы хæдзары… пец-иу чи æссыгъдта, сигареттæ-иу чи бандзæрста. Алыцыдæр ногæй сарæзтон» - дзуры нын Мери æмæ нæ дыггаг уæладзыгмæ хоны.

«Уæртæ ма кæртмæ акæсут, куыд хæццæ-мæццæ у. æстуртæ цæуынц. Кæртæн æмбонд кæй нæй, æстуртæ дæр-иу сæрибарæй æрбахизынц. Ацы хабарыл тынг тыхсын. Куыддæртæй мæ фæнды æмбонд саразон æмæ мæ кæрт æсрæсугъд кæнон» - дзуры Мери.

Асиныл сабыргай æссыдыстæм. Йæ цæджындзтæ фыр зæрондæй æргуыбыр æсты. Дзатмайы æстыр айдæн у ауыгъд. Ахæм рæтты хæдзæртты дзатматы ныл арæх сæмбæлдысты айдæнтæ. Рæсугъд æрдзы хъæбысы нæхи сæртæ дæр бирæ хæтты ауыдтам айдæнæй…

«Зымæджы куы æрцыддæн, иу цъиу мыл сæмбæлдис ам. Ацы фынгыл-иу æрбады æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы уидзинаг ын кæд ныккалдзынæн. Стæй йæ æмбалы дæр æркодта. Сæрды нал, фæлæ йеныр куы æсуазал ис, ноджы та-иу мæм æрбатæхы» - загъта нын Мери æмæ нæ уатты бакодта. Йæ уаты пецæй хъарм кæны.

Мери нæ æрфысым кæныныл балæууыд. Дзатмайыл та йæ фыдыфсымæры чызг, 80 аздзыд сылгоймаг разындис.



«Чызгай!» - фæхъæр кодтой кæрæдзийæн.

Мери æмæ йæ фыдыфсымæры чызг нæ хъæуы базонгæ кодтой. Загътой нын цы мыггæгтæ цардысты æмæ цæрынц, уый.

Куыд базыдтам, афтæмæй, ам 1990-æм азты агъоммæ 93 хæдзар цардис. Ныр та 25 хæдзары, сæ фылдæр та нæуæг цæрджытæ сты.

Нæ фысымæй уый дæр базыдтам ацы хъæуы «Суканатубани» цæмæн хуыйны:

«Комунистты рæстæджы ацы хъæуы тынг бирæ тыллæг истой. Иу хатт уыйас бирæ цæхæра æркодтой æмæ йын йæ байуарыны амал нæ ардтой. Мæнæуы куы байуарстой, уæттæ дзы байдзаг æсты. Ацы комы хъæутæй иуыл бирæ дæр тыллæг ам задис æмæ уымæн æсхуыдтой «Мсуканаантубани» (омæ, бонджынты хъæу, кæнæ нæрдты хъæу) – дзуры Мери.

«Хæццæ рæстæг куы уыдис, йеуæд ацыдысты фæсивæд. Йены-иу æрцæуынц сæ хъæбулты хъæбултæ. Ацы сæрды дæр уыдысты, хæдзæрттæ хъуамæ ауæй кодтайккой, фæлæ æз сæ фендæрхъуыды кодтон» - сæрæстыр кæны нæ фысым.

Сæрæй иунæгæй цæрын ын зын уыдис. Радзырдта куыд бахауд еммиграцийы.

«Æз ахæм зын царды фæндагыл цыддæн» - фæохх кодта Мери. Ахæм разныхасы фæстæ базыдтам цы зын истори уыдаид, уый.

«Ам райгуырддæн. 4 азмæ ам цардыстæм. Æстæй нæ фыд Тбилисы райдыдта кусын. Æскъолайы каст дæр уым фæдæн. Фæдæн æцæгæлон æвзæгты факультеты каст дæр. Иуыл кусгæ кодтон»- хъуыды кæны Мери.

Æстæй 1990-æм азты бæстæ дæр сæзмæст ис. Райдыдта гуырдзы æмæ иры æхсæн конфликт. Ирон цæрджытæ та лидзын байдыдтой.

«Мæ хæдзары уæнгтæ дæр ацыдысты. Мæ иу æфсымæр раджы ацæугæ уыд. Ацыдысты æндæртæ дæр. Махæн Тбилисы уыд фатер. Уым царддæн. Иу рæстæджы нотарийæ дæр куыстон. Иуахæмы мæм æрхастой гæххæттæ фатерты сæформ кæныны тыххæй. Бакастæн сæм æмæ цы федтон, ирон лæппуйы хæдзар хъуамæ сæформ кодтаин æндæрыл. Нæйы йын загътон, зæгъын, хæдзары хицау æрцæуæд. Ай тыххæй мæ тынг фæнадтой. Тбилисы фурды территорийыл мæ ныппæрстой» - хъуыды кæны Мери.

XX
Ай фæстæ Дзæуджыхъæуæй ын йæ æфсымæртæ лæгъстæ кодтой Тбилисы хæдзары куы ныууагътаид, фæлæ йæ нæ ныууагъта:

«Мæ æфсымæр мын лæгъстæ кодта, ауæй кæн, дам, сахары хæдзар, фæлæ хъæуы хæдзар, дам, ма ауæй кæн, искуы, дам, хъуамæ æрæздæхæм, мыййаг»

Мери нæ дæр хъæуы хæдзар ауæй кодта æмæ нæ дæр сахары. Куыст дæр бахъахъхъæдта, фæлæ йæ мулкмæ чи кастысты, уæддæр нæ лæууыдысты иу рæн:

«Иу æхсæв та мæ астыгъдтой, тынг мæ надтой. Алыцыдæр адавтой. Итуйы дæр агуырдтой, фæлæ æз сын афтæ – ахæссут алцыппæт, æрмæст мын ма ныиту кæнут.» - загъта нын Мери.

Мерийы стигъыны факт ахæм æбуалгъ уыд æмæ, Мери куыд дзуры, уымæ гæсгæ, йæхæдæг мидхъуыддæгты министр, Роман Гвенцадзе райдыдта фæдагурын. Æрцахстой абырджыты.

1998 азмæ куыста, фæлæ стæй реорганизаци райдыдта æмæ æмæ 48 аздзыд агуыстæй баззадис:

«Уыцы бон, куыстæй мæ куы æрсæрибар кодтой, Касуеты аргъуаны цур, кæрты æрбаддæн æмæ куыдтон. Фæндаджы æхца дæр мын нæ уыди хъæумæ куы ацыдтаин»

Мери Гуырдзыстоны ноджы 2 аз баззадис. 2000-æм азы 9 хуымгæнæны мæйы та еммиграцийы ацыдис. Анкарайы хæдзары фæкæсæгæй райдыдта кусын.

«Дæс аз еммиграцийы арвыстон. Гуырдзыстоны-иу куы мысыддæн, кæуын-иу байдыдтон æмæ дзырдтон, зæгъгæ, мæ ингæны дурыл амæлæты датæйæ 2000 аз хъуамæ ныффыссон. Æз, зæгъын, йеуæд амарддæн, Гуырдзыстон куы ныууагътон.»

Анкарайы ачъайраг уæздæнты, Химшиашвилиты хæдзары куыста. Химшиашвилитæ Батум 1921-æм азы ныууагътой. Мери æстыр æлдары хъæбул, нырид карджын æхсинмæ кастис æмæ йæ æмбал дæр æссис. «Уымæн бафæразтон уым, ахæм бинонтæ уыдысты æмæ мын алыхаттдæр афтæ загътой, дæхи, дам, куыд дæ хæдзары, афтæ æнкъар.»

2021 азы кæроны, Мерийы æмбал фæзиан Анкарайы. Рæстæг æрцыд æмæ Мери йæ райгуырæнбæстæмæ хъуамæ æрæздæхтаид. Суканатубаны хъæумæ зымæджы æрæздæхт.

Мери тынг уарзы чингуытæм æмæ газеттæм кæсын. Кæд исчи Карелы æмæ æндæр горæтты рдæм арæх фæцæуы, алкæйдæр куры, фæнды зæронд газеттæ йæм уæддæр æрхæссой.

«Тынг зын мын уыдис сæрæй, депресси мыл бахæцыд. Адæм нæй, сывæллон нæй… хъæлæба нæй. Мит дæр æруарыд æмæ æддæмæ дæр нал хызтдæн. Баддæн рудзынджы цур æмæ кастæн митæй æмбæрзт рæттæм æмæ хæхтæм.»

Хъæуæй куы рацыдыстæм нырид изæр уыд. Йæ хъæумæ нæноджы фæхуыдта æмæ курæг уыд, цæмæй ноджы йæм бацыдтайккам, фæнды уæд, митæй æсурс куы уыдаид йæ хъæу. Уырны йæ, суинаг сæрды ноджы байдзаг уыдзæнис хъæу фæсивæдæй. Алы кæрты дæр арæзт æрцæудзæн дон, акæндзысты газ дæр, цæмæй фæсивæд бирæ рæстæджы баззайой хъæуы, нырид гæнæн ис зымæджы дæр.


Print