Ног хабæрттæ
«Цъус байрæджы кодтой» - спортивон цард Тъирдзнисы хъæуы
Гуры районы Тъирдзинсы хъæуы цæрæг æвзонг фæсивæдæн, къахпортийы спортфæзы æдде рухсгæнæн нæй, цæй тыххæй дæр сын изæры сахатты спортивон активтæй хи ирхæфсын не ‘нтысы. Тъирдзнисаг æвзонг фæсивæды йеддæмæ-ма, ацы спортфæзæй пайда кæнынц сыхаг хъæуы цæрæг сабитæ дæр, кæцытæ æрвыл изæр, Тъирдзнисы къахпортийы стадионыл æрымбырд вæййынц.

Бучукури Давит профессионалон къахпортийы хъазæг (футболист) у. Куыд Давит йæхæдæг дзуры, афтæмæй йе ‘мгæрттимæ иумæ, къахпортийæ хъазт уымæн æппæтæй æхцондæр процесс у.

«Ацы хъæу Цхинвалмæ ‘ввахс у 5 км-ы дæрддзæгыл ис. Мах фылдæр изæры сахатты æрымбырд вæййæм, къахпортийæ хъазынæн. Афтæ-ма нæхи ирхæфсæм баскетболæй æмæ æндæр æмæ æндæр активтæй дæр. Ныр æртæ къуырийы уыдзæн, стадионыл рухс куы фехæлд. Æнæмæнг æй хъæуы саразын, уый тыххæй æмæ æрыгæттæ стæм. Фæнды нæ, рухс нын уа. Уыцы энерги, кæцы нæ уæнгты змæлы, бахардз кæнæм ам. Курæг стæм хицауадæй, хъæуы хицауæй, кæмæдæриддæр хауы, цæмæй нын саразой рухс. Баххуыс нын кæной, цæмæй æвзонг фæсивæдæн уа фылдæр фадат райрæзынæн. Нæ алыварс хъæутæй: Тхъвиауæй, Шиндисæй, Пхвенисæй æмæ æндæр хъæутæй махмæ цæуынц æмæ иумæ фæхъазæм», - зæгъы Бучукури Давит, кæцы йæ уарзон профессийы Гуры «Дилайы» ахуыр кæны.

Хъæуы стадион зымæджы арæзт æрцыд, æниу æбæрæг аххосагмæ гæсгæ рухс фехæлд. Сабитæн ныфс бавæрдтой, цæмæй проблемæ бæстонгонд кæй æрцыдаид, фæлæ куыд æвзонг фæсивæд дзуры, афтæмæй дзырдлæвæрд барæджы кодта æмæ рухс нырма дæр нæ сарæзтой.

Чуткъерашвили Зураб дæр тирдзнисаг æрыгон фæсивæдæй у æмæ уый дæр Давиты æнгæсау, клуб «Дилайы» тренировкæтæм цæуы. Зураб зæгъы, цæмæй клубы тренировкæты йеддæмæ, уыдонæн нысаниуæгджын у индивидуалон фæлтæрындзинад дæр, цæй тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у хæрзарæзт мини-стадион.

«Къахпортийæ чысылæй фæстæмæ хъазын. Алыхатт дæр мæ фæндыди, ацы спорты ‘рдæм мын уыдаид фылдæр уарзондзинад, æмæ уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон къахпортийы профессионалон æмвæзадыл сахуыр кодтаин. Иттæг хорз у, æмæ нын стадион кæй ис, фæлæ-ма нæ ноджы хъæуы цыдæртæ. Фыццаджыдæр рухсгæнæнтæ, портитæ æмæ цыдæриддæр къахпортийæ хъазынæн у хъæугæ. Æвзонг фæсивæдæй цалдæр волейболмæ дæр цæуы, æмæ уый тыххæй хорз уыдаид æмæ нын волейболы хыз дæр куы саразиккой», - зæгъы Чуткъерашвили Зураб.

Æнæрбæстонгонд стадионы йеддæмæ-ма, тъирдзнисаг æвзонг фæсивæдæн транспорты график дæр проблемæ у. Уый тыххæй, цæмæй Зураб Гурмæ тренировкæтæм рæстæгыл ныццæуа, уый тыххæй скъолæйæ уроктæй раздæр хъуамæ рацæуа.

«Транспорты тыххæй, цъус раздæр рацæуын скъолæйæ. Тренировкæты фæуды фæстæ хъæумæ фæстæмæ раздæхын. Гурæй хъæуы онг мæ фæндагыл бахъæуы æрдæг сахаты. Хъæумæ куы ‘рцæуын уæд стæй та стадионмæ ацæуын, цæмæй къахпортийæ хъазын адарддæр кæнон, уый тыххæй æмæ æнæмæнгхъæугæ у индивидуалон фæлтæрындзинад дæр. Фæлæ мын ныр уый нал æнтысы, уый тыххæй æмæ, æдде рухсгæнæн нæй æмæ талынджы хъазыны фадат нæй», - маст кæны Чуткъерашвили Зураб.

Давиты æмæ Зурабы йеддæмæ хъæуы стадионыл хистæр фæлтæры æвзонг фæсивæд дæр æрæмбырд вæййынц сæрибар рæстæджы æмæ спортивон хъæзтытæй сæхи ирхæфсынц, кæцы спорты популяризацийæн æмæ æнæниз фæлтæры хъомыладæн, иттæг ахсджиаг у. Банысанкæнинаг у, æмæ нæ сайтыл, тъирдзнисаг æвзонг фæсивæды проблемæ мыхыргонд æрцыд æмæ бынæттон хицауад стадионы рухсытæ сцалцæг кодта.

Print