Нæ зонын ахæм хъæуы цæмæ хъуамæ бабæлла адæймаг. Уый ахæм бæллицц
сæнттау уыдзæнис, 73 аздзыд кары æз ахæм карз зымæг нæ хъуыды
кæнын, цæмæй навесы ныппырх кодтаид, уый мæ нæ уырныдта.
Рæстæгыл нæ бафснайдтон тыллæг фæззæджы æмæ йæ куы æрбахастон, уæд
æй уым æрæвæрдтон.
Нæ йæ бацагътон, нæ йæ ссыгъдæг кодтон æмæ ныххуылыдз æмæ фехæлдис,
баззадтæн бынтондæр æнæ хъæдурæй, тауинаг дæр æлхæнгæ бакодтон.
Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ «æртахгай» нæдæр фылдæр кæны, нæдæр
къаддæр кæны æмæ иу зымæджы æрлæууыд.
Уæртæ дзы иу, уæртæ уым ис, иннæ та мæнæ уый у æмæ дыууæ дæр иугонд
сты бынæй «боцкъамæ» стæй моторæй иугонд у иннæ «боцкъамæ».
Мит уыдис мæнмæ гæсгæ уæртæ уыцы шланг, мæнæ уый сæрæй ноджы уæлдæр
уыд митыхъæпæн æмæ афтæ рацыд, ам бынтондæр ницыуал баззад, нæдæр
æй рахатыдтон æмæ куы схъарм, уæд æй федтон мыдыбындз удæгас нал
уыд, фæхуыдуг сты, фæцагъды сты иуылдæр.
Финансист дæн дæсныйадæй, Тбилисы цардтæн æмæ хъæуы зындзард у,
фæлæ мын æндæр цы гæнæн ис, мæ хæдзары куыд ныууагътаин.
Мæ фыдæлты хæдзар æмæ уæзæг куыд ныууагътаин. Мæ фыд хæсты инвалид
уыд. Дæсныйадæй педагог уыд.
Мæ мад тынг кусаг сылгоймаг уыд. Стыр организациты фæкуыстон, мæ
фæстаг куыстуат агро-индустрион комитет уыд.
Уырдыгæй ирæтты иуылдæр ссæрибар кодтой, рарвыстой сæ мæны йеддæмæ,
æдæппæт цалдæр 1500 кусæджы хсæн уыдыстæм æхсæз ирон.
Æмæ мæн мæ хайады кусджытæ нæ бауагътой куыстæй ссæрибар кæнын, мæ
ирондзинады тыххæй.
Нæ дам æй арвитдзыстæм куыстæй, директор дам афтæ загъта. Уый фæстæ
мын æй загътой, директор дам, афтæ загъта, уый фæлтау дам, мæхæдæг
ацæудзынæн куыстæй æмæ дам, Азайæн нæ зæгъдзынæн, цæмæй ирондзинады
тыххæй уый куыстæй ссæрибар кæнон æмæ баззадтæн. 92 азы майы
реорганизаци æрцыд агро-индустрион комитеты, уæдмæ уым куыстон.
Уый фæстæ цæрын байдыдтон Кълдуйы, æмæ ныр 30 азы рацыд. Æххæст
кæнын иу куыст 30 азы дæргъы, лæггад кæнын бæстæйæн, дæн æхсыры æмæ
фыдызгъæлы цæттæгæнæг æмæ æндæр ницы мæ бон у.