Ног хабæрттæ
ИНО-йы лигъдæтты уæлдæр комиссарады рабадтыл хайад райста мидхъуыддæгты министры хæдивæг
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг Джавахадзе Нино, Швецарийы официалон визиты фæлгæтты, баиугонд нациты организацийы лигъдæтты уæлдæр комиссары (UNHCR) æххæстгæнæг камитеты 69-æм сессийыл Гуырдзыстоны номæй ныхасы рацыд.

Министры хæдивæг æрныхас кодта Гуырдзыстоны лигъдæтты проблемæтыл æмæ йæ хъус аздæхта бæстæйы оккупацийы фарстмæ. Афтæ ма ноджы, ныхас кодта лигъдæтты глобалон кризисы алыг нæнынæн паддзахæдты æмгуысткæнынады нысаниуæгдзинады тыххæй æмæ ацы фарсæй Гуырдзыстоны рдыгæй авæргæ къахдзæфтæ.

Визиты фæлгæтты ма, Джавахадзе Нино фембæлд Швецарийы миграцийы куыстуаты минæваримæ. Фембæлды фæлгæтты æркастысты Швецарийы гуырдзиаг балæууæндоны агурджытимæ бастгонд тенденцитæ æмæ Евроцæдисмæ æнæвизæйæ цыды фæлгæтты сырæзгæ проблемæты аиуварс кæнынæн Гуырдзыстоны хициуады рдыгæй авæргæ къахдзæфтæ.

Print