96-аздзыд Гъарибашвили Гора, кæцы Ахалгоры районы ‘рдæм ахъуызыд, фæстæмæ раздæхтой
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Ахашены хъæуы (Квемо-дæллаг Чъалайы темы) цæрæг, 96-аздзыд Гъарибашвили Гора оккупацигонд Ахалгоры районæй фæстæмæ раздæхтой.

Ай фæдыл Qartli.ge-йæн Мерийы бæрнон кусæг Месропашвили Стъепане фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, карджын нæлгоймаджы ссæрибар кæнынæн йæ хъæбулы Ахмаджимæ ракодтой, цæмæй ын йæ фыды, æнæ ивар бафидгæ рауадзой. Сус знон изæры рапарахат кодта информаци уый фæдыл, æмæ Гъарибашвили кæй нæ уыдис ахст.

Гъарибашвили Гора хæдзарæй знон рахъуызыд æмæ оккупацигонд территорийы ‘рдæм ацыди. Бинонты уæнгтæ ацы этапыл йæ бауромын рæстæгыл нæ сарæхстысты, уымæн æмæ нæлгоймагæн оккупацигонд территорийыл ахизын бантыст.

Ныр дыккаг хатт у, 96-аздзыд Гъарибашвили Гора оккупацигонд территоримæ куы ахызти. Фыццаг хатт уый æрцахстой ивгъуыд азы.

Гъарибашвили Гора систематиконæй тырны, цæмæй йæ райгуырæн хъæу Болмæ бахæццæ уа. Болы хъæу Ахалгоры (оккупацигонд) районы ис.

Къаспы муниципалитеты Ахашены хъæуы (Квемо-дæллаг Чъалайы темы) нын куыд загътой, уымæ гæсгæ, Гъарибашвили Гора цалдæр хатты бафæлвæрдта йæ райгуырæн хъæу Болмæ ахъуызын.

«Знон хабар афтæ æрцыд, æмæ бинонты уæнгтæй айрох сæ хъус æрдарын зæрондмæ. Æдзух æй хъахъхъæнгæ фæкæнынц, цæмæй сын ма ахъуыза Ахалгоры ‘рдæм», - загъта нын Квемо (дæллаг) Чъалайы Къаспы мерийы бæрнон кусæг Месропашвили Стъепане. Дзуры, цæмæй зæронд лæгæн райгуырæн зæххы æмæ хъæуы носталги кæй ис: æдзухæй афтæ дзуры, уым, дам, хъуамæ амæлон, цыран, дам, мæ ныййарджытæ æмæ ме ‘фсымæр ныгæд сты. Фарон куы ахъуызыд, уæд æй уырыссæгтæ æрцахстой. Уым сын бавзæр ис æмæ йæм цасдæр рæстæджы дæргъы Ахалгоры йæ хæстæджытæ зылдысты. Стæй йæ рауагътой», - загъта нын хъæуы минæвар.

Ахашены хъæу Квемо (дæллаг) Чъалайы теммæ хауы. Уый арæн кæны Къаспы муниципалитеты Сакъоринтлойы хъæуимæ, фæлæ Ахалгорырдæм та – Монастеры хъæуимæ. Ахашены хъæуы раст уыцы адæм цæрынц, кæцыты коммунистты рæстæджы Ахалгоры районæй ам æрцæрын кодтой.

«Ахашены хъæу ис дихгæнæг хаххы цур. Хъæуыл ацы ном дæр уый тыххæй сæвæрдтой, æмæ дзы ног цæрджытæ кæй æрцард коммунистты периодæй. Æркодтой Ксаны комæй адæмы æмæ сæ æрцæрын кодтой Сакъоринтлойы. Фактивонæй, Сакъоринтлойæ æддæдæр сых у. Сыхы та, Ахашен схуыдтой», - зæгъы Мерийы бæрнон кусæг.

Ахашены хъæуы æдæппæт 15 хæдзары бинонтæ цæры.

Print