«Тых иудзинады» лидеры аххосджын кæнынц тыхмийы статьямæ гæсгæ
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Хурвалеты хъæуы цур (Бобнеуы хъæу) æрцæугæ цауы фактыл Кацарава Давиты аххосджын кæнынц. Ай фæдыл информацийы «Тых иудзинады» лидер парахат кæны.

Уый информацимæ гæсгæ, уымæн прокуратурæйæ фехъусын кодтой, кæй йæ аххосджын кæнынц уый тыххæй. Хъуыддаг хауы 5 мæйы размæ æрцæугæ фактмæ:

«Æвæццæгæн æй хъуыды кæнут, ацы азы 20-æм августы, Бобнеуы хъæумæ хицауады æрбарвитгæ Титускæтæ мæнмæ куыд æрбалæбурдтой, уый. Уæдæй фæстæмæ рацыд фондз мæйы. Знон мæм тилифоны фæдзырдтой Гуры полицæйæ æмæ мын бахæс кодтой «Фæдагурæн куысты архайды тыххæй» æмæ ма базоныны (рабæрæг кæныны) фæдыл. Кæй зæгъын æй хъæуы абон ныццыдтæн ацы процедурæйы тыххæй. Фæдагурæн куысты архайды фæуды фæстæ, куыддæр хъавыдтæн рацæуын, афтæ мын æнæнхъæлæджы фехъусын кодтой, цæмæй мæ хъуамæ фæаххосджын кæной 126/1.», - хъусын кæны Кацарава Давит.

Кацарава йæ аххосыл нæ сæтты. Пунктмæ (кодексмæ) хауы над æмæ æндæр æмæ æндæр хуызы тыхмидзинад, кæцы зианбаййафæджы физикон рыст расайдта, фæлæ йын нæ уыдис ацы кодексы 120-æм пункмæ хауæг фæстиуæг, - æфхæрд цæуы иварæй кæнæ æхсæнадæн пайдайон куысты æмгъуыдæй сæдæ дыууын сахатæй сæдæ стай сахаты онг, кæнæ та æхсæз мæйæ иу афæдзы онг хæдзарон ахстæй уæвын, кæнæ та сæрибардзинад байсын иу афæдзмæ, хæцæнгæрзтимæ архайыны барты арæнвæрдæй кæнæ æнæ уымæй.

«Мæнмæ 2019 азы 20-æм августы æрбалæбурдтой, æз та сæ мæхи хъахъхъæдтон», - зæгъы змæлд «Тых иудзинады» раздзог (лидер). Уый Бобнеуы хъæумæ (Ног Хурвалет) Ванишвили Датайæн медикаменттæ ласта, ацы рæстæджы уымæ балæбурдтой 5 æвзонг адæймаг æмæ йæ фыднад фæкодтой.

«Æрцыдтæн Бобнеуы хъæумæ, æрмæстдæр, цæмæй Дата-дадайæн хъуамæ хостæ бахастаин. Ардæм ме ‘рцыды аххосаг зыдта æрмæстдæр мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуат. Полицæйы экипаж мæ фæдыл æрбацыд Дата-дадамæ. Машинæ куыддæр баурæдтон афтæ мыл сæхи ныццавтой уым уæвæг 4-5 æвзонг лæппуйы, кæцытæ мыл хъæртæ кæнын байдыдтой: «Афардæг у ардыгæй, цæмæн змæнтыс ам ситуацийы, тагъддæр ардыгæй дæхи айс æмæ мын мæ мады ралгъыстой», уый фæстæ мæ ныццавтой, кæй зæгъын æй хъæуы æз дæр фæстæ нæ фæлæууыдтæн æмæ сын дзуапп раттон, хыл райдыдтам. Иу мæм дзы фæстæты æрбахъуызыд æмæ мæ афæлдæхта, стæй мыл атымбыл сты æмæ мæ чи къахæй цавта, чи та къухæй.

Цалдæр цæфы дзы мæ сæрыл дæр æрхауд, куыддæртæй мæхи расæрибар кодтон, къахыл слæууыдтæн æмæ сæ æз дæр цавтон. Уыдон уыдысты æрвыст Титускæтæ. Мæнæн зындгонд у, æмæ хицауад мæ ныхмæ тох кæй райдыдта.

Ацы адæймæгтæ уым æнæнхъæлæджы нæ уыдысты, уыдон хорз зыдтой кæд æмæ кæдæм æрбацæудзынæн», - зæгъы Кацарава 20-æм августы.

Print