Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Гаприндашвили Важа: «Хæринаг мын бынæттон ирон цæрджытæ æрвыстой»
Рацæуыны размæ сын стыр бузныг загътон æмæ сæ хатыр дæр ракуырдтон, мæн тыххæй кæй батыхстысты, уый тыххæй», - фехъусын кодта дохтыр Гаприндашвили Важа брифингыл.

Уый журналисттимæ ныхас кодта, уый фæдыл, куыд бахаудта дихгæнæнг хаххы иннæ фарсмæ: куыд æй æрцахстой, кæдæм æй акодтой, цы ахаст æм дардтой, цы информацийы иста ахæстоны бадыны рæстæджы æмæ фæстагмæ куыд фæци йæ ахæстдзинад.

«Стыр бузныг зæгъын алкæмæн дæр, цъус тыхсгæ дæр кæнын, уымæн æмæ ахæм æхсæнадон рацыдтыл ахуыр нæ дæн. Стыр бузныг зæгъын алкæмæн дæр, æххуысы тыххæй. Хаттæй-хатт иу мæ къухы бафтыд гуырдзиаг каналтæм бакасын, фæлæ уый дæр æрмæст фыццаг каналмæ, æрмæст уыцы уый ахста. Зыдтон æй, цæмæй мын æххуыс уыдаид, фæлæ уыййас æххуысмæ не ‘нхъæлмæ кастæн. Куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй бирæ хатт фылдæр уыди», - ацы ныхæстæй райдыдта дохтыр йæ рацыд брифингыл.

Фарстæйæн, куыд æй æрцахстой, Гаприндашвили Важа дзуапп ратта: «Мæ рынчыны мæ фæндыдис бабæрæг кæнын, хъыгагæн ын йæ мыггаг нæ зæгъдзынæн. Куы мæ æрцахстой, уæд сын уым загътон, цæмæй мæ аргъуаны фенын кæй фæндыд Монастеры хъæуы. Хъæугæронмæ æввахс мæ æрцахстой уырыссаг арæнгæстæ. Фыццаг бонæй мæ позици уыдис, цæмæй æз нæ фехæлдтон арæн. Æз бирæ бæстæты уыдтæн, зонын арæныл ахизын цы нысан кæны, уырыссаг арæнгæстæн дæр уый загътон, цæмæй æз кæй дæн Гуырдзыстоны оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы ‘рдыгæй», - фехъусын кодта дохтыр.

Уыцы фактмæ та цы хауы, уымæй, цæмæй, уырыссаг арæнгæсты ‘рдыгæй ахст дохтырæн дэ-факто республикæйы президент Бибылты Анатоли ныххатыр кодта, зæгъгæ, Гаприндашвили Важа зæгъы:

«Ныххатыр кæныны фæдыл курдиат æз знон изæры ныффыстон. Ныххатыры тыххæй куы уыдис ныхас, уæд сын æз загътон, зæгъын, ныххатыр кæнын уый нысан кæны, æмæ æз кæй сæттын мæ фыдракæндыл, фæлæ æз разы нæ дæн ууыл, загътон сын æз. Цæй æмæ дам, афтæ ныффыссæм, цæмæй басастдзинад нысангонд ма уæд. Иунæг-иу хицæндзинæд уый уыд, æмæ æз уыдтæн иу минæм ахæст, æмбæлдис мæм туристон балцы цыд», - загъта дохтыр.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фыццаг цыппар боны уый бадтис арæнгæсты «капезейы»:

«Уыдыстæм цыппарæй, карцеры (ныккæнды) æртæ боны арвыстон. Тæрхоны фæстæ мæ ракодтой тæрхондоны изолятормæ. Иубынатон ранмæ мæ бакодтой, æрмæст-иу мæ ракодтой тезгъо кæнынмæ. Сæ ахастдзинад уыди нормалон. Агресси нæ уыди мæнырдæм. Мемæ ма дыууæйæ уыдысты æмæ уыдон дæр тынг мæсты кодтой уырыссæгты архайдыл», - загъта Гаприндашвили Важа.

Уæрæсейы оккупацион тыхты ‘рдыгæй 9-æм ноябры ахст дохтыр, Гаприндашвили Важайы 28-æм декабры ссæрибар кодтой.

Хуссар Ирыстоны дэ-факто республикæйы бынæттон дзыллон информацийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, дохтырæн дэ-факто республикæйы президент, Бибылты Анатоли ныххатыр кодта.

«Гаприндашвили Важа сæрибар у. Ныртæккæ сæйраг у уый. Гаприндашвили Важайы абон райсомæй кæй хъуамæ ссæрибар кодтаиккой, уый æрмæстдæр зыдтам мах æмæ уымæн лæууыдтæн иунæгæй, райсомы 10 сахатыл уадзæн пункты цур. Комкоммæ йæ дзурын æмæ рæстдзинад зæгъын: нæдæр æй хицауад зыдта, цæмæй абон Гаприндашвили Важайы ссæрибар кæндзысты, æмæ йæ нæдæр йæ бинонтæ зыдтой. Зыдтам æй æрмæстдæр мах: æз æмæ Давит Тархан-Моурав», - фехъусын кодта 28-æм декабры Патриотты Альянсы лидер Инашвили Ирма.

Инашвили Ирмайы ныхасмæ гæсгæ, хицауад уæд сактивон, Ергнетмæ куы ныццыдис:

«Ергнеты полицæйы æмкусджытæн загътон, цæмæй мæ хионмæ æнхъæлмæ кæсын æмæ куыддæр машинæты федтаиккой, афтæ мын фехъусын кодтаиккой. Пункты цурмæ мæ бацыды фæстæ, сактивон сты хицауад æмæ йæ структурæтæ æмæ машинæ машинæйы фæдыл цыдис. Раст иуæндæс сахатæй дыууадæсæй дыууын минуты рацыды онг нæ каналтæй истон информаци, цæмæй Гаприндашвили Важа сæрибар у, зæгъгæ, æмæ æнхъæлмæ кастæн йемæ фембæлынмæ, æниу æдасдзинады куыстуат Важайы афтæ тагъд ракодта Ергнетæй æмæ мын салам зæгъын дæр нæ бантыст, уайтагъд æй уырдыгæй фæтары кодтой. Фæлæ уыйхыгъд, Гуры регионалон полицæйы йемæ фембæлдысты хицауады минæвæрттæ, «Европæйаг Гуырдзыстоны лидер Бакрадзе Давит, кæцы, æвæццæгæн, Гаприндашвилийы тыххæй бирæ «бакуыста» æмæ интервьютæ дæр бæркадджынæй уæрста», - банысан кодта Инашвили Ирма.

«Нæ зонын, чи цы фыссы, кæнæ цы нæ фыссы кæнæ рафысс-бафысс кæны, сæйраг у уый æмæ лæг ног азы йæ хæдзары сымбæлдзæн, æз зонын конкретонæй абоны бонæн, мах цы сарæзтам æмæ æвзæр у, æрмæст нымадмæ исын нæ фæлæ нысангонд дæр кæй нæ цæуы. Æмæ ноджы фылдæрдæр, Бакрадзе Давиты полицæмæ хонынц, цæмæй Важа
Гаприндашвилийыл фембæла æмæ йын йе ‘ссæрибары тыххæй раарфæ кæна, æмæ мæнæн та полицæйы дуар æхгæнынц, кæцыйы бар уыдонæн нæдæр ис. Ницы кæны, хуыцау уæлейæ ис. Арфæ кæнын алкæмæндæр ацы хорз боны фæдыл. Иннæ хабæртты тыххæй уын æндæр хатт радзурдзынæн. Æнæхъæн æхсæв нæ фынæй кодтон», - загъта Инашвили Ирма.

50-боны ахсты фæстæ, 28-æм декабры, Гаприндашвили Важайы премьер-министры Гахариа Гиоргийы уынаффæгæнæг Чиковани Иракли бабæрæг кодта.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг бонæй, куыддæр райдыдта Гаприндашвили Важайы æнæзакъонон ахæст, мах паддзахадон куыстуæттæ уыдыстæм иугонд, нæ алы æхсæнадæмон хæлæрттимæ, æхсæнадæмон институци уыдис ацы темæйы хайадисæг æмæ кæй зæгъын æй хъæуы уыдон æххуысæй æмæ уыцы координацион куысты, кæцы паддзахадон структурæты уыд, æмæ ацы фæстиуæг райстам. Ам мæ фæнды ноджы бахахх кæнон уый, цæмæй махæн уыдис тынг интенссивон коммуникаци бинонтимæ æмæ бинонтæ æдзухæй уыдысты информацигонд уыцы архæйдты фæдыл, кæцы мах арæзтам. Ацы фæстиуæг уыд алкæмæндæр æхсызгондзинад æмæ арфæйаг, цæмæй Важа ног аз арвитдзæн йæ бинонтимæ иумæ. Мах ‘рдыгæй ма ноджы иу хатт зæгъын уый, цæмæй ахæм мобилизацигонд æмæ координацион куыст куы цыд Гаприндашвили Важайы ссæрибар кæныны тыххæй, æмбæлдис ныл политикон тыхтæ æви политикон фигурæтæ, кæцытæ тырныдтой капитализацимæ æмæ зæгъæн ис паддзахад ницы арæзта уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы ахæм ахаст нæу раст, æнæраст позиционирад æмæ ноджы иу хатт сфæлхатт кæндзынæн, мах кæй сарæзтам максималон мобилизаци, куыд бынæттон ресурсы, афтæ æхсæнадæмон партниорты», - фехъусын кодта Чиковани Иракли.«Бынæттон ирон цæрджыты æрвитгæ хæринæгтæй хордтон. Æз ахæстоны хæринæгтæй нæ истон.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.