Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Психологы информацийæ сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты нæ фынæй кæнынц
Уый фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн радзырдта рæвдауæндоны психолог Лазарашвили Мадона.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ скъола агъоммæ уагдоны нæ фаг кæны гобæттæ æмæ а. х. хъæццултæ. Гобæттæн сæ фылдæр хайы та, сывæллæтты рæвдауæндонмæ ныййарджытæ æрбахастой.

Лазарашвили Мадона – Никозы сывæллæтты рæвдауæндоны психолог:

«Æнгæс ситуаци мæнмæ гæсгæ, æмæ никуы нæй. Æрмæстдæр махмæ ис, æмæ чысыл кары сабитæ нæ фынæй кæнынц æмæ уый тыххæй тынг фæллайынц. Куыд зонут афтæмæй, къуындæг у бæстыхайы æмæ, уымæ гæсгæ сывæллæттæн зын у ахæм уавæры уæвын. Хорз уаид, æмæ ацы проблемæ бæстонгонд куы æрцæуит. Нæ фынæй кæнынц, æмткæй зæгъгæйæ, нæ дæр хистæр æмæ нæдæр кæстæр къорды сабитæ. Уымæн æмæ, сын физиконæй нæй ахæм гæнæндзинад».

Миделашвили Нона – Гуры муниципалитеты рæвдауæндæтты иудзинады пресс-службæйы æмкусæг: «Ситуаци ахæм у, банысангонд проблемæ зонынц махуæттæ æмæ хæрзæввахс иу мæйы дæргъы уагъд æрцæудзæн тендер æмæ балхæндзыстæм ивæнтæ (хуыссæны комплект)».

Сывæллæтты рæвдауæндоны директор Къапъанадзе Лаура психологы ‘рдыгæй лæвæрд информациимæ нæ разы кæны.

Къапъанадзе Лаура – Никозы сывæллæтты рæвдауæндоны директор:
«Уый мæнг у, алцыппæт дæр нæм æххæстæй ис. Хистæр къорды сабитæ, æмткæй, нæ фынæй кæнынц, уымæн æмæ сæ нæ хъæуы фынæй. Фынæй кæнынц чысылтæ. Ацы сывæллæттæ æртæ хъæуæй цæуынц, Уæллаг Никозæй, Дæллаг Никозæй æмæ Уæллаг Хвитæй. Маршутка сæ кæны, æрмæст хацауады нæ, сывæллæтты ныййарджытæ йæ сæхæдæг баххуырстой æмæ цæуынц уыцы маршуткæйыл».

Директоры информацимæ гæсгæ, Никозы сывæллæтты рæвдауæндонмæ, сæйрагæй дæр, 4 æмæ 5 азы кары сабитæ цæуынц, кæцытæ ныридæгæн хистæр къордты сты.

Никозы сывæллæтты рæвдауæндон 2015 азы Гуры муниципалитеты æххуысæй æмæ организаци «Нео»-йы финансон æххуысæй байгом ис.

Рæвдауæндоны ис 70 сывæллоны бынат æмæ 3 хъæуæн (Уæллаг Никоз, Дæллаг Никоз, Хвит) лæггад кæны.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.