Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Банмæ фæндаг æрæхгæдта – иунæг-иу цæрæгæн хæдзары хуры батарейтæ смонтаж кæндзысты
Карелы муниципалитеты Баны хъæуы, иунæг-иу хæдзары, электроэнергийы райсынæн хуры батарейтæ смонтаж кæндзысты. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Тотраты Фаризет фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, ацы хъæуы уазæгуаты уыдысты æнæхицауадон организациты минæвæрттæ, кæцытæ цæрæн хæдзары уавæры сæхæдæг бабæрæг кодтой:
«Æз конкретонæй нæ зонын чи уыдысты, фæлæ уый хорз зонын æмæ семæ уыдис сакребулойы минæвар дæр. Уыдон мæ бафарстой, цалæй стæм хæдзары бинонтæ, ам цæрын æви нæ, ноджы ма цал хæдзары бинонтæ цæры æмæ а.д. кæд сараздзысты, нæ зонын», - зæгъы Тотраты Фаризет.

Баны хъæуы Тотраты Фаризеты йеддæмæ, æндæр ничи цæры. Бацæуæн фæндаг ныридæгæн æхгæд у. Ам, æрмæст, сугласæн машинæтæ фæцæуынц. Мерийы минæвар территорион темы, Элбакидзе Гиви зæгъы, цæмæй, фæндаг куы ссыгъдæг кæной, уæддæр, иу мæймæ фæстæмæ сæхгæндзæнис.

«Ацы фæндаджы фылдæр сугласæн машинæтæ халынц. Фæндаджы ссыгъдæг кæнын гæнæн ис, фæлæ иу мæймæ уæддæр фæстæмæ афтæ суыдзæн. Тотраты Фаризеты æз рагæй зонын. Исты йæ куы бахъæуы уæд-иу мæнмæ фæдзуры», - зæгъы Элбакидзе Гиви.

Тотраты Фаризет нын загъта, æмæ йын уыцы бон кæрдзын Имерхеуы хъæуæй иу æмбæстаг кæй схаста: «дыууæ боны мын кæрдзын нæ уыдис. Фæдзырдтон Имерхеуы хъæумæ иу лæгмæ æмæ мын уый схаста кæрдзын. 5 кæрдзыны мын æрбахæссынц Хашурæй æмæ мын иу къуыри фаг кæны. Кæд кæрдзынтæй баззайы уæд дзы сухартæ скæнын», - зæгъы Тотраты Фаризет.

«Уыцы бон мæ хæрд нæ хъуыдис. Ницы мæ зæрдæ агуырдта. Чысыл сабиау мæ кæсаг æрхъуыдис. Дæллаг хъæуы, Имерхеуы ис кæсагдон. Чысыл сабиау срæуæг дæн: кæсаг мæ хъæуы, кæсаг мæ хъæуы, зæгъын. Сауджын дæр æй фехъуыста ацы хабары æмæ кæсагдон кæмæн ис уыцы лæг дæр. Æмæ мын рарвыстой кæсаг», - зæгъы Тотраты Фаризет.

Тотраты Фаризеты хæстæджытæ Тбилисы æмæ Рустауы цæрынц. Йе фсымæры хъæбул сæйраг горæты цæры, йæхимæ йæ кæны цæрынмæ, фæлæ йын нæ разы кæны, нæ йæ фæнды йæ райгуырæн хæдзар ныууадзын. Уый фæдыл репортаж Шида Картлийы информацион центр æртæ мæйы размæ дæр бацæттæ кодта.
Кæс ацы темæйыл.

Тотраты Фаризет – иунæг-иу цæрæг Баны хъæуы 1000 ларийæ иваргонд æрцыд.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.