Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Лигъдон историк: «Бацамонæм фæлтæрæн гуырдзиæгты æмæ ирæтты иумæйаг историйы»
хинвалæй лигъдон историк, Отинашвили Никъо зæгъы, цæмæй фидæны фæлтæрæн æнæ сахуыргæнгæйæ кæй зайы уыцы историон факттæ, кæцытæ гуырдзиæгтæн дæр æмæ ирæттæн дæр сты иумæйаг. Ай тыххæй уый цæвиттонæн хæссы Дзауы районы уæвæг культурон цыртыты æмæ уыдоны тыххæй уæвæг информацийы.

Фæстаг периоды, рапарахат ис цалдæр видео, цыран Дзауы районы культурон цыртытæ æвдыст цæуынц. Зæгъæм, Qartli.ge фыста Дзауы районы Сохты хъæуы аргъуаныл нусхураг дамгъæтæй фысты тыххæй. Цхинвайлаг блогер йæ лæмбынæгæй æркастис аргъуаны дуртæй сæ иуы фыстытæм, фæлæ фысты нæ рахатыдта.

Отинашвили Никъо зæгъы, цæмæй ахæм фыстытæ тынг бирæ ис Леуахигомы. Уый хъуыдымæ гæсгæ, бирæтæн æнæзонгæ сты уыцы таурæгътæ дæр, кæцытæ Дзауы районы цæрæг этникон ирæттæ сæхæдæг бавæрдтой:

«Зæгъæм, хæзцъусæй гæнæн ис æмæ зоной Къударойы хохы æмæ йæ номхуынды фæдыл.
Къударо, дам, Тамар-паддзахы бæхы ном уыдис æмæ дам, уым амардис. Афтæ ма, зынгонд ис Асматы дон – сылгоймæгты ‘хсæн, дам, равзæрст дон асматау. Ницыуал дзурын Кæсагджыны хъæуы æрдынагъуыст аргъуаны тыххæй. Уым тынг рагон фыстытæ ис, кæцыйы дуртæ уый фæстæ скъолæйы бæстыхайы аразыны рæстæджы пайдагонд æрцыд. Æз æй мæхи цæстæй федон уыцы дуры. Ацы культурон цыртытæ æвдисынц Гуырдзыстоны биугонд паддзахады сæрмагонддзинады, сæрмагонддзинады куыд гуырдзиæгты, афтæ ирæтты», - зæгъы Отинашвили Никъо.

Кæсагджыны хъæуы æрдынагъуыст аргъуаны тыххæй видео социалон хызыл цхинвайлаг блогер Карсанты Гурам рапарахат кодта. Уый уырыссаг туристтимæ иумæ уыцы хъæуы уыдис æмæ бабæрæг кодта ацы аргъуаны дæр. Цхинвайлаг блогер йæ кæсджытæн æмбарын кæны, цæмæй уым æввахс кæй ис Къударойы хох, афтæ ма, номхуынд Замтарет дæр.

Иуæй-иу æппæты фыццаг бæрæггæнæнты Кæсагджыны хъæуы тыххæй историк Мегрелидзе Йосеб æрымбырд кодта. Чиныг «Рагондзинæдтæ Леуахигомы» уый нырма ноджы 1980 азты мыхуыры рауагъта. Историк йæ зæрдыл æрлæууын кодта 1954-æм азы бынæттон цæрæг, 80-аздзыд Гæджиты Сачиноимæ фыст интервьюйы.

«Гæджиты Сачино нын радзырдта, цæмæй йæ дада ардæм æрцыд Стирмагисы хъæуæй (хъæу Стыр мæсыг, Кобарет), кæцы хъæды астæу федта иу аргъуан æмæ уым æрцардтис.

«Ацыранæй 1922 азы пырхæнты аххæсынмæ хъавыдысты Кировы хъæумæ, фæлæ сæ кæсагджыны хъæуккæгтæ нæ ауагътам. 7 дæсны кусæг-амайæг æрхуыдтам Рачъайæ æмæ сын скъола саразын кодтам», - радзырдта Гæджиты Сачино Мегрелидзе Йосебæн. Мегрелидзе Йосеб Цхинвалы педагогон институты куыста æмæ экспедицитæ Дзауы районы цæрæг студенттимæ иумæ уагъта .

Мегрелидзе Йосебы ныхасмæ гæсгæ, кæсагджын нысан кæны «Къалмахиджын» - (форел- сырх, дзыгъуыр кæсаг).

Фотойыл: цхинвайлаг блогер Кæсагджыны хъæуы æрдынагъуыст аргъуаны пырхæнты цур.

Topic: კატეგორია
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.